Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w20 февраль 14–19 фф.
  • Хӕлӕггӕнаг ма у ӕмӕ фарнмӕ тырн

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хӕлӕггӕнаг ма у ӕмӕ фарнмӕ тырн
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2020
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • АДӔЙМАГ ИННӔТӔМ ЦӔМӔН ФӔХӔЛӔГ КӔНЫ?
  • СӔРНЫЛЛӔГ У ӔМӔ ДЫН ЦЫ ИС, УЫМӔЙ РАЙГОНД У
  • «ТЫРНӔМ, ФАРН ЦЫ ХӔССЫ», УЫМӔ
  • Уды низтӕн сӕ фыддӕр – хӕлӕг
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
  • Кӕрӕдзиимӕ ерыс ма кӕнӕм, фӕлӕ фарнмӕ тырнӕм
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2021
  • Йегъовӕ тынг аргъ кӕны йӕ сӕрныллӕг лӕггадгӕнджытӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2019
  • Ӕгӕр ныфсхастдзинад адӕймаджы худинаг кӕны
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2000
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2020
w20 февраль 14–19 фф.

8 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Хӕлӕггӕнаг ма у ӕмӕ фарнмӕ тырн

«Цӕй уӕдӕ тырнӕм, фарн цы хӕссы ӕмӕ кӕрӕдзийы цӕй фӕрцы ис бафидар кӕнӕн, уымӕ» (РОМ. 14:19).

113 ЗАРӔГ Фарн – нӕ хӕзна

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫa

1. Иосифмӕ йе ’фсымӕртӕ хӕлӕг кӕй кодтой, уый цӕмӕ ’ркодта?

ИАКОВ йӕ фыртты се ’ппӕты дӕр уарзта, фӕлӕ Иосифы хъулон уарзт кодта. Цымӕ Иосифы ӕфсымӕртӕ уымӕ цы цӕстӕй кастысты? Уыдон ӕм хӕлӕг кӕнын райдыдтой, ӕмӕ уый уымӕ ’ркодта, ӕмӕ дзы се сӕфт федтой, кӕд сын ӕвзӕрӕй ницы сарӕзта, уӕддӕр. Ӕмӕ йӕ цагъарӕй ауӕй кодтой, сӕ фыдӕн та загътой, йӕ уарзон хъӕбулы йын хъӕддаг сырд кӕй бахордта. Иосифмӕ йе ’фсымӕртӕ хӕлӕг кӕй кодтой, уый тыххӕй сӕ бинонты ’хсӕн фарн ӕмӕ иудзинад нал уыд, стӕй сӕ фыды зӕрдӕ тынг фӕриссын кодтой (Райд. 37:3, 4, 27–34).

2. Галатӕгтӕм 5:19–21 стихтӕм гӕсгӕ, хӕлӕг кӕнын тынг тӕссаг цӕмӕн у?

2 Библимӕ гӕсгӕ, хӕлӕг кӕнынb хауы «тӕригъӕдджын буары хъуыддӕгтӕм». Уыцы хъуыддӕгтӕ адӕймагӕн хӕссынц зиан, ӕмӕ, гӕнӕн ис, уыдоны тыххӕй Хуыцауы Паддзахадмӕ ма бацӕуа. (Бакӕс Галатӕгтӕм 5:19–21.) Адӕймаг иннӕтӕм знаджы цӕстӕй кӕй фӕкӕсы, семӕ кӕй фӕхыл вӕййы ӕмӕ сӕм мӕстӕй кӕй рафыцы, уый арӕх вӕййы, кӕй сӕм фӕхӕлӕг кӕны, уый тыххӕй.

3. Ацы статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?

3 Иосифы ӕфсымӕрты хабарӕй зыны, адӕймаг иннӕтӕм куы фӕхӕлӕг кӕны, уӕд уый хорзмӕ кӕй не ’ркӕны. Адӕм кӕрӕдзийӕн знӕгтӕ свӕййынц ӕмӕ, бинонты ’хсӕн цы фарн вӕййы, уый фехӕлы. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Иосифы ӕфсымӕртӕ куыд бакодтой, мах афтӕ никуы бакӕндзыстӕм. Фӕлӕ уӕддӕр не ’ппӕт дӕр стӕм ӕнӕххӕст ӕмӕ нӕ зӕрдӕтӕ сты мӕнгард (Йер. 17:9). Уымӕ гӕсгӕ хатт мах дӕр кӕмӕдӕр хӕлӕг кӕнын райдайӕм. Ӕркӕсӕм, зондзонӕн нын чи фӕуыдзӕн, ахӕм цӕвиттонтӕм Библийӕ ӕмӕ базонӕм, адӕймаг хӕлӕггӕнаг цӕмӕн свӕййы, уый. Уый фӕстӕ та аныхас кӕндзыстӕм, цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй уыцы ӕвзӕр миниуӕг нӕ зӕрдӕйы бынат ма скӕна, стӕй цӕмӕй не ’хсӕн фарн уа.

АДӔЙМАГ ИННӔТӔМ ЦӔМӔН ФӔХӔЛӔГ КӔНЫ?

4. Филистимӕгтӕ Исахъмӕ цӕмӕн хӕлӕг кодтой?

4 Исчи хъӕздыг куы вӕййы. Исахъ уыд хъӕздыг адӕймаг, ӕмӕ йӕм филистимӕгтӕ хӕлӕг кодтой (Райд. 26:12–14). Йӕ фыстӕн ӕмӕ йе стурвосӕн дон цы цъайтӕй иста, уыдон ма йын сыджытӕй дӕр байдзаг кодтой (Райд. 26:15, 16, 27). Филистимӕгтау абон дӕр иуӕй-иутӕ фӕхӕлӕг кӕнынц, сӕхицӕй хъӕздыгдӕр чи вӕййы, уыдонмӕ. Иннӕтӕм цы ис, ахӕм цӕмӕдӕрты ӕрмӕст бӕлгӕ нӕ фӕкӕнынц, фӕлӕ ма сӕ цӕст дӕр нӕ фӕуарзы, цӕмӕй сӕм цы ис, уыдӕттӕ сын уа.

5. Дины разамонджытӕ Йесомӕ цӕмӕн хӕлӕг кодтой?

5 Кӕйдӕр тынг куы фӕуарзынц. Дзуттаг дины разамонджытӕ Йесомӕ хӕлӕг кодтой, уымӕн ӕмӕ йӕ адӕмӕй бирӕтӕ тынг уарзтой (Матф. 7:28, 29). Йесо дзырдта Хуыцауы номӕй ӕмӕ адӕмӕн рӕстдзинад амыдта. Фӕлӕ дзы дины разамонджытӕ алы мӕнг ныхӕстӕ кодтой ӕмӕ йӕ фыдкой кодтой, цӕмӕй йын адӕмы цӕсты кад мауал уыдаид (Мар. 15:10; Иоан. 11:47, 48; 12:12, 13, 19). Ацы хабар нын зондзонӕн куыд у? Кӕд хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ кӕйдӕр йӕ хорз миниуджыты тыххӕй тынг уарзынц, уӕд ӕм хъуамӕ хӕлӕг ма кӕнӕм, фӕлӕ йын хъуамӕ йӕ хорз миниуджытӕ бафӕзмӕм (1 Кор. 11:1; 3 Иоан. 11).

6. Диотреф хӕлӕг кӕй кодта, уый цӕмӕй бӕрӕг уыд?

6 Ӕмбырды кӕмӕндӕр йӕ бӕрны кадджын хӕстӕ куы вӕййы. Фыццаг ӕнусы Диотреф хӕлӕг кодта, чырыстон ӕмбырдӕн разамынд чи лӕвӕрдта, уыцы ӕфсымӕртӕм. Фӕндыди йӕ, цӕмӕй ӕмбырды «алы хъуыддаджы дӕр фыццаг уыдаид». Ӕмӕ апостол Иоанн ӕмӕ иннӕ бӕрнон ӕфсымӕрты фыдкой кодта, цӕмӕй сыл ӕмбырды мауал ӕууӕндыдаиккой (3 Иоан. 9, 10). Диотреф куыд бакодта, мах афтӕ никуы бакӕндзыстӕм. Фӕлӕ ӕмбырды искӕмӕн, мах кӕмӕ тырнӕм, уыцы хӕстӕ йӕ бӕрны куы бакӕной, уӕд ӕм, чи зоны, хӕлӕг кӕнын райдайӕм, уӕлдайдӕр та афтӕ куы хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ уыцы хъуыддаг махӕн дӕр уыд бахӕс кӕнӕн.

Цалдӕр нывы: 1. Быдырон дидинӕг хорз зӕххы дзӕбӕх зайы, ис ын уидӕгтӕ. 2. Уыцы дидинӕг хӕмпӕлгӕрдӕджы бын фӕци. 3. Ӕртӕ хойы Паддзахады залы хъӕлдзӕгӕй ныхӕстӕ кӕнынц, иу хо та иунӕгӕй лӕууы, цыма йӕм цыдӕр хъыг кӕсы, афтӕ

Зӕрдӕ абарӕн ис зӕххимӕ, хорз миниуджытӕ та – рӕсугъд дидинджытимӕ. Хӕлӕг та маргджын кӕрдӕгӕй уӕлдай нӕу. Зӕрдӕйы хӕлӕг куы уа, уӕд уый нӕ бауадздзӕн, цӕмӕй нӕ удыхъӕды фидар кӕной хорз миниуджытӕ, зӕгъӕм, уарзондзинад, фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕмӕ хӕларзӕрдӕдзинад (кӕс 7 абзац)

7. Адӕймаг хӕлӕг куы фӕкӕны, уӕд ыл уый куыд фӕзыны?

7 Хӕлӕг абарӕн ис маргджын кӕрдӕгимӕ. Ӕмӕ зӕрдӕйы уидаг куы ауадза, уӕд ӕй зын уыдзӕн стонын. Адӕймаг сӕрбӕрзонд ӕмӕ хиуарзон куы вӕййы, стӕй йӕ куы фӕфӕнды, цӕмӕй иннӕтӕй хуыздӕр уа, уӕд ноджы тынгдӕр райдайы иннӕтӕм хӕлӕг кӕнын. Хӕмпӕлгӕрдӕг дидинӕджы рӕзын куыд нӕ фӕуадзы, афтӕ хӕлӕг дӕр нӕ фӕуадзы, цӕмӕй нӕ удыхъӕды фидар кӕной хорз миниуджытӕ, зӕгъӕм, уарзондзинад, фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕмӕ хӕларзӕрдӕдзинад. Уӕдӕ куыддӕр бамбарӕм, уыцы «маргджын кӕрдӕг» нӕ зӕрдӕйы уидаг уадзын райдыдта, афтӕ йӕ хъуамӕ ӕд уидаг стонӕм. Цы у нӕ бон аразын, цӕмӕй уыцы ӕвзӕр миниуӕг нӕ зӕрдӕйы бынат ма скӕна?

СӔРНЫЛЛӔГ У ӔМӔ ДЫН ЦЫ ИС, УЫМӔЙ РАЙГОНД У

Цалдӕр нывы: 1. Быдырон дидинӕг хорз зӕххы дзӕбӕх зайы, ис ын уидӕгтӕ. 2. Чидӕр дидинӕджы алыварс хӕмпӕлгӕрдӕг тоны. 3. Цыппар хойы Паддзахады залы хъӕлдзӕгӕй ныхӕстӕ кӕнынц

Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй хӕлӕггӕнаг ма уӕм? Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы нӕ бон у уыцы ӕвзӕр миниуӕг бындзарӕй стонын ӕмӕ архайын, цӕмӕй сӕрныллӕг уӕм ӕмӕ нын цы ис, уымӕй райгонд уӕм (кӕс 8, 9 абзацтӕ)

8. Цавӕр миниуджытӕ нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй макӕмӕ хӕлӕг кӕнӕм?

8 Сӕрныллӕг куы уӕм ӕмӕ нын цы ис, уый фагыл куы нымайӕм ӕмӕ уымӕй райгонд куы уӕм, уӕд нӕ зӕрдӕйы хӕлӕгӕн бынат нал уыдзӕн. Сӕрныллӕгдзинад нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕхицӕй цыдӕр ӕнхъӕл ма уӕм. Сӕрныллӕг адӕймаг йӕхи иннӕтӕй хуыздӕр нӕ фӕхоны ӕмӕ афтӕ нӕ фӕхъуыды кӕны, ӕмӕ фылдӕр аккаг у (Гал. 6:3, 4). Цы йын ис, уый фагыл чи нымайы, уый та йӕхи иннӕтимӕ нӕ фӕбары (1 Тим. 6:7, 8). Сӕрныллӕг чи у ӕмӕ йын цы ис, уымӕй райгонд чи у, ахӕм адӕймаг иннӕты циныл фӕцин кӕны.

9. Галатӕгтӕм 5:16 стихы ӕмӕ Филиппӕгтӕм 2:3, 4 стихты цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ нын сыгъдӕг тых куыд баххуыс кӕндзӕн?

9 Мах хъӕуы Хуыцауы сыгъдӕг тых, цӕмӕй хӕлӕг макӕмӕ кӕнӕм, фӕлӕ сӕрныллӕг уӕм ӕмӕ нын цы ис, уымӕй райгонд уӕм. (Бакӕс Галатӕгтӕм 5:16; Филиппӕгтӕм 2:3, 4.) Сыгъдӕг тых нын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу нӕ зӕрдӕтӕм ныккӕсӕм ӕмӕ-иу фенӕм, ӕцӕгӕй дзы цы ис, уый. Хуыцау нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй макӕмӕ хӕлӕг кӕнӕм, фӕлӕ архайӕм, цӕмӕй нӕ удыхъӕды хорз миниуджытӕ рӕзын кӕнӕм (Пс. 26:2; 51:10). Ӕркӕсӕм Моисей ӕмӕ Павелы цӕвиттонтӕм ӕмӕ базонӕм, цы сын баххуыс кодта, цӕмӕй хӕлӕггӕнаг ма суыдаиккой.

Моисей, Йесо Навин ӕмӕ ма ноджыдӕр цалдӕр израилаг нӕлгоймаджы ӕмбырды цатыры раз лӕууынц. Йесо Навин Моисейӕн дзуры, цӕмӕй, йӕхи пехуымпартау дарын чи райдыдта, уыцы дыууӕ нӕлгоймагӕн зӕгъа, цӕмӕй афтӕ ма кӕной

Иу ӕрыгон израилаг лӕппу Моисеймӕ ӕмӕ Йесо Навинмӕ фӕдисы цыд ӕрбакодта ӕмӕ сын фӕхабар кодта, цатыртӕ кӕм сты, уым дыууӕ нӕлгоймаджы сӕхи пехуымпартау дарын кӕй райдыдтой. Йесо Навин Моисейӕн загъта, зӕгъгӕ сын зӕгъ, цӕмӕй афтӕ ма кӕной. Фӕлӕ йын Моисей загъта, Йегъовӕ уыцы дыууӕ нӕлгоймаджы йӕ сыгъдӕг тыхӕй кӕй схайджын кодта, уый йын ӕхсызгон кӕй у (кӕс 10 абзац)

10. Моисеймӕ хъыг цы нӕ фӕкаст? (Кӕс нывмӕ ӕддаг цъарыл.)

10 Моисей уыд Хуыцауы адӕмӕн сӕ разамонӕг, фӕлӕ иннӕтӕн дӕр йӕ цӕст уарзта, цӕмӕй сӕм бартӕ уыдаид. Моисей хайджын уыд сыгъдӕг тыхӕй. Ӕмӕ иухатт Йегъовӕ уыцы тыхӕй райста ӕмӕ дзы схайджын кодта, ӕмбырды цатыры размӕ чи ’рбацыд, уыцы хистӕр лӕгты. Гыццыл фӕстӕдӕр Моисей базыдта, ӕмбырды цатырмӕ чи не ’рбацыд, уыцы дыууӕ хистӕр лӕджы дӕр сыгъдӕг тыхӕй кӕй схайджын сты ӕмӕ сӕхи пехуымпартау дарын кӕй райдыдтой. Ӕмӕ йын Йесо Навин куы загъта, зӕгъгӕ сын зӕгъ, цӕмӕй афтӕ ма кӕной, уӕд куыд бакодта? Моисейӕн хъыг нӕ уыд, Йегъовӕ уыцы дыууӕ нӕлгоймаджы дӕр ахӕм кады аккаг кӕй скодта. Уый уыд сӕрныллӕг адӕймаг, ӕмӕ йын сӕ хабар ӕхсызгон уыд (Ным. 11:24–29). Мах та Моисейӕ цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

Цалдӕр нывы: 1. Ацӕргӕ ӕфсымӕрӕн хистӕр нӕлгоймӕгты советы фембӕлды загътой, цӕмӕй ӕрыгон хистӕр нӕлгоймагӕн бацамона, «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ахуыр уадзын куыд хъӕуы, уый. 2. Ӕрыгон хистӕр нӕлгоймаг «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ахуыр уадзы, ацӕргӕ ӕфсымӕр та залы бады ӕмӕ йӕм лӕмбынӕг хъусы. 3. Ацӕргӕ ӕфсымӕр ӕрыгон хистӕр нӕлгоймагӕн йӕ къух райста ӕмӕ дзы ӕппӕлы

Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон куыд у Моисейы сӕрныллӕгдзинад фӕзмын? (кӕс 11, 12 абзацтӕ)c

11. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон куыд у Моисейы бафӕзмын?

11 Зӕгъӕм, хистӕр нӕлгоймаг дӕ ӕмӕ дын бахӕс кодтой, цӕмӕй ӕндӕр ӕфсымӕры сахуыр кӕнай, дӕ бӕрны чи ис ӕмӕ дӕ зӕрдӕмӕ чи цӕуы, уыцы хӕс ӕххӕст кӕнын. Чи зоны, алы къуыри дӕр фӕуадзыс ӕмбырды «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ахуыр. Ӕмӕ дын загътой, цӕмӕй ӕндӕр ӕфсымӕры ууыл сахуыр кӕнай, ӕмӕ фӕстӕдӕр йӕ бон уа уыцы хӕс ӕххӕст кӕнын. Кӕд Моисейау сӕрныллӕг дӕ, уӕд нӕ хъуыды кӕндзынӕ, ӕз та ма цы араздзынӕн, зӕгъгӕ, фӕлӕ де ’фсымӕрӕн зӕрдиагӕй баххуыс кӕндзынӕ.

12. Абон чырыстӕттӕй бирӕтӕ куыд ӕвдисынц, сӕ лӕггадӕй райгонд кӕй сты ӕмӕ сӕрныллӕг кӕй сты, уый?

12 Ӕркӕсӕм, хистӕр кары ӕфсымӕртӕй бирӕтӕн сӕ уавӕртӕ куыд фӕивтой, уымӕ. Уыдон бирӕ азты дӕргъы лӕггад кодтой хистӕр нӕлгоймӕгты советты координатортӕй. Фӕлӕ сыл 80 азы куы сӕххӕст, уӕд цӕттӕ уыдысты, уыцы хӕстӕ кӕй нал ӕххӕст кӕндзысты, уымӕ. Районон цӕстдарӕгыл 70 азы куы сӕххӕст вӕййы, уӕд районон цӕстдарӕгӕй нал фӕлӕггад кӕны ӕмӕ сӕрныллӕгӕй сразы вӕййы ӕндӕр хуызы лӕггад кӕныныл. Уымӕй уӕлдай ма фӕстаг цалдӕр азы дӕргъы, ӕгас зӕххыл Вефилты чи лӕггад кодта, уыдонӕй бирӕты снысан кодтой ӕндӕр рӕттӕм. Уыцы иузӕрдион хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ нӕ мӕсты кӕнынц, цы хӕстӕ ӕххӕст кодтой, уыдон ныр чи ӕххӕст кӕны, уыдонмӕ.

13. Павел 12 апостолмӕ хӕлӕг кодта? Бамбарын ӕй кӕн.

13 Апостол Павел дӕр нын фӕзминаг у, цы йын уыд, уымӕй райгонд кӕй уыд ӕмӕ сӕрныллӕг кӕй уыд, уымӕй. Павел хӕлӕггӕнаг не сси. Уый Хуыцауы хъуыддаджы бирӕ фыдӕбон кодта, фӕлӕ сӕрныллӕгӕй загъта: «Ӕз дӕн апостолтӕй се ’ппӕтӕй къаддӕр ӕмӕ, апостолы ном хӕссон, уый аккаг дӕр нӕ дӕн» (1 Кор. 15:9, 10). Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд йӕ 12 апостолы йемӕ иумӕ лӕггад кодтой. Павел та чырыстон сси, Йесо куы райгас, уый фӕстӕ. Ӕмӕ кӕд фӕстӕдӕр «иннӕ адӕмтӕм ӕрвыст апостолӕй» ӕвзӕрст ӕрцыд, уӕддӕр 12 апостолы нымӕцмӕ нӕ хауд (Ром. 11:13; Хъуыд. 1:21–26). Павел сӕм нӕ хӕлӕг кодта, стӕй йын хъыг нӕ уыд, Йесоимӕ афтӕ ӕввахс кӕй уыдысты, уый. Фӕлӕ йын цы уыд, уымӕй райгонд уыд.

14. Сӕрныллӕг куы уӕм ӕмӕ нын цы ис, уымӕй райгонд куы уӕм, уӕд куыд архайдзыстӕм?

14 Сӕрныллӕг куы уӕм ӕмӕ нын цы ис, уымӕй райгонд куы уӕм, уӕд мах дӕр Павелау аргъ кӕндзыстӕм, Йегъовӕ бартӕ кӕмӕн радта, уыцы ӕфсымӕртӕн (Хъуыд. 21:20–26). Йегъовӕ ахӕм ӕгъдау сфидар кодта, цӕмӕй нысангонд ӕфсымӕртӕ ӕмбырдӕн разамынд дӕттой. Ӕмӕ кӕд рӕдигӕ дӕр фӕкӕнынц, уӕддӕр сӕ Йегъовӕ нымайы «лӕвӕрттыл» (Еф. 4:8, 11). Уыцы ӕфсымӕрты куы нымайӕм ӕмӕ сын сӕ разамындмӕ сӕрныллӕгӕй куы хъусӕм, уӕд Йегъовӕимӕ нӕ хӕлардзинад бахъахъхъӕндзыстӕм, стӕй нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ хӕларӕй цӕрдзыстӕм.

«ТЫРНӔМ, ФАРН ЦЫ ХӔССЫ», УЫМӔ

15. Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй не ’хсӕн фарн уа?

15 Хӕлӕг кӕм ис, уым фарн нӕй. Ӕмӕ-иу хъуамӕ нӕ зӕрдӕйӕ хӕлӕг бындзарӕй стонӕм, стӕй ахӕмӕй мацы аразӕм, цӕмӕй нӕм иннӕтӕ хӕлӕг кӕной. Уый тынг ахсджиаг у, уымӕн ӕмӕ нӕ фӕнды мӕнӕ ацы фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнын: «Тырнут, фарн цы хӕссы ӕмӕ кӕрӕдзийы цӕй фӕрцы ис бафидар кӕнӕн, уымӕ» (Ром. 14:19). Нӕ бон куыд у иннӕтӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй хӕлӕг сӕ зӕрдӕты бынат ма скӕна, стӕй нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй не ’хсӕн фарн уа?

16. Нӕ бон куыд у иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй хӕлӕг сӕ зӕрдӕты бынат ма скӕна?

16 Цы аразӕм, уый иннӕтыл арӕх тынг фӕзыны. Ацы дунейы фӕнды, цӕмӕй, цы нӕм ис, уымӕй «ӕппӕлӕм» (1 Иоан. 2:16). Фӕлӕ уый уымӕ ӕркӕны, ӕмӕ адӕм кӕрӕдзимӕ хӕлӕг кӕнын райдайынц. Цӕмӕй нӕм иннӕтӕ ма хӕлӕг кӕной, уый тыххӕй хъуамӕ ӕдзух ма дзурӕм, цы нӕм ис кӕнӕ балхӕнинаг цы стӕм, уыдӕттыл. Уымӕй уӕлдай ма ныл кӕд ӕмбырды цавӕрдӕр кадджын хӕстӕ ис, уӕд хъуамӕ нӕхимӕ иннӕты ’ргом ӕгӕр ма здахӕм. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд хӕлӕг сӕ зӕрдӕты уидӕгтӕ уадзын райдайдзӕн. Фӕлӕ иннӕтыл куы хъуыды кӕнӕм ӕмӕ, хорзӕй цы аразынц, уымӕн куы аргъ кӕнӕм, уӕд сын ӕххуыс кӕндзыстӕм, цӕмӕй райгонд уой, цы аразынц, уымӕй, ӕмӕ ӕмбырды дӕр уыдзӕн фарн ӕмӕ иудзинад.

17. Иосифы ӕфсымӕртӕн цы бантыст ӕмӕ цӕй фӕрцы?

17 Нӕ бон у, ӕмӕ хӕлӕгӕй бынтондӕр фервӕзӕм! Иу хатт-ма Иосифы ӕфсымӕрты хабарыл ахъуыды кӕнӕм. Иосифы куы ауӕй кодтой, уымӕй бирӕ азты фӕстӕ йемӕ Египеты фембӕлдысты. Цалынмӕ сын Иосиф йӕхи не схъӕр кодта, уӕдмӕ сӕ бафӕлвӕрдта, цӕмӕй базыдтаид, аивтой ӕви нӕ. Фынгтӕ сын ӕрӕвӕрын кодта ӕмӕ кӕстӕр ӕфсымӕрӕн, Вениаминӕн, цы хӕйттӕ ӕрвыста, уыдон иннӕты хӕйттӕй фылдӕр уыдысты (Райд. 43:33, 34). Фӕлӕ йӕм йе ’фсымӕртӕ нӕ бахӕлӕг кодтой. Сӕхи куыд дардтой ӕмӕ цы дзырдтой, уымӕй бӕрӕг уыд, се ’фсымӕрыл ӕмӕ сӕ фыдыл кӕй хъуыды кодтой, уый (Райд. 44:30–34). Иосифы ӕфсымӕртӕ хӕлӕг сӕ зӕрдӕтӕй бындзарӕй кӕй стыдтой, уый фӕрцы сӕ бон уыд афтӕ архайын, цӕмӕй та сӕ бинонты ’хсӕн фарн ӕмӕ иудзинад уыдаид (Райд. 45:4, 15). Уӕдӕ-иу мах дӕр хӕлӕг нӕ зӕрдӕтӕй бындзарӕй куы стонӕм, уӕд нӕ бинонты ’хсӕн дӕр ӕмӕ ӕмбырды дӕр уыдзӕн фарн ӕмӕ иудзинад.

18. Иаковы 3:17, 18 стихтӕм гӕсгӕ, нӕ къухы цы бафтдзӕн, фарнмӕ куы тырнӕм, уӕд?

18 Йегъовӕ нын фӕдзӕхсы, цӕмӕй хӕлӕгӕн нӕ зӕрдӕты бынат скӕнын ма бауадзӕм ӕмӕ цӕмӕй фарнмӕ тырнӕм. Ӕмӕ уыцы дыууӕ хъуыддагыл хъуамӕ ӕппӕт хъарутӕй архайӕм. Ацы статьяйы куыд федтам, афтӕмӕй адӕймаг хатт кӕмӕдӕр хӕлӕг кӕнын райдайы (Иак. 4:5). Стӕй нӕ ацы дуне дӕр ахӕм зондыл аразы. Фӕлӕ сӕрныллӕг куы уӕм ӕмӕ нын цы ис, уымӕй райгонд куы уӕм, стӕй алцӕй тыххӕй дӕр бузныг куы уӕм, уӕд хӕлӕгӕн нӕ зӕрдӕты бынат нӕ уыдзӕн. Ӕмӕ уӕд нӕ бон уыдзӕн архайын, цӕмӕй не ’хсӕн фарн уа ӕмӕ нӕ удыхъӕды хорз миниуджытӕ фидар кӕнӕм. (Бакӕс Иаковы 3:17, 18.)

ЦАВӔР ДЗУАПП РАТДЗЫНӔ?

  • Сыгъдӕг тых нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй хӕлӕгӕн нӕ зӕрдӕты бынат скӕнын ма бауадзӕм?

  • Цы нын ис, уымӕй райгонд куы уӕм ӕмӕ сӕрныллӕг куы уӕм, уӕд нын уый куыд ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хӕлӕггӕнаг ма суӕм?

  • Нӕхимӕ иннӕты ’ргом ӕгӕр куы не здахӕм, уӕд сын куыд баххуыс кӕндзыстӕм, цӕмӕй хӕлӕг сӕ зӕрдӕты бынат ма скӕна?

130 ЗАРӔГ Кӕрӕдзийӕн хатыр кӕнӕм

a Йегъовӕйы организацийы ис фарн. Фӕлӕ искӕмӕ хӕлӕг кӕнын куы райдайӕм, уӕд, гӕнӕн ис, уыцы фарн фехӕла. Ацы статьяйӕ базондзыстӕм, адӕймаг иннӕтӕм цӕмӕн фӕхӕлӕг кӕны, уый. Стӕй ма аныхас кӕндзыстӕм, нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй уыцы ӕвзӕр миниуӕг нӕ зӕрдӕйы бынат ма скӕна, стӕй цӕмӕй не ’хсӕн фарн уа.

b АЦЫ НЫХӔСТӔН СӔ ХЪУЫДЫ ЦЫ У. Библийӕ куыд зыны, афтӕмӕй, адӕймаг хӕлӕг куы фӕкӕны, уӕд, иннӕтӕм цы ис, ахӕм цӕмӕдӕрты ӕрмӕст бӕлгӕ нӕ фӕкӕны, фӕлӕ йӕ цӕст дӕр нӕ фӕуарзы, цӕмӕй сын уыдӕттӕ уа.

c НЫВ. «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ахуыр чи фӕуадзы, уыцы ацӕргӕ ӕфсымӕрӕн хистӕр нӕлгоймӕгты советы фембӕлды загътой, цӕмӕй ӕрыгон хистӕр нӕлгоймагӕн бацамона, «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ахуыр уадзын куыд хъӕуы, уый. Кӕд уыцы хъуыддаг йӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуы ӕмӕ йын фыццаг зын уыд, уыцы хӕс кӕй нал ӕххӕст кӕндзӕн, уӕддӕр хистӕр нӕлгоймӕгты уынаффӕйыл сразы. Уый бӕрӕг у, ӕрыгон ӕфсымӕрӕн хорз уынаффӕтӕ кӕй дӕтты ӕмӕ дзы зӕрдиагӕй кӕй ӕппӕлы, уымӕй.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын