Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w20 февраль 8–13 фф.
  • Мах тынг уарзӕм Йегъовӕйы, нӕ уӕларвон Фыды

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Мах тынг уарзӕм Йегъовӕйы, нӕ уӕларвон Фыды
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2020
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • ЙЕГЪОВӔМӔ ӔВВАХС У
  • ХУЫЦАУЫ КОММӔ КӔС
  • ИННӔТӔН ӔХХУЫС КӔН НӔ ФЫДЫ БАУАРЗЫНӔН
  • ЙЕГЪОВӔЙЫ КУЫ УАРЗАЙ, УӔД УЫДЗЫНӔ АМОНДДЖЫН
  • Нӕ Фыд Йегъовӕ нӕ тынг уарзы
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2020
  • Дӕ чырыстон бинонтыл дӕхи бӕтт
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2021
  • Алкӕддӕр Йегъовӕйы хӕлар у!
    Нӕ бон цы у Библийӕ базонын?
  • Йегъовӕйы куы бауарзай, уӕд дӕ бафӕнддзӕн донаргъуыд райсын
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2020
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2020
w20 февраль 8–13 фф.

7 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Мах тынг уарзӕм Йегъовӕйы, нӕ уӕларвон Фыды

«Мах... уарзӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ фыццаг Хуыцау бауарзта» (1 ИОАН. 4:19).

3 ЗАРӔГ Нӕ ныфс, нӕ хъару, нӕ фидар мӕсыг

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫa

1, 2. Йегъовӕ нын цӕмӕн радта фадат, цӕмӕй йӕ бинонтӕм ӕрбаиу уӕм, ӕмӕ уый тыххӕй цы сарӕзта?

ЙЕГЪОВӔ нӕ йӕхимӕ ӕрбакодта ӕмӕ нын радта фадат, цӕмӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕ суӕм ӕмӕ йӕ бинонтӕм ӕрбаиу уӕм. Мах ӕрбаиу стӕм, йӕхи Хуыцауӕн чи снывонд кодта ӕмӕ Чырыстийы нывондыл чи ’ууӕнды, уыцы адӕммӕ. Мах абон дӕр амондджын стӕм. Стӕй нын ис ныфс, ӕнустӕм кӕй цӕрдзыстӕм – кӕнӕ уӕлӕрвты, кӕнӕ зӕххыл дзӕнӕты. Ӕмӕ ууыл дӕр тынг цин кӕнӕм.

2 Йегъовӕ нӕ тынг уарзы, ӕмӕ нын уымӕн радта фадат, цӕмӕй йӕ бинонтӕм ӕрбаиу уӕм. Фӕлӕ йӕ уый тыххӕй бахъуыд йӕ зынаргъ Фырты нывондӕн ӕрхӕссын (Иоан. 3:16). Мах «стыр аргъӕй ӕлхӕд» ӕрцыдыстӕм (1 Кор. 6:20). Чырыстийы нывонды фӕрцы нын Йегъовӕ фадат радта, цӕмӕй йӕм баввахс уӕм. Нӕ бон у Йегъовӕйы – Дун-дунейы ӕппӕты кадджындӕр чи у, уый – нӕ Фыд хонын, ӕмӕ уый стыр кад куыннӕ у. Ӕмӕ, айразмӕйы статьяйы куыд загъд уыд, афтӕмӕй уымӕй хуыздӕр Фыд нӕй.

3. Йегъовӕйы хорздзинӕдтыл хъуыдыгӕнгӕйӕ нӕм цавӕр фарстатӕ фӕзыны? (Ноджыдӕр кӕс рамкӕ «Цымӕ мӕ Йегъовӕ уыны?».)

3 Библийы фысджытӕй иу хъуыдытӕ кодта: «Йегъовӕйӕн йе ’ппӕт хорздзинӕдтӕ цӕмӕй бафиддзынӕн?» (Пс. 116:12). Ӕмӕ, чи зоны, махмӕ дӕр ахӕм фарста фӕзыны. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах нӕ уӕларвон Фыдӕн йӕ хорздзинӕдтӕ никуы бафиддзыстӕм. Фӕлӕ нӕ йӕхӕдӕг афтӕ тынг кӕй уарзы, уымӕ гӕсгӕ йӕ мах дӕр бауарзтам. Апостол Иоанн ныффыста: «Мах та уарзӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ фыццаг Хуыцау бауарзта» (1 Иоан. 4:19). Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй нӕ уӕларвон Фыд уына, ӕцӕгдӕр ӕй кӕй уарзӕм, уый?

Цымӕ мӕ Йегъовӕ уыны?

Сылгоймаг уынджы лӕууы, адӕм йӕ рӕзты фӕцӕуынц. Хӕрдмӕ кӕсы, цыма йӕхинымӕр хъуыды кӕны: «Цымӕ мӕ Хуыцау уыны?»

Искуы хъуыды кодтай, зӕгъгӕ, зӕххыл цалдӕр миллиард адӕймаджы цӕры, ӕмӕ утӕппӕт адӕмы ’хсӕн Йегъовӕ йӕ хъус мӕнмӕ кӕцӕй дардзӕн? Кӕд о, уӕд иунӕг нӕ дӕ. Паддзах Давид ныффыста: «О Йегъовӕ, цы у адӕймаг, ӕмӕ йӕ ды уынай? Цы у адӕймаджы фырт, ӕмӕ йӕм де ’ргом здахай?» (Пс. 144:3). Давид нӕ дызӕрдыг кодта, Йегъовӕ йӕ хорз кӕй зоны, ууыл (1 Аз. 17:16–18). Ӕмӕ Йегъовӕ йӕ Ныхасы ӕмӕ йӕ организацийы уылты дӕуӕн дӕр дзуры, кӕй йӕ уарзыс, уый кӕй уыны. Цӕмӕй дӕ уый фидарӕй уырна, уый тыххӕй ӕркӕсӕм Хуыцауы Ныхасӕй цалдӕр хъуыдымӕ.

  • Йегъовӕ дӕ уыдта, куы нӕма райгуырдтӕ, суанг уӕд дӕр (Пс. 139:16).

  • Йегъовӕ зоны, дӕ зӕрдӕйы цы ис ӕмӕ цӕуыл хъуыды кӕныс, уый (1 Аз. 28:9).

  • Йегъовӕ дын дӕ куывдтытӕй алкӕцымӕ дӕр йӕхӕдӕг фӕхъусы (Пс. 65:2).

  • Дӕ хъуыддӕгтӕ Йегъовӕйӕн кӕнӕ циндзинад ӕрхӕссынц, кӕнӕ та йын йӕ зӕрдӕ фӕриссын кӕнынц (Ӕмб. 27:11).

  • Йегъовӕ дӕ йӕхӕдӕг йӕхимӕ ӕрбакодта (Иоан. 6:44).

  • Йегъовӕ дӕ афтӕ хорз зоны, ӕмӕ, мӕлгӕ куы акӕнай, уӕддӕр дӕ райгас кӕндзӕн. Ратдзӕн дын ног буар, фӕлӕ уыдзынӕ дӕхи хуызӕн. Дӕ удыхъӕд дӕр уыдзӕн дӕхи удыхъӕды хуызӕн. Стӕй алцыдӕр хъуыды кӕндзынӕ (Иоан. 11:21–26, 39–44; Хъуыд. 24:15).

ЙЕГЪОВӔМӔ ӔВВАХС У

Цалдӕр нывы: 1. Стъолыл Библи гомӕй; хо стъолы цур бады ӕмӕ кувы. 2. Ӕрыгон ӕфсымӕрӕн йӕ къласаг тамако дӕтты, фӕлӕ йӕ уый нӕ комы. 3. Хӕринаг кӕм уӕй кӕнынц, ахӕм машинӕйы цур ӕфсымӕр хӕринаггӕнӕгӕн буклет ӕвдисы

Нӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕйы куыд тынг уарзӕм, уый ӕвдисӕм, арӕх ӕм кӕй фӕкувӕм, йӕ коммӕ кӕй кӕсӕм ӕмӕ иннӕтӕн дӕр нӕ Фыды бауарзынӕн кӕй ӕххуыс кӕнӕм, уымӕй (кӕс 4–14 абзацтӕ)

4. Иаковы 4:8 стихмӕ гӕсгӕ, цӕмӕн хъуамӕ архайӕм Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕныныл?

4 Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕм ӕввахсдӕр кӕнӕм ӕмӕ йемӕ арӕх ныхас кӕнӕм. (Бакӕс Иаковы 4:8.) Уый нын дзуры, «ӕппынӕдзух кувут», зӕгъгӕ, ӕмӕ алкӕддӕр цӕттӕ вӕййы махмӕ байхъусынмӕ (Ром. 12:12). Афтӕ никуы вӕййы, ӕмӕ ӕнӕвдӕлон кӕнӕ фӕллад уа, ӕмӕ йӕ бон ма уа нӕ куывдтытӕм байхъусын. Мах та, цы нын дзуры, уымӕ фӕхъусӕм, Библи ӕмӕ йӕ чи ӕмбарын кӕны, уыцы публикацитӕ куы фӕкӕсӕм, стӕй ӕмбырдты лӕмбынӕг куы фӕхъусӕм, уӕд. Сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджытимӕ арӕх куы фӕныхас кӕнынц, уӕд кӕрӕдзиимӕ ӕнгом вӕййынц. Раст афтӕ мах дӕр Йегъовӕимӕ арӕх куы фӕныхас кӕнӕм, уӕд ӕм вӕййӕм ӕввахс.

Стъолыл Библи гомӕй; хо стъолы цур бады ӕмӕ кувы

кӕс 5 абзац

5. Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй Йегъовӕйӕн ноджы ӕхсызгондӕр уа нӕ куывдтытӕм хъусын?

5 Йегъовӕмӕ куы фӕкувыс, уӕд ын цы фӕдзурыс? Уый фӕнды, цӕмӕй-иу ын дӕ зӕрдӕ раргом кӕнай (Пс. 62:8). Дӕ бон у ахӕм фарстайыл ахъуыды кӕнын: «Мӕ куывдтытӕ, мӕхи къухӕй кӕй ныффыстон ӕмӕ, мӕ зӕрдӕйы цы ис, уыдӕттӕ кӕм радзырдтон, ахӕм писмоты хуызӕн вӕййынц ӕви ксерокопиты хуызӕн?» Дзырд дӕр ыл нӕй, ды Йегъовӕйы тынг уарзыс ӕмӕ дӕ фӕнды, цӕмӕй алкӕддӕр дӕ Хӕлар уа. Ӕмӕ уый тыххӕй та хъуамӕ йемӕ арӕх ныхас кӕнай. Радзур-иу ын дӕ зӕрдӕйы сусӕг хъуыдытӕ. Дзур ын дӕ цин дӕр ӕмӕ дӕ маст дӕр. Стӕй дзы дӕ бон у алкӕддӕр ӕххуыс курын.

6. Цы хъӕуы, цӕмӕй нӕ уӕларвон Фыдмӕ алкӕддӕр ӕввахс уӕм?

6 Цӕмӕй нӕ уӕларвон Фыдмӕ ӕввахс уӕм, уый тыххӕй дзы хъуамӕ алкӕддӕр бузныг уӕм. Мах разы стӕм псаломзарӕггӕнӕджы ныхӕстимӕ: «Бирӕ хъуыддӕгтӕ сарӕзтай, о Йегъовӕ, мӕ Хуыцау, бирӕ сты дӕ диссаджы хъуыддӕгтӕ, ӕмӕ дӕм бирӕ хъуыдытӕ ис мах тыххӕй. Дӕу хуызӕн ничи у. Ӕз дзурдзынӕн ӕмӕ хъусын кӕндзынӕн уыцы хъуыддӕгты тыххӕй. Уыйбӕрц сты, ӕмӕ сӕ мӕ бон банымайын нӕ бауыдзӕн» (Пс. 40:5). Фӕлӕ Йегъовӕйӕ ӕнӕуи бузныг не стӕм. Йӕ хорздзинӕдтӕн ын кӕй аргъ кӕнӕм, уый ма бӕрӕг вӕййы нӕ ныхӕстӕй ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕй дӕр. Ӕмӕ уымӕй хицӕн кӕнӕм ацы дунейы адӕмӕй. Ныртӕккӕ адӕмӕн сӕ фылдӕр нӕ аргъ кӕнынц, Хуыцау сын хорзӕй цы аразы, уымӕн. Адӕм хорздзинадӕн кӕй нӕ аргъ кӕнынц, уымӕй дӕр бӕрӕг у, «фӕстаг бонты» кӕй цӕрӕм (2 Тим. 3:1, 2). Фӕлӕ мах нӕ фӕнды, цӕмӕй ацы дунейы адӕмы хуызӕн уӕм.

7. Йегъовӕйы цы фӕнды ӕмӕ цӕмӕн?

7 Кӕцы ныййарӕджы фӕнды, цӕмӕй йӕ сывӕллӕттӕ хыл кӕной? Фыд ӕмӕ мады фӕфӕнды, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕ кӕрӕдзи уарзой ӕмӕ кӕрӕдзиимӕ фидауой. Йегъовӕйы дӕр фӕнды, цӕмӕй йӕ сывӕллӕттӕ иууылдӕр хӕларӕй цӕрой. Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй, кӕрӕдзийы кӕй уарзӕм, уымӕй бӕрӕг у, ӕцӕг чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уый (Иоан. 13:35). Иу псаломзарӕггӕнӕг раст ныффыста: «Уымӕй хуыздӕр, уымӕй ӕхсызгондӕр ницы ис, ӕмӕ ӕфсымӕртӕ иумӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй куы цӕрой!» (Пс. 133:1). Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты кӕй уарзӕм, уымӕй ӕвдисӕм, Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый (1 Иоан. 4:20). Куыд ӕхсызгон нын у, кӕрӕдзимӕ хӕларзӕрдӕ чи у ӕмӕ кӕрӕдзийы зын чи ӕмбары, ахӕм бинонтӕ нын кӕй ис! (Еф. 4:32).

ХУЫЦАУЫ КОММӔ КӔС

Ӕрыгон ӕфсымӕрӕн йӕ къласаг тамако дӕтты, фӕлӕ йӕ уый нӕ комы

кӕс 8 абзац

8. 1 Иоанны 5:3 стихмӕ гӕсгӕ нӕ сӕйраджыдӕр цӕмӕн фӕнды Йегъовӕйы коммӕ кӕсын?

8 Йегъовӕ сывӕллӕттӕн фӕдзӕхсы, цӕмӕй сӕ ныййарджытӕм хъусой. Ӕмӕ афтӕ махӕн дӕр фӕдзӕхсы, цӕмӕй йӕм хъусӕм (Еф. 6:1). Уый у не Сфӕлдисӕг ӕмӕ нӕ Дарӕг, стӕй кӕцыфӕнды ныййарӕгӕй дӕр зондджындӕр у, ӕмӕ йӕ коммӕ куыннӕ хъуамӕ кӕсӕм. Фӕлӕ йӕ коммӕ сӕйраджыдӕр уымӕн кӕсӕм, ӕмӕ йӕ уарзӕм. (Бакӕс 1 Иоанны 5:3.) Кӕд Йегъовӕмӕ бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй хъуамӕ хъусӕм, уӕддӕр нын тыххӕй ницы аразын кӕны. Йегъовӕ нын радта сӕрибардзинад. Ӕмӕ йӕ куы фӕуыны, кӕй йӕ уарзӕм, йӕ коммӕ уый тыххӕй кӕй бакастыстӕм, уӕд ын уый тынг ӕхсызгон вӕййы.

9, 10. Ахсджиаг цӕмӕн у Хуыцауы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ зонын ӕмӕ уыдонмӕ гӕсгӕ цӕрын?

9 Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты фӕхъахъхъӕнынц, цӕмӕй сыл мацы ’рцӕуа. Ӕмӕ уый тыххӕй сфидар кӕнынц уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ сын фӕзӕгъынц, цы сын ис аразӕн ӕмӕ сын цы нӕй аразӕн. Сывӕллӕттӕ уыцы уагӕвӕрдты сӕрты куы нӕ фӕхизынц, уӕд уымӕй равдисынц, сӕ ныййарджытыл кӕй ӕууӕндынц ӕмӕ сӕ кӕй нымайынц. Уӕдӕ нӕ уӕларвон Фыды закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ зонын ӕмӕ уыдонмӕ гӕсгӕ цӕрын та ноджы ахсджиагдӕр у. Уӕд Йегъовӕ фӕуыны, кӕй йӕ уарзӕм ӕмӕ йӕ кӕй нымайӕм. Стӕй уый нӕхицӕн дӕр хӕссы пайда (Ис. 48:17, 18). Йегъовӕйы ӕмӕ йын йӕ закъӕттӕ чи ницӕмӕ дары, уыдон та сӕхицӕн ӕвзӕрдӕр кӕнынц (Гал. 6:7, 8).

10 Йегъовӕйы закъӕттӕм гӕсгӕ куы фӕцӕрӕм, уӕд нӕхи бахъахъхъӕнӕм низтӕй, стӕй, адӕймагӕн йӕ ныфс цӕй тыххӕй асӕтты ӕмӕ Йегъовӕйӕ цӕй тыххӕй адард вӕййы, уыдӕттӕй. Йегъовӕ йӕ зоны, ӕппӕты хуыздӕр нын цы у, уый. Аврорӕ цӕры Америкӕйы Иугонд Штатты, ӕмӕ афтӕ зӕгъы: «Ӕз ӕй зонын, Йегъовӕмӕ куы хъусӕм, уӕд алкӕддӕр амондджын кӕй уыдзыстӕм». Ӕмӕ афтӕ кӕй у, уый йӕхиуыл алчидӕр бавзары. Дӕуӕн та цы пайда хӕссы, Йегъовӕйы разамындмӕ кӕй хъусыс, уый?

11. Хуыцаумӕ кӕй фӕкувӕм, уый нын куыд баххуыс кӕны?

11 Цавӕрдӕр хъуыддаджы нын Хуыцауы коммӕ бакӕсын зын куы уа, уӕд-иу ӕм хъуамӕ кувӕм. Иуӕй-иу хатт нын йӕ коммӕ кӕсын зын вӕййы, тӕригъӕдджын кӕй стӕм, уый тыххӕй. Фӕлӕ хъуамӕ ӕдзух ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, цӕмӕй ныл тӕригъӕды бар ма цӕуа. Псаломзарӕггӕнӕг Хуыцауӕн лӕгъстӕ кодта: «Мӕ зӕрдӕйы [мын] ссудз зынг, цӕмӕй мӕ фӕнда дӕ коммӕ кӕсын» (Пс. 51:12). Иу хо, Дениз, зӕгъгӕ, лӕггад кӕны пионерӕй. Уый афтӕ зӕгъы: «Зын мын куы вӕййы Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕй искӕцы ӕххӕст кӕнын, уӕд дзы фӕкурын тых, цӕмӕй мӕ бон уа, раст цы у, уый аразын». Йегъовӕ ахӕм куывдтытӕн алкӕддӕр ратты дзуапп (Лук. 11:9–13).

ИННӔТӔН ӔХХУЫС КӔН НӔ ФЫДЫ БАУАРЗЫНӔН

12. Ефесӕгтӕм 5:1 стихмӕ гӕсгӕ, цы хъуамӕ аразӕм?

12 Бакӕс Ефесӕгтӕм 5:1. Мах стӕм Хуыцауӕн «йӕ уарзон хъӕбултӕ», ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ алкӕддӕр фӕархайӕм, цӕмӕй йӕ фӕзмӕм. Мах фӕархайӕм, цӕмӕй уӕм уый хуызӕн фӕлмӕнзӕрдӕ, хӕларзӕрдӕ, уый хуызӕн иннӕты уарзӕм ӕмӕ кӕрӕдзийӕн хатыр кӕнӕм. Хуыцауы чи нӕ зоны, уыцы адӕм нын нӕ хорз хъуыддӕгтӕ куы уыной, уӕд сӕ, гӕнӕн ис, бафӕнда Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базонын (1 Пет. 2:12). Ныййарджытӕ дӕр сӕ сывӕллӕтты хъомыл кӕнгӕйӕ Йегъовӕйы куы фӕзмой, уӕд, гӕнӕн ис, сывӕллӕтты дӕр бафӕнда, цӕмӕй Йегъовӕ сӕ Хӕлар суа.

Хӕринаг кӕм уӕй кӕнынц, ахӕм машинӕйы цур ӕфсымӕр хӕринаггӕнӕгӕн буклет ӕвдисы

кӕс 13 абзац

13. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу иннӕтӕн Йегъовӕйы тыххӕй ныфсджынӕй дзурӕм?

13 Сывӕллон йӕ фыдӕй тынг сӕрыстыр вӕййы ӕмӕ иннӕтӕн дӕр йӕ фыдӕй феппӕлы. Мах дӕр нӕ уӕларвон Фыдӕй, Йегъовӕйӕ, сӕрыстыр стӕм ӕмӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ иннӕтӕ дӕр базоной. Паддзах Давид загъта: «Мӕ уд сӕрыстыр уыдзӕн Йегъовӕйӕ» (Пс. 34:2). Ӕмӕ махӕн дӕр нӕ зӕрдӕйы ахӕм ӕнкъарӕнтӕ ис. Фӕлӕ ӕфсӕрмыгӕнаг куы уӕм ӕмӕ нӕ ныфс куы нӕ хӕссӕм иннӕтӕн Йегъовӕйы тыххӕй дзурынмӕ, уӕд та нын цы баххуыс кӕндзӕн? Хъуамӕ-иу ахъуыды кӕнӕм, иннӕтӕн Йегъовӕйы тыххӕй куы дзурӕм, уӕд-иу ын йӕ зӕрдӕ кӕй барухс кӕндзыстӕм, стӕй уый иннӕтӕн дӕр стыр пайда кӕй хӕссы. Ӕмӕ-иу уӕд фӕныфсджындӕр уыдзыстӕм. Йегъовӕ нын ӕххуыс кӕндзӕн ныфсджынӕй дзурынӕн, фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕн куыд ӕххуыс кодта, афтӕ (1 Фес. 2:2).

14. Ахсджиаг цӕмӕн у адӕмӕн хорз хабар хъусын кӕнын?

14 Йегъовӕ никӕй хъулон кӕны. Ӕмӕ куы фены, мах дӕр иннӕты кӕй уарзӕм ӕмӕ, чи сты ӕмӕ кӕцӕй сты, уымӕ кӕй нӕ кӕсӕм, уӕд ын уый ӕхсызгон вӕййы (Хъуыд. 10:34, 35). Нӕ уарзондзинад уӕлдайдӕр цы хъуыддӕгтӕй вӕййы бӕрӕг, уыдонӕй иу у, адӕмӕн хорз хабар кӕй хъусын кӕнӕм, уый (Матф. 28:19, 20). Уыцы хъуыддаг цы пайда хӕссы? Чи нӕм байхъусы, уыдонӕн ныр дӕр сӕ цард хуыздӕрырдӕм фӕивы, стӕй сын фӕзыны ӕнустӕм цӕрыны ныфс (1 Тим. 4:16).

ЙЕГЪОВӔЙЫ КУЫ УАРЗАЙ, УӔД УЫДЗЫНӔ АМОНДДЖЫН

15, 16. Амондджын цӕмӕн стӕм?

15 Йегъовӕ йӕ сывӕллӕтты тынг уарзы, ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ бинонтӕ иууылдӕр амондджын уой (Ис. 65:14). Кӕд зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм, уӕддӕр абон дӕр нӕ бон у, ӕмӕ амондджын уӕм. Зӕгъӕм, мах ӕй зонӕм, нӕ уӕларвон Фыд нӕ тынг кӕй уарзы. Зонӕм, Хуыцауы Ныхас, Библи, бӕлвырдӕй цы дзуры, уый (Йер. 15:16). Стӕй нын ис диссаджы бинонтӕ – иууылдӕр уарзынц Йегъовӕйы, уарзынц ын йӕ закъӕттӕ ӕмӕ уарзынц кӕрӕдзийы дӕр (Пс. 106:4, 5).

16 Амондджын ма уымӕн дӕр стӕм, ӕмӕ йӕ фидарӕй зонӕм, фидӕны нӕм хуыздӕр цард кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Мах зонӕм, тагъд Йегъовӕ фыдадӕмы се ’ппӕты дӕр кӕй фесафдзӕн ӕмӕ йӕ Паддзахады дӕлбар зӕхх ӕнӕхъӕнӕй дӕр дзӕнӕт кӕй суыдзӕн. Ис ма нын диссаджы ныфс, чи нын амард, уыдон кӕй райгас уыдзысты ӕмӕ та кӕй баиу уыдзыстӕм (Иоан. 5:28, 29). Уый уыдзӕн стыр цины рӕстӕг! Сӕйрагдӕр та уый у, ӕмӕ тагъд уӕлӕрвты дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр иууылдӕр кувдзысты нӕ уарзӕгой Фыдӕн ӕмӕ йӕ кадджын кӕндзысты – уыцы кад уымӕ ӕмбӕлы!

ДӔУМӔ ГӔСГӔ...

  • арӕх цӕмӕн хъуамӕ кувӕм?

  • Йегъовӕйы коммӕ цӕмӕн хъуамӕ кӕсӕм?

  • иннӕтӕн нӕ уӕларвон Фыды тыххӕй цӕмӕн хъуамӕ дзурӕм?

12 ЗАРӔГ Стыр Хуыцау Йегъовӕ

a Мах ӕй зонӕм, нӕ Фыд Йегъовӕ нӕ тынг кӕй уарзы. Уый нын радта фадат, цӕмӕй йӕ бинонтӕм – йӕ лӕггадгӕнджытӕм – ӕрбаиу уӕм. Ӕмӕ нын йӕ уарзондзинад нӕ зӕрдӕ афтӕ бацагайдта, ӕмӕ йӕ мах дӕр бауарзтам. Нӕ бон куыд у равдисын, нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Фыды кӕй уарзӕм, уый? Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм цалдӕр хъуыддагмӕ.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын