Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w20 май 20–25 фф.
  • Хуыцауы лӕвӕрттӕн аргъ кӕныс?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хуыцауы лӕвӕрттӕн аргъ кӕныс?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2020
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • НӔ ДИССАДЖЫ ПЛАНЕТӔ
  • АДӔЙМАДЖЫ СӔРЫМАГЪЗ У ДИССАДЖЫ КОНД
  • БИБЛИ – ЗЫНАРГЪ ЛӔВАР
  • Дун-дуне ӕргом кӕны удӕгас Хуыцауы
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
  • Куыд ис базонӕн, Хуыцау ис ӕви нӕ?
    Хуыцау ныл ӕцӕгдӕр тыхсы?
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2020
w20 май 20–25 фф.

21 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Хуыцауы лӕвӕрттӕн аргъ кӕныс?

«Бирӕ хъуыддӕгтӕ сарӕзтай, о Йегъовӕ, мӕ Хуыцау, бирӕ сты дӕ диссаджы хъуыддӕгтӕ, ӕмӕ дӕм бирӕ хъуыдытӕ ис мах тыххӕй» (ПС. 40:5).

5 ЗАРӔГ Хуыцауы диссаджы хъуыддӕгтӕ

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫa

1, 2. Псаломы 40:5 стихмӕ гӕсгӕ нын Йегъовӕ цавӕр лӕвӕрттӕ скодта ӕмӕ сыл цӕмӕн аныхас кӕндзыстӕм?

ЙЕГЪОВӔ у тынг рӕдау Хуыцау. Ахъуыды-ма кӕнӕм, цы лӕвӕрттӕ нын скодта, уыдонӕй иуӕй-иутыл. Радта нын диссаджы хӕдзар – нӕ рӕсугъд Зӕхх. Радта ма нын, диссаджы конд чи у, ахӕм сӕрымагъз, стӕй йӕ Ныхас, Библи. Уыцы лӕвӕртты фӕрцы нын ис, кӕм цӕрӕм, уый, нӕ бон у хъуыды кӕнын ӕмӕ иннӕтимӕ ныхас кӕнын, стӕй ӕппӕты ахсджиагдӕр фарстатӕн дзуапп базонын. (Бакӕс Псалом 40:5.)

2 Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм ацы ӕртӕ лӕварыл. Йегъовӕ нын цы диссаджы лӕвӕрттӕ скодта, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд сын ноджы тынгдӕр аргъ кӕндзыстӕм ӕмӕ нӕ ноджы тынгдӕр фӕнддзӕн нӕ уарзӕгой Сфӕлдисӕджы зӕрдӕ рухс кӕнын (Рарг. 4:11). Уымӕй уӕлдай ма нӕ бон уыдзӕн, эволюцийыл чи ’ууӕнды, уыдонимӕ арӕхстджындӕрӕй ныхас кӕнын.

НӔ ДИССАДЖЫ ПЛАНЕТӔ

3. Зӕхх иннӕ планетӕтӕй цӕмӕн хицӕн кӕны?

3 Хуыцау Зӕхх куыд скодта, уымӕй ирдӕй зыны йе стыр зонд (Ром. 1:20; Дзут. 3:4). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуры алыварс ӕрмӕст нӕ планетӕ нӕ зилы. Фӕлӕ Зӕхх хицӕн кӕны иннӕ планетӕтӕй. Ӕрмӕстдӕр Зӕххыл ис ахӕм уавӕртӕ, цӕмӕй йыл адӕймагӕн йӕ бон цӕрын уа.

4. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ, Зӕхх куыд конд у, уый Йегъовӕйы стыр зондыл дзурӕг у? Ӕрхӕсс цӕстуынгӕ цӕвиттон.

4 Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, тынг бирӕ адӕм кӕм цӕры ӕмӕ алырдыгӕй къултӕй ӕхгӕд чи у, ахӕм горӕт. Уырдӕм сыгъдӕг дон никӕцӕй ис бауадзӕн ӕмӕ дзы бырӕттӕ ӕддӕмӕ акалой, уый фадат дӕр нӕй. Цыбыр рӕстӕгмӕ уыцы горӕтыл цы ’рцӕудзӕн? Фырчъизийӕ йӕм бацӕуӕн нал уыдзӕн ӕмӕ дзы цӕрӕг дӕр нал баззайдзӕн. Зӕхх дӕр абарӕн ис, алырдыгӕй къултӕй ӕхгӕд чи у, ахӕм горӕтимӕ. Фӕлӕ Зӕххыл сӕ бон цӕрын у миллиардгай адӕмӕн ӕмӕ цӕрӕгойтӕн. Зӕххыл равзӕры туаггуыр (кислород), ис ыл фаг хӕринаг ӕмӕ дон, ӕмӕ афтӕ никуы вӕййы, ӕмӕ фӕуой. Бырӕттӕ космосмӕ акалӕн нӕй, фӕлӕ уӕддӕр Зӕхх у рӕсугъд ӕмӕ йыл ис цӕрӕн. Уымӕн куыд ис гӕнӕн? Йегъовӕ Зӕхх афтӕ скодта, ӕмӕ йыл быронӕй ӕмӕ чъизийӕ цы вӕййы, уыдонӕй дӕр рауайы, цӕрынӕн цы хъӕуы, ахӕм цыдӕртӕ. Ныртӕккӕ цыбыртӕй аныхас кӕндзыстӕм, туаггуыр куыд ахсджиаг у ӕмӕ ӕрдзы мидӕг дон куыд зилдух кӕны, ууыл, ӕмӕ фендзыстӕм, уыцы хабӕрттӕ Йегъовӕйы стыр зондыл дзурӕг кӕй сты, уый.

5. Туаггуыр цӕуылнӕ фӕвӕййы ӕмӕ уый цӕуыл дзурӕг у?

5 Туаггуыр у, адӕмы дӕр ӕмӕ цӕрӕгойты дӕр цӕрынӕн чи хъӕуы, ахӕм газ. Куыд зӕгъынц, афтӕмӕй адӕм ӕмӕ цӕрӕгойтӕ иу азмӕ сулӕфынц сӕдӕ миллиард тоннӕйы туаггуыр ӕмӕ раулӕфынц ӕвзалытуаг газ (углекислый газ). Фӕлӕ туаггуыр никуы фӕвӕййы, стӕй ӕвзалытуаг газ дӕр уыйбӕрц никуы свӕййы, цӕмӕй цӕрӕг удтӕн сӕ бон улӕфын мауал уа. Цымӕ уымӕн цӕй фӕрцы ис гӕнӕн? Йегъовӕ ма сфӕлдыста алыхуызон зайӕгойтӕ – стыр бӕлӕстӕй райдай ӕмӕ гыццылмур доны зайӕгойтӕй фӕу. Ӕмӕ уыдон ӕвзалытуаг газ сцъирынц, фӕстӕмӕ та раттынц туаггуыр. Уый фӕрцы нӕ бон у улӕфын. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ раст сты Хъуыддӕгты 17:24, 25 стихты фыст ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, Хуыцау «алкӕмӕн дӕр йӕхӕдӕг дӕтты цард дӕр, улӕфт дӕр».

6. Дон ӕрдзы мидӕг куыд зилдух кӕны ӕмӕ уый цӕуыл дзурӕг у? (Ноджыдӕр кӕс рамкӕ «Дон у Йегъовӕйы лӕвар».)

6 Зӕххыл дон уый фӕрцы ис, ӕмӕ нӕ планетӕ Хурмӕ нӕдӕр ӕгӕр хӕстӕг у, нӕдӕр дзы ӕгӕр дард у. Хурмӕ гыццыл хӕстӕгдӕр куы уаид, уӕд афтӕ стӕвд уаид, ӕмӕ дон иууылдӕр байсысид, ӕмӕ Зӕхх суаид ӕдзӕрӕг быдыр. Хурӕй гыццыл дарддӕр куы уаид, уӕд та дон иууылдӕр ныссӕлид, ӕмӕ Зӕхх ӕнӕхъӕнӕй дӕр суаид ихы къори. Йегъовӕ Зӕхх, кӕм хъӕуы, уым кӕй сӕвӕрдта, уый фӕрцы дон афтӕ зилдух кӕны, ӕмӕ Зӕххыл ис цард. Алы аз дӕр Хуры тӕвдӕй океантӕй ӕмӕ сурзӕххӕй цы дон байсысы, уымӕй байдзаг уаид, йӕ дӕргъ дӕр ӕмӕ йӕ уӕрх дӕр 1 километр кӕмӕн у, стӕй арфмӕ дӕр 1 километр чи у, ахӕм 500 000 донуаты. Уыцы донӕй сӕвзӕрынц мигътӕ, ӕмӕ иу-10 боны фӕстӕ уыцы дон рауары къӕвдайы кӕнӕ миты хуызы. Ӕппынфӕстаг раздӕхы океантӕм ӕмӕ ӕндӕр донуӕттӕм, ӕмӕ та стӕй доны зилдух ногӕй райдайы. Уый фӕрцы Зӕххыл ис дон. Ацы хабарӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ стыр зонд ӕмӕ стыр тыхы хицау кӕй у (Иов 36:27, 28; Еккл. 1:7).

Дон у Йегъовӕйы лӕвар

Цалдӕр нывы: Дон куыд зилдух кӕны. 1. Хуры тӕвдӕй океанӕй цы дон байсыст, уымӕй сӕвзӕрд мигъ. 2. Мигъӕй къӕвда уары. 3. Дон фӕстӕмӕ денджызмӕ раздӕхт
  • Къӕвда уары, ӕмӕ зӕхкусӕг хӕрдмӕ кӕсы

    ДЫРГЪТӔ, ХАЛСАРТӔ ӔМӔ ДИДИНДЖЫТӔ

    Къӕвдайы фӕрцы зайынц зайӕгойтӕ ӕмӕ зӕхх дӕтты тыллӕг. Зайӕгойтӕн сӕ фылдӕр калынц дидинӕг, ӕмӕ сӕм цӕст кӕсынӕй нӕ фефсӕды.

  • Къамисӕг ӕхсӕрдзӕнты ӕмӕ хӕхты къамтӕ исы

    РӔСУГЪД ӔРДЗ

    Цӕугӕдӕттӕ, цадтӕ ӕмӕ ӕхсӕрдзӕнтӕ зӕхх рӕсугъд кӕнынц ӕмӕ нын циндзинад хӕссынц.

  • Нӕлгоймаг денджызы дон сур кӕны, цӕмӕй цӕхх ӕрӕмбырд кӕна

    ЦЫ ПАЙДА МА ХӔССЫ

    Хуры тӕвдӕй денджызтӕй дон кӕй байсысы, уый фӕрцы ис цӕхх.

  • Сылгоймаг агуывзӕйӕ дон нуазы

    ӔРВЫЛБОНЫ ЦАРД

    Мах дон фӕнуазӕм, стӕй ма дзы скӕнӕм лимонад, къофи ӕмӕ цай. Дон ма нӕ фӕхъӕуы хӕринаг скӕнынӕн, бафснайынӕн ӕмӕ нӕхи ныннайынӕн.

7. Нӕ бон куыд у равдисын, Псаломы 115:16 стихы цы лӕвары кой ис, уымӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый?

7 Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ диссаджы планетӕйӕн ӕмӕ йыл цы хорздзинӕдтӕ ис, уыдонӕн тынгдӕр аргъ кӕнӕм? (Бакӕс Псалом 115:16.) Йегъовӕ цы скодта, уыдӕттыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ алы бон дӕр фӕнддзӕн йӕ лӕвӕртты тыххӕй йын бузныг дзурын. Стӕй ма, Зӕххӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый равдисдзыстӕм, кӕм цӕрӕм, уыцы ран куы нӕ чъизи кӕнӕм ӕмӕ куы архайӕм, цӕмӕй дзы сыгъдӕг уа.

АДӔЙМАДЖЫ СӔРЫМАГЪЗ У ДИССАДЖЫ КОНД

8. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ адӕймаджы сӕрымагъз диссаджы конд у?

8 Адӕймаджы сӕрымагъз куыд конд у, уый дисы ӕфтауы. Сывӕллон мады гуыбыны куы вӕййы, уӕд йӕ магъз фӕрӕзы бӕлвырд фӕткмӕ гӕсгӕ, ӕмӕ дзы алы минут дӕр фӕзыны мингай ног кълеткӕйы! Ахуыргӕндтӕ зӕгъынц, стыр адӕймаджы сӕрымагъзы кӕй вӕййы 100 миллиард нейроны бӕрц. Сӕрымагъз 1,5 килӕйы бӕрц йеддӕмӕ нӕ вӕййы, фӕлӕ дзы уыцы кълеткӕтӕ иууылдӕр бацӕуынц. Ӕркӕсӕм, нӕ сӕрымагъз цы диссаджы куыст кӕны, уымӕ.

9. Нӕ бон дзурын кӕй у, уый Хуыцауы лӕвар цӕмӕн схонис?

9 Нӕ бон дзурын кӕй у, уый ис диссаг схонӕн. Ахъуыды-ма кӕн, цӕмӕй иу ныхас зӕгъай, уый тыххӕй дӕ магъз хъуамӕ скусын кӕна иу-100 хӕцъӕфы – ӕвзаджы, хурхы, былты, ӕфсӕры ӕмӕ риуыгуыдыры хӕцъӕфтӕ. Цӕмӕй дын дӕ ныхас иннӕтӕ ӕмбарой, уый тыххӕй хъуамӕ уыцы хӕцъӕфтӕ кусой бӕлвырд уагмӕ гӕсгӕ. Адӕймагӕн йӕ бон цавӕрдӕр ӕвзагыл дзурын кӕй у, уый тыххӕй 2019 азы иртасджытӕ ныффыстой иу статья. Фыст дзы уыд, зӕгъгӕ, дам, ноггуырд сывӕллӕттӕн сӕ бон у хицӕн дзырдтӕ ӕвзарын. Ӕмӕ уый дӕр у бӕлвырдгӕнӕн, бирӕ ахуыргӕндтӕ цы хъуыдыйыл хӕст сты, уымӕн – адӕймагӕн йӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ йӕ бон у иннӕты ныхас ӕмбарын ӕмӕ дзурын ахуыр кӕнын. Уӕдӕ нӕ бон дзурын кӕй у, уый ӕцӕгдӕр у Хуыцауы лӕвар (Рац. 4:11).

10. Куыд ис равдисӕн, нӕ бон дзурын кӕй у, уымӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый?

10 Нӕ бон дзурын кӕй у, уымӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый куыд ис равдисӕн? Зӕгъӕм, нӕ бон у, эволюцийыл чи ’ууӕнды, уыдонӕн ӕмбарын кӕнын, Хуыцау нӕ цӕмӕн уырны, уый (Пс. 9:1; 1 Пет. 3:15). Ахӕм адӕм фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, дам, Зӕхх ӕмӕ йыл цӕрӕг удӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон сӕхигъӕдӕй фӕзындысты. Библийы фӕрцы ӕмӕ, ацы статьяйы цы хъуыдытӕ ис, уыдоны фӕрцы нӕ бон у нӕ уӕларвон Фыды сӕрыл рахӕцын ӕмӕ, байхъусын кӕй фӕнды, уыдонӕн бамбарын кӕнын, Йегъовӕ арв ӕмӕ зӕхх Сфӕлдисӕг кӕй у, уый нӕ цӕмӕн уырны (Пс. 102:25; Ис. 40:25, 26).

11. Адӕймаджы сӕрымагъз ма ноджыдӕр диссаг цӕмӕй у?

11 Нӕ бон цыдӕр бахъуыды кӕнын кӕй у, уый дӕр диссаг куыннӕ у. Кӕддӕр иу ахуыргонд раиртӕста, адӕймагӕн йӕ бон бахъуыды кӕнын кӕй у, 20 милуан чиныджы цас информаци ис, уыйбӕрц информаци. Фӕлӕ ныр та куыд зӕгъынц, афтӕмӕй нӕ бон у уымӕй бирӕ фылдӕр бахъуыды кӕнын. Ӕмӕ ма уый фӕрцы нӕ бон у ноджыдӕр иу цыдӕр аразын.

12. Адӕймаг цӕрӕгойтӕй цӕмӕй хицӕн кӕны?

12 Зӕххыл цӕрӕг удӕй цыдӕриддӕр ис, уыдонӕй ӕрмӕстдӕр адӕмӕн у сӕ бон, цӕмӕй-иу ивгъуыд хабӕрттӕ бахъуыды кӕной ӕмӕ-иу уыцы хабӕрттыл хъуыдыгӕнгӕйӕ цӕуылдӕр сахуыр уой. Уый фӕрцы нӕ бон вӕййы нӕ зондахаст ӕмӕ нӕ цардыуаг фӕивын, ӕмӕ нӕ удыхъӕд дӕр хуыздӕрырдӕм аивы (1 Кор. 6:9–11; Кол. 3:9, 10). Нӕ бон у не ’фсарм афтӕ сахуыр кӕнын, цӕмӕй, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбара (Дзут. 5:14). Адӕймагӕн йӕ бон у, ӕмӕ сахуыр уа уарзын, хатыр кӕнын ӕмӕ иннӕты зын йӕ зӕрдӕмӕ исын, стӕй Йегъовӕйау рӕстӕй архайын.

13. Псаломы 77:11, 12 стихтӕм гӕсгӕ, нӕ бон цыдӕр бахъуыды кӕнын кӕй у, уымӕй куыд хъуамӕ пайда кӕнӕм?

13 Нӕ бон цыдӕр бахъуыды кӕнын кӕй у, уый у Йегъовӕйы лӕвар. Ӕмӕ дзы бузныг кӕй стӕм, уый равдисдзыстӕм, куыд-иу нын баххуыс кодта ӕмӕ-иу нӕ ныфс куыд бауагъта, уыцы хабӕрттӕ бахъуыды кӕныныл куы архайӕм, уымӕй. Уӕд нӕ фидарӕй уырндзӕн, фидӕны дӕр нын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн. (Бакӕс Псалом 77:11, 12; 78:4, 7.) Иннӕтӕ нын хорзӕй цы саразынц, уый дӕр-иу куы бахъуыды кӕнӕм ӕмӕ-иу сӕ бузныг куы уӕм, уӕд-иу уымӕй дӕр равдисдзыстӕм, Йегъовӕйӕ уыцы лӕвары тыххӕй бузныг кӕй стӕм. Куыд раиртӕстой, афтӕмӕй, иннӕтӕй бузныг чи вӕййы, уыдон амондджындӕр вӕййынц. Фӕлӕ Йегъовӕйау нӕ бон вӕййы цыдӕртӕ ферох кӕнын дӕр. Йегъовӕйӕн йӕ бон у алцыдӕр бахъуыды кӕнын, фӕлӕ нӕ рӕдыдтытыл куы ’рфӕсмон кӕнӕм, уӕд нын сӕ ныххатыр кӕны ӕмӕ сӕ ферох кӕны (Пс. 25:7; 130:3, 4). Ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй-иу мах дӕр афтӕ бакӕнӕм, иннӕтӕ нын нӕ зӕрдӕ куы фӕриссын кӕной, уӕд (Матф. 6:14; Лук. 17:3, 4).

Цалдӕр нывы: 1. Хо карточкӕтӕ ӕмӕ чиныджы фӕрцы ахуыр кӕны ӕвзаг хинди. 2. Хо базары хъусын кӕны индиаг сылгоймагӕн, пайда кӕны брошюрӕйӕ «Хорз хабар»

Йегъовӕйӕ диссаджы конд сӕрымагъзы тыххӕй бузныг кӕй стӕм, уый равдисдзыстӕм, Йегъовӕйы куы кадджын кӕнӕм, уымӕй (кӕс 14 абзац)b

14. Йегъовӕ нын диссаджы сӕрымагъз кӕй радта, уый тыххӕй дзы бузныг кӕй стӕм, уый нӕ бон куыд у равдисын?

14 Нӕ сӕрымагъзы фӕрцы Йегъовӕйы куы кадджын кӕнӕм, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, уыцы лӕварӕн кӕй аргъ кӕнӕм. Иуӕй-иуты фӕфӕнды сӕхи скъуыддзаг кӕнын, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый. Фӕлӕ нӕ Йегъовӕ кӕй сфӕлдыста, уымӕ гӕсгӕ йӕ уый хуыздӕр зоны, пайда нын цы уыдзӕн ӕмӕ цы нӕ уыдзӕн (Ром. 12:1, 2). Йӕ закъӕттӕ ӕмӕ йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы фӕцӕрӕм, уӕд нӕ цард вӕййы фӕрнӕйдзаг (Ис. 48:17, 18). Ӕмӕ, цӕмӕн цӕрӕм, уый дӕр фӕзонӕм – цӕмӕй не Сфӕлдисӕджы ӕмӕ нӕ Фыды кадджын кӕнӕм ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕнӕм (Ӕмб. 27:11).

БИБЛИ – ЗЫНАРГЪ ЛӔВАР

15. Йегъовӕ нын Библи кӕй балӕвар кодта, уымӕй куыд зыны, кӕй нӕ уарзы, уый?

15 Библи у зынаргъ лӕвар. Нӕ уӕларвон Фыд нын ӕй балӕвар кодта, уымӕн ӕмӕ нӕ тынг уарзы. Библийы нын Йегъовӕ дзуапп дӕтты ӕппӕты ахсджиагдӕр фарстатӕн, зӕгъӕм: адӕм зӕххыл куыд фӕзындысты? Адӕймаг цӕмӕн цӕры? Фидӕны нӕм цы ’нхъӕлмӕ кӕсы? Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕ сывӕллӕттӕ иууылдӕр уыцы фарстатӕн дзуапп базоной. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ рагӕй дӕр адӕмы разӕнгард кодта, цӕмӕй-иу Библи алы ӕвзӕгтӕм ратӕлмац кодтаиккой. Ныртӕккӕ Библи ӕнӕхъӕнӕй кӕнӕ йӕ кӕцыдӕр хӕйттӕ сты 3 000 ӕвзагӕй фылдӕрыл. Уыйбӕрц ӕвзӕгтӕм иу чиныг дӕр нӕ ратӕлмац кодтой ӕмӕ уый хуызӕн парахат иу чиныг дӕр нӕ уыд! Адӕм кӕмфӕнды ма цӕрой ӕмӕ цавӕрфӕнды ӕвзагыл ма дзурой,– сӕ фылдӕрӕн ис фадат, цӕмӕй Библи сӕхи ӕвзагыл кӕсой. (Кӕс рамкӕ «Библи африкаг ӕвзӕгтыл».)

Библи африкаг ӕвзӕгтыл

19-ӕм ӕнусы райдианмӕ Библи ӕнӕхъӕнӕй кӕнӕ йӕ кӕцыдӕр хӕйттӕ мыхуыргонд ӕрцыдысты иу-70 ӕвзагыл. Фӕлӕ уыцы ӕвзӕгтӕй ӕрмӕстдӕр цалдӕр уыдысты африкаг ӕвзӕгтӕ. Уымӕй уӕлдай ма африкаг ӕвзӕгтӕй кӕцыдӕртӕн фыссынад нӕ уыд, уыимӕ, бантуйы къордмӕ чи хауы, уыцы ӕвзӕгтӕн дӕр. Ӕрмӕст сыл дзургӕ кодтой. Фӕлӕ уавӕр ивын райдыдта, Уильям Бойсы хуызӕн адӕймӕгтӕ Африкӕмӕ цӕуын куы райдыдтой, уӕд. Уый ӕрцыд Английӕ ӕмӕ царди, фыссынад кӕуыл нӕ уыд, уыцы ’взӕгтыл чи дзырдта, уыцы адӕмыхӕттыты ’хсӕн. Бойс бацархайдта, цӕмӕй ӕвзаг косӕйыл фыссынад фӕзындаид. Ӕмӕ ма кӕимӕдӕрты уыцы ӕвзагмӕ ратӕлмац кодта Лукайы Евангели. Мыхуыры рацыд 1833 азы. Уыцы тӕлмацы Хуыцауы ном фыст ӕрцыд, ныртӕккӕ «Ног дунейы тӕлмац»-ы кӕмдӕриддӕр ӕмбӕлы, уым. Бойс ма раиртӕста косӕйы грамматикӕйы ӕгъдӕуттӕ дӕр. Ӕмӕ бамбӕрста, бантуйы къордмӕ ноджыдӕр чи хауы, уыцы ӕвзӕгтӕн дӕр ахӕм грамматикӕ кӕй ис. Бойс уыцы ӕвзӕгты грамматикӕ кӕй раиртӕста, уый фӕрцы иннӕ тӕлмацгӕнджытӕн дӕр фадат фӕзынд, цӕмӕй Библи африкаг ӕвзӕгтӕй бирӕтӕм ратӕлмац кодтаиккой. Ныртӕккӕ Библи ӕнӕхъӕнӕй кӕнӕ йӕ кӕцыдӕр хӕйттӕ сты 1 000 африкаг ӕвзагӕй фылдӕрыл. Бӕрӕг у, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй адӕм алы адӕмыхӕттытӕй дӕр ацы лӕварӕй схайджын уой! (Хъуыд. 10:35).

Хотӕн ӕмӕ ӕфсымӕрӕн сӕ къухты «Ног дунейы тӕлмац» ӕвзаг косӕйыл

2019 азы «Библи – Ног дунейы тӕлмац» рацыд ӕвзаг косӕйыл. Ацы тӕлмац ӕнӕхъӕнӕй кӕнӕ йӕ иу хай рацыд 180 ӕвзагӕй фылдӕрыл

16. Матфейы 28:19, 20 стихтӕм гӕсгӕ, нӕ бон куыд у равдисын, Библийӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый?

16 Библи алы бон дӕр куы кӕсӕм, арф ыл куы хъуыды кӕнӕм ӕмӕ, цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ цӕрыныл зӕрдиагӕй куы архайӕм, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, ацы чиныгӕн кӕй аргъ кӕнӕм. Хуыцауӕй ацы лӕвары тыххӕй бузныг кӕй стӕм, уый ма равдисдзыстӕм, Библи цы дзуры, уый тыххӕй, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр адӕмӕн куы хъусын кӕнӕм, уымӕй дӕр (Пс. 1:1–3; Матф. 24:14; бакӕс Матфейы 28:19, 20).

17. Ацы статьяйы цавӕр лӕвӕрттыл аныхас кодтам ӕмӕ иннӕ статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

17 Ацы статьяйы аныхас кодтам Йегъовӕйы диссаджы лӕвӕрттыл: радта нын Зӕхх, диссаджы конд сӕрымагъз ӕмӕ йӕ Ныхас, Библи. Фӕлӕ ма нын скодта, цӕстӕй фенӕн кӕй нӕй, ахӕм лӕвӕрттӕ дӕр. Уыдоныл дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы.

НӔ БОН КУЫД У РАВДИСЫН, КӔЙ АРГЪ КӔНӔМ...

  • Зӕххӕн?

  • диссаджы конд сӕрымагъзӕн?

  • Библийӕн?

12 ЗАРӔГ Стыр Хуыцау Йегъовӕ

a Ацы статья нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйӕн ӕмӕ йӕ лӕвӕрттӕн ноджы тынгдӕр аргъ кӕнӕм. Уымӕй уӕлдай, цы базондзыстӕм, уый нын баххуыс кӕндзӕн, Хуыцауыл чи не ’ууӕнды, уыдонимӕ ныхас кӕнынӕн.

b НЫВ. Хо ӕндӕр ӕвзаг ахуыр кӕны, цӕмӕй, сӕ бӕстӕмӕ ӕндӕр бӕстӕтӕй чи ’рлыгъд, уыдонӕн хъусын кӕна, Библи цы дзуры, уый.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын