Разныхас
Искуы дӕм афтӕ каст, ӕмӕ дын Хуыцау дӕ куывдтытӕм нӕ фӕхъусы? Кӕд о, уӕд ӕрмӕст дӕумӕ нӕ кӕсы афтӕ. Бирӕтӕ Хуыцаумӕ фӕкувынц, цӕмӕй сын баххуыс кӕна, фӕлӕ уӕддӕр сӕ зындзинӕдтӕй нӕ фервӕзынц. Ацы журналы цы статьятӕ ис, уыдонӕй базондзынӕ, Хуыцау нын нӕ куывдтытӕм кӕй фӕхъусы, ууыл цӕмӕн ис ӕууӕндӕн, иуӕй-иу куывдтытӕн дзуапп цӕуылнӕ ратты ӕмӕ нӕ бон куыд у афтӕ кувын, цӕмӕй-иу нын нӕ куывдтытӕн дзуапп ратта.