Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w21 октябрь 29–31 фф.
  • Сӕдӕ азы размӕ: 1921 аз

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Сӕдӕ азы размӕ: 1921 аз
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2021
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • ХЪӔБАТЫР ХЪУСЫНГӔНДЖЫТӔ
  • БИБЛИ ХИБАРӔЙ ӔМӔ БИНОНТИМӔ АХУЫР КӔНЫН
  • НОГ ЧИНЫГ!
  • НЫРМА БИРӔ КУЫСТ ИС
  • Йегъовӕ арфӕ кӕны, чи йӕм хъусы, уыдонӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2017
  • Сӕдӕ азы размӕ: 1922 аз
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2022
  • Авд фӕлтӕры бынтӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
  • Сӕдӕ азы размӕ: 1923 аз
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2023
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2021
w21 октябрь 29–31 фф.

Сӕдӕ азы размӕ: 1921 аз

1921 азы 1 январы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» уыди ахӕм фарста: «Ацы аз нӕм цавӕр куыст ӕнхъӕлмӕ кӕсы?» Ӕмӕ дзы ӕрхастой Исай 61:1, 2 стихтӕ: «Йегъовӕ [мӕ] байсӕрста, цӕмӕй сабыр адӕмӕн хорз хабар хъусын кӕнон... цӕмӕй хъусын кӕнон Йегъовӕйы хорзӕхы азы тыххӕй ӕмӕ нӕ Хуыцауы мастисӕн боны тыххӕй». Уыцы стихтӕ Библииртасджытӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтой, цы хӕс сыл уыд, уый – хъуамӕ хъусын кодтаиккой хорз хабар.

ХЪӔБАТЫР ХЪУСЫНГӔНДЖЫТӔ

Цӕмӕй Библииртасджытӕ, цы хӕс сыл уыд, уый ӕххӕст кодтаиккой, уый тыххӕй хъуамӕ уыдаиккой хъӕбатыр. Уыдоны ӕрмӕст сабыр адӕмӕн нӕ хъуыд «хорз хабар» хъусын кӕнын, фӕлӕ ма сӕ хъуыди фыдгӕнджытӕн «Хуыцауы мастисӕн боны тыххӕй» дзурын.

Ӕфсымӕр Джон Хоскин царди Канадӕйы. Уый ныфсджынӕй хъусын кодта, кӕд йӕ ныхмӕ цыдысты, уӕддӕр. 1921 азы уалдзӕджы фембӕлд методистты аргъуаны сауджыныл. Джон ын загъта: «Фӕнды мӕ, цӕмӕй Фыстадыл аныхас кӕнӕм. Цавӕрдӕр фарстаты фӕдыл иу хъуыдымӕ куы не ’рцӕуӕм, уӕддӕр хыл нӕ кӕндзыстӕм ӕмӕ кӕрӕдзийӕн „хӕрзбон“ зӕгъдзыстӕм». Фӕлӕ хабар ӕндӕрхуызон рауад. Джон радзырдта: «Цалдӕр минуты йеддӕмӕ нӕ аныхас кодтам, афтӕ йӕ дуар ахӕм гуыпп ныккодта, ӕмӕ загътон, дуары авг лыстӕг пырх ныууыдзӕн».

Сауджын ма ныхъхъӕр кодта: «Ацу ӕмӕ уӕртӕ, мӕнг хуыцӕуттӕн чи кувы, уыдонимӕ ныхас кӕн!» Джон ын ницыуал загъта. Фӕлӕ, куы фӕцӕйцыд, уӕд йӕхинымӕр ахъуыды кодта: «Ӕмӕ цыма ныр ахӕмимӕ ныхас кодтон».

Фӕлӕ сауджын ууыл не ’рлӕууыд. Иннӕ бон, аргъуаны чи уыд, уыцы адӕмӕн Джонӕй мӕнг ныхӕстӕ фӕкодта. Джон радзырдта: «Фӕдзырдта сын, нӕ горӕты, дам, ахӕм цӕстфӕлдахӕг никуы уыд ӕмӕ, дам, ӕй амарын хъӕуы». Фӕлӕ Джон нӕ фӕтарст. Уый дарддӕр дӕр хорз хабар хъусын кодта, ӕмӕ йӕм бирӕтӕ хъуыстой. Уый загъта: «Уый диссаджы рӕстӕг уыд. Уым хъусын кӕнын мӕ зӕрдӕмӕ тынг цыди. Чидӕртӕ мын-иу афтӕ дӕр дзырдтой, дӕу, дам, махмӕ Хуыцау рарвыста. Ӕмӕ-иу мӕ афарстой, цӕмӕй дӕм фӕкӕсӕм, зӕгъгӕ».

БИБЛИ ХИБАРӔЙ ӔМӔ БИНОНТИМӔ АХУЫР КӔНЫН

Библииртасджытӕ журналы «Сызгъӕрин ӕнус» уагътой рубрикӕтӕ Библи иртасынӕнa. Уыдоны фӕрцы, фылдӕр базонын кӕй фӕндыд, уыцы адӕмӕн ӕххуыс кодтой сӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн. Иу рубрикӕ хуынди «Ӕрыгӕттӕ ахуыр кӕнынц Библи». Уыди-иу дзы фарстатӕ. Ӕмӕ-иу ныййарджытӕн сӕ бон уыд уыцы фарстатыл сӕ сывӕллӕттимӕ аныхас кӕнын. Хъуамӕ-иу сӕм фарстатӕ лӕвӕрдтаиккой ӕмӕ-иу сын хъуамӕ баххуыс кодтаиккой дзуаппытӕ Библийы ссарынӕн. Уыди дзы, Библийы тыххӕй-иу хуымӕтӕг цыдӕртӕ кӕй фӕрцы базыдтой, ахӕм фарстатӕ, зӕгъӕм: «Библийы цал чиныджы ис?». Иннӕ фарстатӕ та сывӕллӕттӕн ӕмӕ ӕрыгӕттӕн ӕххуыс кодтой, цӕмӕй ныфсджынӕй хъусын кӕнынмӕ цӕттӕ уыдаиккой. Зӕгъӕм, ахӕм фарста: «Ӕцӕг чырыстӕттӕй алчидӕр ӕййафдзӕн ӕфхӕрд?».

Уыди ма дзы рубрикӕ фӕлтӕрдджын Библииртасджытӕн. Уыцы рубрикӕйы уыд фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ. Дзуаппытӕ ист уыдысты чиныг «Фыстад иртасын»-ы фыццаг томӕй, «Хуыцауы ӕнусон пълан», зӕгъгӕ. Уыцы рубрикӕтӕ мингай кӕсджытӕн стыр ӕххуыс фесты. Фӕлӕ 1921 азы 21 декабры «Сызгъӕрин ӕнус»-ы уыди хъусинаг, уыцы рубрикӕтӕ мыхуыры кӕй нал цӕудзысты. Цымӕ ахӕм ивындзинад цӕмӕн ӕрцыд?

НОГ ЧИНЫГ!

Чиныг «Хуыцауы хъисфӕндыр»

Карточкӕ; фыст дзы уыди, адӕймаг цы ӕрмӕг хъуамӕ бакастаид, уый

Карточкӕтӕ фарстатимӕ

Разамынд чи лӕвӕрдта, уыцы ӕфсымӕртӕ бамбӕрстой, Библи ахуыр кӕнынӕн цавӕрдӕр фӕтк кӕй хъӕуы ӕмӕ темӕтӕ радгай кӕй хъӕуы ахуыр кӕнын. Уымӕ гӕсгӕ 1921 азы ноябры рацыд чиныг «Хуыцауы хъисфӕндыр». Фылдӕр базонын-иу кӕй фӕндыд ӕмӕ-иу уыцы чиныг чи айста, уыдоны-иу хъусынгӕнджытӕ ныффыстой Библи ахуыр кӕныны курсмӕ. Уый фӕрцы-иу адӕм базыдтой, Хуыцау кӕй фӕнд кӕны адӕмӕн ӕнусон цард балӕвар кӕнын. Цымӕ-иу сӕ ахуыр куыд цыди?

Адӕймагӕн-иу чиныгимӕ радтой гыццыл карточкӕ. Фыст-иу дзы уыди, кӕцы фӕрстӕ-иу хъуамӕ бакастаид, уый. Иннӕ къуыри та-иу ӕм арвыстой ӕндӕр карточкӕ. Уым та-иу уыди фарстатӕ, кӕй бакаст, уыцы ӕрмӕгмӕ. Карточкӕйы кӕрон та-иу фыст уыд, ног къуыри цы хъуамӕ бакастаид, уый.

Адӕймаг-иу афтӕ Библи иртӕста 12 къуырийы дӕргъы. Алы къуыри дӕр-иу ӕм ног карточкӕ ӕрбарвыста Библииртасджыты бынӕттон ӕмбырд. Арӕхдӕр-иу уыцы карточкӕтӕ ӕрвыстой ацӕргӕтӕ кӕнӕ, йӕ бон хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын кӕмӕн нӕ уыд, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ. Зӕгъӕм, Аннӕ Гарднер Милвейлӕй (штат Пенсильвани, АИШ) радзырдта: «Мӕ хо Тейл инвалид уыди. Ӕмӕ чиныг „Хуыцауы хъисфӕндыр“ куы рацыд, уӕд хъусын кӕныны хъуыддаджы йӕ бон фылдӕр сси аразын. Алы къуыри дӕр карточкӕтӕ фарстатимӕ ӕрвыста, Библи чи ахуыр кодта, уыдонмӕ». 12 къуырийы фӕстӕ-иу ӕмбырдӕй исчи адӕймагмӕ бацыди ӕмӕ йын дарддӕр ӕххуыс кодта Библи хуыздӕр бамбарынӕн.

Тейл Гарднер инвалиды коляскӕйы

НЫРМА БИРӔ КУЫСТ ИС

1921 азы кӕрон ӕфсымӕр Джозеф Рутерфорд ӕппӕт ӕмбырдтӕм дӕр писмо ныффыста. Фыст дзы уыди: «Паддзахады тыххӕй хорз хабар ацы аз цас адӕм фехъуыста, уыйбӕрц никуыма. Хуымгӕрдӕны нын тынг бирӕ бантыст». Фӕлӕ сӕ куыст ууыл нӕ фӕци. Рутерфорд ма ныффыста: «Фӕлӕ нын нырма бирӕ куыст ис. Иннӕты дӕр разӕнгард кӕнут ацы арфӕйаг хъуыддаджы архайынмӕ». Куыд зыны, афтӕмӕй йын Библииртасджытӕ йӕ уынаффӕмӕ байхъуыстой. 1922 азы Хуыцауы Паддзахады хабар ноджы зӕрдиагдӕрӕй ӕмӕ ныфсджындӕрӕй хъусын кодтой.

Хъӕбатыр ӕмбӕлттӕ

Библииртасджытӕ кӕрӕдзийы уарзтой ӕфсымӕртау. Кӕрӕдзийӕн уыдысты, «зын сахат адӕймаджы фарсмӕ ӕрбалӕууынӕн чи райгуыры», ахӕм хъӕбатыр ӕмбӕлттӕ (Ӕмб. 17:17). Ӕмӕ уый бӕрӕг у ацы хабарӕй.

1921 азы 31 майы, дыццӕджы, горӕт Талсӕйы (штат Оклахомӕ, АИШ) райдыдтой змӕстытӕ, иу сауцъар нӕлгоймаджы ахӕстоны кӕй бакодтой, уый тыххӕй. Аххосджын ӕй кодтой, урсцъар сылгоймагмӕ, дам, йӕ къух систа. Урсцъар нӕлгоймӕгтӕ (уыдысты иу минӕй фылдӕр) сызмӕстой сауцъар нӕлгоймӕгтимӕ (уыдон уыдысты къаддӕр). Ӕмӕ уайтагъд змӕстытӕ райдыдтой Гринвуды дӕр, сауцъар адӕм кӕм цардысты, уыцы районы. Уым 1 400 хӕдзарӕй ӕмӕ дуканийӕ фылдӕр фӕдавтой ӕмӕ сӕ басыгътой. Бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ дзы фӕмард 36 адӕймаджы. Фӕлӕ дзы ӕцӕгӕй та фӕмардаид 300 адӕймаджы бӕрц.

Ричард Хилл, сауцъар ӕфсымӕр, царди Гринвуды. Уый радзырдта: «Змӕстытӕ куы райдыдтой, уыцы изӕр махӕн уыди ӕмбырд. Ӕмбырд куы фӕци, уӕд нӕм горӕты центрӕй райхъуыст гӕрӕхтӕ. Ӕмӕ суанг ӕмбисӕхсӕвмӕ дӕр нӕ банцадысты». Ӕртыццӕджы райсомӕй, 1 июны, рабӕрӕг, уавӕр ноджы фыддӕр кӕй фӕци. Чидӕртӕ нӕм ӕрбацыдысты ӕмӕ нын загътой, зӕгъгӕ, дам, уын ам ӕдас нӕу, ӕмӕ, дам, хуыздӕр уыдзӕн, ныртӕккӕ горӕты театры агъуыстмӕ куы ацӕуат, уӕд. Гъемӕ Ричард йӕ бинойнагимӕ ӕмӕ йӕ фондз сывӕллонимӕ уайтагъд уырдӕм ацыдысты. Уым уыди 3 000 сауцъар нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы бӕрц. Ӕмӕ сӕ хъахъхъӕдтой, хицауад змӕстытӕ бауромынмӕ кӕй рарвыста, уыцы ӕфсӕддонтӕ.

Артур Клаус уыди урсцъар ӕфсымӕр. Уый стыр хъӕбатырдзинад равдыста. Артур радзырдта: «Куы йӕ базыдтон, змӕнтджытӕ Гринвуды бирӕ хӕдзӕрттӕ кӕй фӕдавтой ӕмӕ кӕй басыгътой, уӕд сфӕнд кодтон, мӕ зынаргъ ӕмбал Ричард куыд у, уый базонын».

Артур Клаус ӕмӕ, Библи кӕимӕ ахуыр кодта, уыцы сывӕллӕттӕ (сты 14). Библи ахуыр кодтой чиныг «Хуыцауы хъисфӕндыр»-ы фӕрцы

Артур Ричарды хӕдзары раз федта урсцъар нӕлгоймаджы. Уый уыди Ричарды сыхаг, йӕ къухы та уыди топп. Уыцы сыхаг Ричардимӕ хорз цард. Уый афтӕ ахъуыды кодта, ӕмӕ Артур дӕр змӕнтджытӕй у. Ӕмӕ фӕхъӕр кодта, ам, дам, цы аразыс.

Артур радзырдта: «Мӕ дзуапп йӕ зӕрдӕмӕ куы нӕ фӕцыдаид, уӕд мӕ фехстаид. Ӕз ын загътон, Ричарды ӕмбал кӕй дӕн, ӕмӕ-иу ӕм хӕдзары дӕр арӕх кӕй уыдтӕн». Артуры ӕмӕ уыцы сыхаджы фӕрцы Ричарды хӕдзармӕ ничи бавнӕлдта.

Уый фӕстӕ Артур базыдта, Ричард ӕмӕ йӕ бинонтӕ театры агъуысты кӕй сты. Фӕлӕ уырдыгӕй иу сауцъар адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕ уыд рацӕуын, генерал Барретт бардзырд куы нӕ радтаид, уӕд. Артур радзырдта: «Генералимӕ фембӕлын афтӕ ӕнцон нӕ уыд, фӕлӕ мын уый бантыст. Мӕ фӕнд ын куы бамбарын кодтон, уӕд мӕ бафарста: „Ацы бинонтӕм фӕкӕсдзынӕ, дӕ бар сӕ бакӕнӕн ис?“ Ӕмӕ йын ӕз дӕр загътон: „Куыннӕ сӕм фӕкӕсдзынӕн!“»

Генерал гӕххӕттыл йӕ къух куы ’рфыста, уӕд Артур театры агъуыстмӕ атагъд кодта. Гӕххӕтт офицермӕ куы равдыста, уӕд офицер тынг бадис кодта ӕмӕ загъта: «Генерал йӕхӕдӕг ӕрфыста йӕ къух?! Зоныс ӕй, абон ардыгӕй нырма никӕй акодтой. Дӕу йеддӕмӕ нырма никӕмӕн радтой ахӕм бар». Артур офицеримӕ Ричарды ӕмӕ йӕ бинонты тагъд ссардтой. Уыдон йӕ машинӕйы сбадтысты, ӕмӕ сӕ сӕ хӕдзармӕ аласта.

«Хуыцауы адӕмы ’хсӕн иутӕ иннӕтӕй сӕхи хуыздӕрыл нӕ нымадтой»

Артур алцыдӕр сарӕзта, цӕмӕй Ричард ӕмӕ йӕ бинонтӕ ӕдас уыдаиккой. Цы уарзондзинад ӕмӕ цы хъӕбатырдзинад равдыста, уый иннӕтӕ дӕр уыдтой. Артур радзырдта: «Ричарды хӕдзар чи хъахъхъӕдта, уыцы сыхаг дӕр нӕм ноджы хуыздӕр цӕстӕй кӕсын райдыдта. Стӕй бирӕты бафӕндыд рӕстдзинады тыххӕй фылдӕр базонын, уымӕн ӕмӕ уыдтой, урсцъар ӕмӕ сауцъар адӕмыл кӕй нӕ дихтӕ кодтам ӕмӕ Хуыцауы адӕмы ’хсӕн иутӕ иннӕтӕй сӕхи хуыздӕрыл кӕй нӕ нымадтой».

a 1937 азы журнал «Сызгъӕрин ӕнус» схуыдтой «Удӕнцой». 1946 азы та йӕ схуыдтой «Райхъал ут!».

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын