ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ
Йегъовӕйы кӕй уарзыс, уый дарддӕр дӕр дӕ цардӕй бӕрӕг уӕд
[Равдис видеоролик «Разныхас Иовы чиныгмӕ».]
Хӕйрӕг Иовӕй мӕнг ныхӕстӕ фӕкодта, зӕгъгӕ, дам, Хуыцауы нӕ уарзы, фӕлӕ йын цӕйдӕр ӕнхъӕлӕй лӕггад кӕны (Иов 1:8–11; w18.02 6 ф., 16, 17 абз.).
Хӕйрӕг махӕй дӕр дзуры, Йегъовӕйы ӕцӕгӕй кӕй нӕ уарзӕм (Иов 2:4, 5; w19.02 5 ф., 10 абз.).
Йегъовӕ нӕ алкӕмӕн дӕр радта фадат, Хӕйрӕг сайгӕ кӕй кӕны, уый сбӕлвырд кӕнынӕн (Ӕм 27:11). Ӕвзӕр рӕстӕджыты дӕр ӕмӕ хорз рӕстӕджыты дӕр Йегъовӕ нӕ царды фыццаг бынаты куы уа, уӕд равдисдзыстӕм, бирӕ йӕ кӕй уарзӕм.