НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Чиныг «Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!» – диссаджы кусӕнгарз
Дӕ зӕрдӕмӕ цӕуы, чиныджы «Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!» видеороликтӕ ӕмӕ адӕймаджы хъуыды базонынӕн фарстатӕ кӕй ис, уый? Ӕмӕ дзы ахӕм рубрикӕтӕ кӕй ис, зӕгъӕм, «Иуӕй-иутӕ фӕзӕгъынц», «Дӕ нысан» ӕмӕ «Фылдӕр ӕрмӕг», уый та? Ацы чиныг ма дын ноджыдӕр куыд баххуыс кӕндзӕн ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынӕн? (Мф 28:19, 20).
Ӕрмӕг. Кӕд Библийы ахуыр уадзгӕйӕ мыхуыргонд чиныгӕй фӕпайда кӕныс, уӕд видеороликтӕ ӕмӕ иннӕ ӕрмӕг дӕ бон у ссарын ацы чиныгӕн йӕ электронон форматы. Цыппар хайӕ иу равзар ӕмӕ урокты номхыгъды фӕстӕ та равзар «Ӕрмӕг». (Кӕс 1-аг нывмӕ.)
«Изображение». Кӕд Библийы ахуыр уадзгӕйӕ чиныг приложенийы JW Library байгом кӕныс, уӕд дӕ, гӕнӕн ис, бафӕнда спайда кӕнын, «Изображение» чи хуыйны, уыцы функцийӕ. Дӕ бон у уӕлейӕ рахизырдыгӕй ӕртӕ стъӕлфыл ныххӕцын ӕмӕ равзарын «Изображение». Афтӕмӕй дын ӕнцондӕр уыдзӕн фенын, урочы цы ӕрмӕг ис, уый темӕимӕ куыд баст у. Цӕмӕй урок фӕстӕмӕ куыд уыди, афтӕ скӕнай, уый тыххӕй та ногӕй ныххӕц ӕртӕ стъӕлфыл ӕмӕ равзар «Текст».
«Цӕттӕ дӕн?». Цыппӕрӕм хайы кӕрон ис дыууӕ рамкӕйы. Уым фыст ис, адӕймаг цы хъуамӕ араза, цӕмӕй ӕмбырдимӕ хъусын кӕнын райдайа ӕмӕ донаргъуыд райса. (Кӕс 2-аг нывмӕ.)
«Уӕлӕмхасӕн». Ацы ран ахсджиаг фарстатӕ бӕстондӕр ӕвзӕрст цӕуынц. Чиныджы электронон форматы уӕлӕмхасӕны алы темӕйы кӕроны дӕр ис ссылкӕ, цӕмӕй, кӕм ӕрлӕууыдтӕ, уырдӕм раздӕхай. (Кӕс 2-аг нывмӕ.)
Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уый чиныг кӕронмӕ куы нӕ фӕуа, афтӕмӕй донаргъуыд куы райса, уӕддӕр йемӕ хъӕудзӕн дарддӕр дӕр ахуыр кӕнын ӕмӕ чиныг кӕронмӕ фӕуын. Дӕ бон у дарддӕр дӕр уацамынды хыгъды фыссын рӕстӕг, дыккаг бацыдтӕ ӕмӕ Библийы ахуыртӕ. Хъусынгӕнджытӕй искӕй Библийы ахуырмӕ куы фӕхонай ӕмӕ уый дӕр хайад куы иса, уӕд уымӕн дӕр йӕ бон у уыцы рӕстӕг ныффыссын.