Разныхас
Цымӕ, абон ӕгас зӕххыл дӕр цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдон ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ ацы дунейы кӕрон хӕстӕг у? Кӕд о, уӕд нӕ бон у исты саразын, цӕмӕй, кӕрон куы ’рцӕуа, уӕд фервӕзӕм? Ацы дунейы кӕрон куы ’рцӕуа, уӕд уый фӕстӕ та цы уыдзӕн? Ацы журналы цы статьятӕ ис, уыдонӕй ацы фарстатӕн Библийы фӕрцы дзуаппытӕ базондзынӕ, ӕмӕ дын ныфсы хос фӕуыдзысты.