Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • wp22 № 1 4–5 фф.
  • Адӕм кӕрӕдзийӕ се сӕфт цӕмӕн уынынц?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Адӕм кӕрӕдзийӕ се сӕфт цӕмӕн уынынц?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2022
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Адӕймаг искӕмӕй йе сӕфт куы фӕуыны, уӕд цы фенкъары?
  • АДӔЙМАГ ИСКӔМӔЙ ЙЕ СӔФТ ЦӔМӔН ФӔУЫНЫ?
  • ИННӔТӔ АХӔМ ЗОНДӔЙ КУЫД ФӔХЪӔСТӔ ВӔЙЙЫНЦ?
  • БИБЛИ ХАБАР ӔРГОМ КӔНЫ
  • Уый гӕнӕн ис, ӕмӕ адӕймаг йе сӕфт макӕмӕйуал уына!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2022
  • Тагъд рӕстӕджы ничи никӕмӕйуал уындзӕн йе сӕфт!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2022
  • Адӕм кӕрӕдзийӕ се сӕфт цӕмӕн уынынц? Библийы цы фыст ис?
    Ӕндӕр темӕтӕ
  • Разныхас
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2022
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2022
wp22 № 1 4–5 фф.

Адӕм кӕрӕдзийӕ се сӕфт цӕмӕн уынынц?

Ацы дунейы бирӕтӕ кӕмӕйдӕрты се сӕфт фӕуынынц. Афтӕ цӕмӕн у? Цӕмӕй уый бамбарӕм, уый тыххӕй аныхас кӕндзыстӕм ахӕм фарстатыл: искӕмӕй йе сӕфт чи фӕуыны, уыцы адӕймаг цы фенкъары? Уӕвгӕ афтӕ цӕмӕн рауайы? Иннӕтӕ дӕр ахӕм зондӕй куыд фӕхъӕстӕ вӕййынц?

Адӕймаг искӕмӕй йе сӕфт куы фӕуыны, уӕд цы фенкъары?

Ахӕм адӕймаг кӕмӕйдӕр йӕ удхӕссӕг фӕуыны, ӕнад ын вӕййы, знаджы цӕстӕй йӕм фӕкӕсы ӕмӕ йӕм ӕдзухдӕр йӕ зӕрдӕйы маст фӕхӕссы. Ӕмӕ ахӕм цӕстӕй, гӕнӕн ис, кӕса иу адӕймагмӕ кӕнӕ цавӕрдӕр адӕмы къордмӕ.

АДӔЙМАГ ИСКӔМӔЙ ЙЕ СӔФТ ЦӔМӔН ФӔУЫНЫ?

Афтӕ рауайы бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй. Вӕййы афтӕ, ӕмӕ адӕймаг кӕмӕйдӕр йе сӕфт фӕуыны, ӕвзӕрӕй йын цыдӕр кӕй сарӕзта, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ чи у, уый тыххӕй. Зӕгъӕм, чидӕр йе сӕфт фӕуыны кӕцыдӕр адӕмыхаттӕй, уымӕн ӕмӕ йӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ иууылдӕр ӕвзӕр сты, хорзӕй сӕм ницӕмӕ ис ӕнхъӕлмӕ кӕсӕн, никуы фӕивдзысты ӕмӕ ӕппӕт бӕллӕхтӕ дӕр уыдоны аххос сты. Гӕнӕн ис, уыцы адӕмыхатт йӕхи адӕмыхаттӕй ӕвзӕрдӕрыл фӕнымайы. Чидӕр та кӕмӕйдӕр йе сӕфт фены, бирӕ маст ын кӕй бавзарын кодтой кӕнӕ ӕнаххосӕй ӕфхӕрд кӕй баййӕфта, уый тыххӕй.

ИННӔТӔ АХӔМ ЗОНДӔЙ КУЫД ФӔХЪӔСТӔ ВӔЙЙЫНЦ?

Иуӕй-иу хатт адӕймаг йӕ удхӕссӕг фӕуыны, зӕгъӕм, кӕцыдӕр адӕмыхаттӕй кӕнӕ кӕцыдӕр диныл хӕст адӕмӕй, зонгӕ дзы никӕй фӕкӕны, афтӕмӕй. Афтӕ цӕмӕн рауайы? Зӕгъӕм, йӕ бинонтӕ кӕнӕ сӕм йе ’мбӕлттӕ ӕвзӕр цӕстӕй куы фӕкӕсынц, уӕд уый дӕр сӕ зондӕй фӕхъӕстӕ вӕййы, ӕмбаргӕ дӕр ӕй нӕ бакӕны, афтӕмӕй.

Уӕдӕ йӕ уынӕм, ахӕм зондахаст ӕнцонтӕй кӕй ахъары адӕмы зонды ӕмӕ зӕрдӕты. Ӕмӕ уыйбӕрц адӕм дӕр уый тыххӕй кӕсынц бирӕтӕм знаджы цӕстӕй. Фӕлӕ уымӕн ис кӕрон скӕнӕн. Куыд? Фыццаг уал базонӕм, уыцы фыдбылыз куыд фӕзынд. Фенӕм, Библи цы зӕгъы.

БИБЛИ ХАБАР ӔРГОМ КӔНЫ

Дыууӕ стрелкӕйы кӕрӕдзийы фӕдыл зилынц. Ӕвдисынц, адӕймаг кӕмӕйдӕр йе сӕфт цӕмӕн фӕуыны, уый аххосӕгтӕ. 1. Мӕнг ныхӕстӕ: бинонты ӕмӕ зонгӕты хъуыды, социалон сетьтӕ, ног хабӕрттӕ. 2. Бирӕ нӕ фӕзоны уыцы культурӕйы тыххӕй, уыцы адӕмыхатты тыххӕй, уыцы дины тыххӕй. 3. Фӕтӕрсы ивындзинӕдтӕй; цы йӕм ис, уый йын куы байсой, уымӕй; дарддӕр цы уыдзӕн, уый кӕй нӕ фӕзоны, уый тыххӕй. 4. Кӕмӕйдӕр йе сӕфт фены: ӕвзӕр цӕстӕй сӕм фӕкӕсы, фефхӕры сӕ, фӕкӕны фыдмитӕ

ГӔНӔГ УЫДИ ИУ ЗӔД. Уый Хуыцауы ныхмӕ рацыд ӕмӕ сси Сайтан Хӕйрӕг. «Уый йӕхи фӕндагыл куы слӕууыд, уӕд дӕр уыди лӕгмар». «Уый у мӕнгдзурӕг ӕмӕ мӕнгдзинады фыд», ӕмӕ адӕмы дӕр ардыдта, цӕмӕй кӕрӕдзийӕ се сӕфт уыдтаиккой ӕмӕ фыдхъуыддӕгтӕ арӕзтаиккой (Иоанны 8:44; 1 Иоанны 3:11, 12). Библийӕ базонӕн ис, саузӕрдӕ кӕй у ӕмӕ мӕстӕй кӕй фыцы (Иов 2:7; Раргомад 12:9, 12, 17).

ӔНӔХХӔСТ АДӔМ УЫЦЫ ӔВЗӔРДЗИНАД СӔ ТУДЖЫ РАХӔССЫНЦ. Фыццаг адӕймаг Адам Хӕйрӕджы зондыл ацыд. Уымӕ гӕсгӕ адӕм иууылдӕр сӕ туджы рахастой тӕригъӕд ӕмӕ ӕнӕххӕстдзинад (Ромӕгтӕм 5:12). Адамы фыццаг фырт Каин йе ’фсымӕр Авелӕй йӕ удхӕссӕг федта ӕмӕ йӕ амардта (1 Иоанны 3:12). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, адӕм се ’ппӕт ахӕм не сты. Бирӕтӕ сты фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ иннӕты уарзынц. Фӕлӕ ӕнӕххӕст адӕмӕй бирӕтӕ сты хиуарзон, хӕлӕггӕнаг, сӕрбӕрзонд, ӕмӕ уый тыххӕй иннӕтӕм знаджы цӕстӕй кӕсын райдайынц (2 Тимофеймӕ 3:1–5).

БИРӔТӔ НӔ ФӔБЫХСЫНЦ, ЧИДӔРТӔ УЫДОНЫ ХУЫЗӔН КӔЙ НЕ СТЫ, УЫМӔН. «Ӕгас дуне... ис Фыдбылызы къухы», ома Хӕйрӕджы къухы (1 Иоанны 5:19). Ацы дуне адӕмы ӕдзух ахӕм зондыл фӕардауы, цӕмӕй уой ӕгъатыр ӕмӕ, кӕмӕн цы разнаггад кӕной, ууыл хъуыды кӕной. Хӕйрӕджы дунейы адӕм кӕрӕдзийӕн нӕ быхсынц, кӕрӕдзимӕ ӕвзӕр цӕстӕй кӕсынц, ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ фӕкӕнынц ӕмӕ фӕкӕнынц алы фыдхъуыддӕгтӕ.

Библи, ацы дуне ахӕм уавӕры цӕмӕн ис, ӕрмӕст уый не ’ргом кӕны. Библийӕ ма базонӕн ис, цы ис саразӕн, цӕмӕй адӕм кӕрӕдзийӕ се сӕфт мауал уыной.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын