ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ
«Йегъовӕ дын уымӕй бирӕ фылдӕр ратдзӕн»
Амаси баххуырста хӕстонты, цӕмӕй Хуыцауы знӕгтимӕ тох кодтаид (2Аз 25:5, 6).
Хуыцауы адӕймаг Амасийӕн загъта, цӕмӕй хӕстонты сӕ хӕдзӕрттӕм арвыстаид (2Аз 25:7, 8; it-U «Иоас», № 8, 3 абз.).
Йегъовӕйӕн йӕ бон уыд Амасийӕн раттын, уый ӕфсӕддонтӕн цас бафыста, уымӕй бирӕ фылдӕр (2Аз 25:9, 10).
АХЪУЫДЫ КӔН: «Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕныны тыххӕй мӕ бон цӕмӕй у мӕхи фӕцух кӕнын? Ӕмӕ афтӕ куы бакӕнон, уӕд цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзынӕн?» (Мл 3:10; w21.08 30 ф., 16 абз.).