ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ
«Кӕдмӕ цӕудзыстут къуылых уӕ дыууӕ къахӕй?»
Илийа израилӕгтӕн загъта, цӕмӕй равзӕрстаиккой, кӕмӕн кувдзысты, уый (1Пд 18:21; w17.03 14 ф., 6 абз.).
Ваал уыд ӕнӕуд хуыцау (1Пд 18:25–29; ia 88 ф., 15 абз.).
Йегъовӕ диссаджы хуызы равдыста, ӕцӕг Хуыцау кӕй у (1Пд 18:36–38; ia 90 ф., 18 абз.).
Илийа адӕмӕн загъта, цӕмӕй сӕ уырнындзинад хъуыддагӕй равдыстаиккой, ӕмӕ, Йегъовӕйы закъон куыд домдта, афтӕ бакодтаиккой (Д.з 13:5–10; 1Пд 18:40). Абон мах дӕр Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕм куы хъусӕм, уӕд равдисдзыстӕм, иузӕрдион ыл кӕй стӕм ӕмӕ нӕм уырнындзинад кӕй ис.