ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ
Ӕгоммӕгӕсдзинад ӕркӕны бирӕ мӕстытӕм
Иуӕй-иу израилӕгтӕ устытӕ ракуырдтой, мӕнгхуыцӕуттӕн чи куывта, уыцы адӕмтӕй (Езд 9:1, 2; w06 1/1 12 ф., 1 абз.).
Йегъовӕйы бӕлвырд фӕдзӕхстытӕм нӕ байхъуыстой (Езд 9:10–12).
Се ’гоммӕгӕсдзинады тыххӕй сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ бинонтӕ дӕр бирӕ мӕстытӕ бавзӕрстой (Езд 10:10, 11, 44).
Йегъовӕйы алы фӕдзӕхст дӕр у нӕ пайдайӕн (w09-U 1/10 10 ф., 6 абз.). Йӕ коммӕ куы кӕсӕм, уӕд нӕхи бирӕ мӕстытӕй бахиздзыстӕм ӕмӕ фидӕны та ӕнустӕм арфӕдзинӕдтӕй хайджын уыдзыстӕм.
АХЪУЫДЫ КӔН: «Йегъовӕйы коммӕ кӕй фӕкӕсын, уый фӕрцы цавӕр мӕстытӕй дӕн хызт?»