32 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ
Ӕрыгӕттӕ, донаргъуыды фӕстӕ дӕр фӕлтӕрддзинадмӕ тырнут
«Уарзондзинады фӕрцы алы хъуыддаджы дӕр рӕзӕм» (ЕФ. 4:15).
56 ЗАРӔГ Рӕстдзинад тынг бауарз
СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫa
1. Ӕрыгӕттӕй бирӕтӕн нырмӕ дӕр цы бантыст?
АЛЫ аз дӕр мингай ӕрыгон лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ донаргъуыд райсынц. Кӕд ды дӕр уыцы ахсджиаг къахдзӕф скодтай, уӕд Йегъовӕ дӕр ӕмӕ де ’мбырды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ дӕр ууыл тынг цин кӕнынц! (Ӕмб. 27:11). Нырмӕ дӕр дын бирӕ бантыст. Библи зӕрдиагӕй ахуыр кодтай, гӕнӕн ис, цалдӕр азы дӕргъы дӕр. Уый фӕрцы дӕ бауырныдта, Библи Хуыцауы Ныхас кӕй у. Уымӕй ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ базыдтай Библийы Авторы, Хуыцау Йегъовӕйы, ӕмӕ йӕ бауарзтай. Афтӕ тынг ӕй бауарзтай, ӕмӕ йын дӕхи снывонд кодтай ӕмӕ уый фӕстӕ донаргъуыд райстай. Ӕмӕ уый уыд раст уынаффӕ!
2. Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?
2 Цалынмӕ донаргъуыд нӕ райстай, уӕдмӕ дӕр ӕмбӕлдтӕ зындзинӕдтыл ӕмӕ дӕ уырнындзинад фӕлвӕрд цыд. Фӕлӕ уый фӕстӕ ӕмбӕлдзынӕ ног фӕлварӕнтыл. Хӕйрӕджы нӕ фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнай. Ӕмӕ архайдзӕн, цӕмӕй йыл дӕ зӕрдӕ сивай (Еф. 4:14). Фӕлӕ дыл ахӕм хабар макуы ’рцӕуӕд! Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дарддӕр дӕр Йегъовӕйыл иузӕрдион уай ӕмӕ йын цы дзырд радтай, уымӕ гӕсгӕ цӕрай? Хъуамӕ дарддӕр дӕр «ӕппӕт хъарутӕй тырнай фӕлтӕрддзинадмӕ» (Дзут. 6:1). Уый дӕ бон куыд у аразын?
ФӔЛТӔРДДЖЫНДӔР ЦӔЙ ФӔРЦЫ КӔНДЗЫНӔ?
3. Донаргъуыды фӕстӕ дӕр чырыстӕттӕ цы хъуамӕ аразой?
3 Донаргъуыды фӕстӕ не ’ппӕты дӕр хъӕуы архайын, апостол Павел Ефесы чырыстӕттӕн цы уынаффӕ радта, уымӕ гӕсгӕ. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, хъуамӕ сӕ «лӕджы кары» бацыдаиккой (Еф. 4:13). Уый куыд ӕмбаргӕ у? Хъуамӕ фӕлтӕрдджындӕр кодтаиккой. Чырыстон фӕлтӕрдджындӕр куыд кӕны, уый Павел абарста, сывӕллон куыд рӕзы, уыимӕ. Сывӕллон куы райгуыры, уӕд фыд ӕмӕ мад сӕ гыццыл хуры цинӕй нал фефсӕдынц. Фӕлӕ ноггуырд сывӕллон ноггуырдӕй нӕ баззайы. Куы сыстыр вӕййы, уӕд ӕй бахъӕуы «сывӕллоны митӕ» ныууадзын (1 Кор. 13:11). Ӕмӕ чырыстӕттӕн дӕр сӕ хабар афтӕ у. Донаргъуыды фӕстӕ дӕр хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, цӕмӕй фӕлтӕрдджындӕр кӕнӕм. Уымӕн нын цы баххуыс кӕндзӕн? Ӕркӕсӕм цалдӕр уынаффӕмӕ.
4. Цавӕр миниуӕг дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фӕлтӕрдджындӕр кӕнай? Дӕ дзуапп бамбарын кӕн (Филиппӕгтӕм 1:9).
4 Йегъовӕйы тынгдӕр бауарз. Ныр дӕр Йегъовӕйы бирӕ уарзыс. Фӕлӕ дӕ бон у, ӕмӕ йӕ ноджы тынгдӕр бауарзай. Уый бӕрӕг у, апостол Павел Филиппӕгтӕм 1:9 стихы цы ныффыста, уымӕй. (Бакӕс ӕй.) Павел Хуыцаумӕ куывта, цӕмӕй филиппӕгтӕн сӕ уарзондзинад «фылдӕрӕй-фылдӕр» кодтаид. Уӕдӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ мах дӕр Йегъовӕйы тынгӕй-тынгдӕр уарзӕм. Уый тыххӕй та хъуамӕ бӕлвырдӕй зонӕм ӕмӕ хорз ӕмбарӕм, цы у Хуыцауы фӕндон. Йегъовӕйы хуыздӕр куы базонӕм, уӕд ӕй ноджы тынгдӕр бауарзӕм ӕмӕ, цы аразы, уымӕн ноджы тынгдӕр фӕаргъ кӕнӕм. Стӕй нӕ тынгдӕр фӕфӕнды йӕ зӕрдӕ йын рухс кӕнын ӕмӕ фӕархайӕм, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ мацӕмӕй фӕриссын кӕнӕм. Мах зӕрдиагӕй фӕархайӕм йӕ фӕндон бамбарыныл ӕмӕ йӕ ӕххӕст кӕныныл.
5, 6. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйы тынгдӕр бауарзӕм? Дӕ дзуапп бамбарын кӕн.
5 Йегъовӕйы ма тынгдӕр бауарздзыстӕм, йӕ Фырты йын хуыздӕр куы базонӕм, уӕд, уымӕн ӕмӕ уый алцӕмӕй дӕр йӕ Фыды фӕзмыдта (Дзут. 1:3). Йесойы та хуыздӕр базондзыстӕм, цыппар Евангелийы лӕмбынӕг куы иртасӕм, уӕд. Кӕд дын нӕма уайы Библи алы бон дӕр кӕсын, уӕд дӕ бон у дӕ разы ахӕм нысан сӕвӕрын, ӕмӕ йӕ абонӕй фӕстӕмӕ алы бон дӕр кӕсай. Библийы Йесойы тыххӕй куы кӕсай, уӕд-иу ахъуыды кӕн йӕ миниуджытыл. Адӕмӕн Йесоимӕ уыди ӕнцон ӕмӕ уарзтой йемӕ ныхас кӕнын. Суанг-иу ӕм гыццыл сывӕллӕттӕ дӕр цыдысты, ӕмӕ-иу сӕ йӕ хъӕбысы ӕрбакодта (Мар. 10:13–16). Йесо уыди хӕларзӕрдӕ ӕмӕ фӕлмӕн. Ӕмӕ-иу ын йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ, цы хъуыды кодтой, уый сӕрибарӕй дзырдтой (Матф. 16:22). Уымӕй Йесо фӕзмыдта йӕ уӕларвон Фыды. Йегъовӕимӕ дӕр ӕнцон у ныхас кӕнын. Уый нын нӕ куывдтытӕм лӕмбынӕг фӕхъусы. Мах нӕ фӕтӕрсӕм, нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый йын дзурын. Ӕмӕ йӕ фидарӕй фӕзонӕм, кӕй нӕ бамбардзӕн ӕмӕ ныл йӕ зӕрдӕ кӕй нӕ фӕхуддзӕн. Уый нӕ уарзы ӕмӕ ныл тыхсы (1 Пет. 5:7).
6 Уымӕй уӕлдай ма Йесо уыди тӕригъӕдгӕнаг. Апостол Матфей ныффыста: «Уыйбӕрц адӕмы куы федта, уӕд сын фӕтӕригъӕд кодта, уымӕн ӕмӕ уыдысты ӕнӕфыййау фыстау, ӕфхӕрд ӕмӕ дзӕгъӕл» (Матф. 9:36). Йегъовӕйӕ та цы ис зӕгъӕн? Йесо загъта: «Мӕ уӕларвон Фыды... нӕ фӕнды, цӕмӕй ацы гыццылтӕй иу дӕр фесӕфа» (Матф. 18:14). Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ нӕ бирӕ кӕй уарзы, ӕмӕ нын уый ӕхсызгон у. Уӕдӕ Йесойы хуыздӕр куы базонӕм, уӕд Йегъовӕйы тынгдӕр бауарздзыстӕм.
7. Дӕ рӕстӕг фӕлтӕрдджын чырыстӕттимӕ куы ’рвитай, уӕд дын уый куыд баххуыс кӕндзӕн?
7 Цы ма дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйы тынгдӕр бауарзай ӕмӕ фӕлтӕрдджындӕр кӕнай? Дӕ рӕстӕг ӕрвит де ’мбырды фӕлтӕрдджын хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ. Куыд амондджын сты, уый куыннӕ уыныс. Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын кӕй райдыдтой, ууыл нӕ фӕсмон кӕнынц. Зӕгъ-иу сын, цӕмӕй дын радзурой, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ сыл цы хорз хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдон. Цавӕрдӕр ахсджиаг уынаффӕ рахӕссын дӕ куы хъӕуа, уӕд-иу семӕ аныхас кӕн. Дӕ зӕрдыл дар: «Бирӕ уынаффӕгӕнджытӕ кӕм уа, уым... алцыдӕр рауайдзӕн» (Ӕмб. 15:22).
Скъолайы эволюцийы ахуырад куы цӕуат, уӕд дӕ бон куыд уыдзӕн дӕхи бацӕттӕ кӕнын, цӕмӕй аныхас кӕнай, цард куыд фӕзынд, ууыл? (кӕс 8, 9 абзацтӕ)
8. Библийы ахуырӕдтӕй искӕцыйыл дызӕрдыг кӕнын куы райдайай, уӕд дӕ бон цы уыдзӕн саразын?
8 Дызӕрдыг хъуыдытӕй-иу фервӕз. 2-аг абзацы дзырд цыди, Хӕйрӕджы кӕй нӕ фӕнды, цӕмӕй дӕ уырнындзинад фидардӕр кӕна ӕмӕ Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнай. Ӕмӕ дӕ хъыгдардзӕн. Зӕгъӕм, архайдзӕн, цӕмӕй Библийы ахуырӕдтӕй кӕцыдӕртыл дызӕрдыг кӕнын райдайай. Дызӕрдыг хъуыдытыл бафтауы, зӕгъӕм, эволюцийы ахуырады фӕрцы. Къаддӕр куы уыдтӕ, уӕд, гӕнӕн ис, уыцы ахуырады тыххӕй хъуыды дӕр никуы кодтай. Фӕлӕ йӕ ныр, чи зоны, скъолайы цӕут. Ахуыргӕнджытӕ эволюцийы тыххӕй цы фӕдзурынц, уый дӕм, гӕнӕн ис, раст фӕкӕса. Фӕлӕ уыдон, ӕвӕццӕгӕн, бӕстон никуы раиртӕстой, алцыдӕр Хуыцау кӕй сфӕлдыста, уымӕн цы бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, уыдон. Ӕрхъуыды-ма кӕн, Ӕмбисӕндты 18:17 стихы цы хъуыды ис, уый: «Тӕрхоны фыццаг чи райдайы дзурын, уый раст вӕййы, цалынмӕ иннӕ не ’рбацӕуы ӕмӕ не сбӕлвырд кӕны, хъуыддаг ӕцӕгдӕр афтӕ у ӕви нӕ». Уӕдӕ афтӕ ма хъуыды кӕн, ӕмӕ, скъолайы цыдӕриддӕр дзурынц, уыдӕттӕ иууылдӕр раст сты. Уый бӕсты-иу, Библийы цы фыст ис, уый лӕмбынӕг раиртас. Нӕ публикациты-иу ӕрмӕг бацагур. Раздӕр эволюцийыл чи ӕууӕндыд, ахӕм хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ-иу аныхас кӕн. Бафӕрс сӕ, цӕмӕн сӕ бауырныдта, уарзӕгой Сфӕлдисӕг кӕй ис, уый. Уый фӕрцы ссардзынӕ фылдӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ.
9. Мелиссӕйы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕныс?
9 Хо Мелиссӕ раиртӕста, алцыдӕр Хуыцау кӕй сфӕлдыста, уыцы фарстаb. Ӕмӕ йын уый баххуыс кодта, цӕмӕй дызӕрдыг хъуыдытӕй фервӕзтаид. Уый загъта: «Ахуыргӕнджытӕ эволюцийы тыххӕй афтӕ фӕдзурынц, ӕмӕ дӕ эволюци бауырндзӕн. Фыццаг мӕ нӕ фӕндыд уыцы фарста лӕмбынӕгдӕр раиртасын. Тарстӕн, эволюцийы ахуырад раст куы разына, уымӕй. Фӕлӕ ахъуыды кодтон, зӕгъын, Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй-иу, цӕуыл ӕууӕндӕм, уымӕн фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ ссарӕм. Ӕмӕ ӕз дӕр афтӕ бакодтон». Мелиссӕ бакаст чиныг «Ӕнувыд Сфӕлдисӕг уӕвы?» ӕмӕ брошюрӕтӕ, цард куыд фӕзынд, уый тыххӕйc. Ӕмӕ загъта, зӕгъгӕ, дам, сӕ нырмӕ дӕр цӕуылнӕ раиртӕстон. Уыцы публикацитӕ йын ӕцӕгдӕр тынг баххуыс кодтой.
10, 11. Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дарддӕр дӕр хӕрзӕгъдау цард кӕнай? (1 Фессалоникӕгтӕм 4:3, 4).
10 Дӕхи хиз ӕвзӕр хъуыддӕгтӕй. Рӕзгӕ кары лӕппутӕн ӕмӕ чызджытӕн сӕ буары монцтӕ стыхджын вӕййынц. Уымӕй уӕлдай ма сын, гӕнӕн ис, иннӕтӕ ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕ аразын кӕной. Ӕмӕ Хӕйрӕджы дӕр фӕнды, цӕмӕй дӕ буары монцты фӕдыл ацӕуай. Фӕлӕ дын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дарддӕр дӕр хӕрзӕгъдау цард кӕнай? (Бакӕс 1 Фессалоникӕгтӕм 4:3, 4.) Йегъовӕмӕ-иу скув ӕмӕ йын-иу радзур, ӕнцон дын кӕй нӕу дӕ буары монцтимӕ тох кӕнын. Тыхтӕ-иу дзы ракур, цӕмӕй ма фӕрӕдийай (Матф. 6:13). Йегъовӕ дын уайдзӕфтӕ нӕ кӕндзӕн. Уый дын зӕрдиагӕй баххуыс кӕндзӕн (Пс. 103:13, 14). Стыр ӕххуыс ма дын фӕуыдзӕн Библи дӕр. Мелиссӕ дӕр ӕнӕгъдау хъуыдытимӕ тох кодта. Уый зӕгъы: «Библи алы бон дӕр кӕй кастӕн, уый мын тынг ӕххуыс кодта. Уый фӕрцы мӕ рох нӕ уыд, ӕз Йегъовӕйы кӕй дӕн ӕмӕ мӕ ӕцӕгдӕр кӕй фӕнды, цӕмӕй йын лӕггад кӕнон» (Пс. 119:9).
11 Дӕ зындзинӕдтимӕ иунӕгӕй ма тох кӕн. Дӕ ныййарджытӕй дӕр ӕххуыс ракур. Семӕ ахӕм цӕуылдӕрты ныхас кӕнын, чи зоны, ӕфсӕрмы кӕныс. Фӕлӕ уый тынг ахсджиаг у. Мелиссӕ загъта: «Мӕ ныййарджытимӕ аныхас кӕнын нӕ уӕндыдтӕн. Фӕлӕ Йегъовӕмӕ скуывтон, ӕмӕ уый фӕстӕ мӕ фыдимӕ аныхас кодтон. Ӕмӕ мын бирӕ фенцондӕр. Ӕз ӕй зонын, Йегъовӕ мӕ сӕрыстыр кӕй уыд».
12. Цы дын баххуыс кӕндзӕн раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн?
12 Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архай. Куыд стырдӕр кӕнай, афтӕ дын дӕ ныййарджытӕ дӕтдзысты фылдӕр сӕрибардзинад, ӕмӕ дӕхи бон дӕр уыдзӕн уынаффӕтӕ хӕссын. Фӕлӕ дӕм нырма царды фӕлтӕрддзинад нӕй. Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ ма фӕрӕдийай ӕмӕ Йегъовӕйӕ ма адард уай? (Ӕмб. 22:3). Хо Кари радзырдта, раст уынаффӕтӕ хӕссын куыд сахуыр, уый тыххӕй. Уый бамбӕрста, фӕлтӕрд чырыстӕтты алы уавӕрӕн дӕр закъӕттӕ кӕй нӕ хъӕуы. Кари загъта: «Ахсджиагдӕр уыд, цӕмӕй сахуыр уыдаин Библийы уагӕвӕрдтӕ ӕмбарын, ома, Йегъовӕ цӕмӕдӕрты цы цӕстӕй кӕсы, уый ӕмбарын». Библи кӕсгӕйӕ-иу ахъуыды кӕн ахӕм фарстатыл: «Ацы скъуыддзагӕй, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, уый тыххӕй цы ис базонӕн? Йӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый аразынӕн мын чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм уагӕвӕрдтӕ дзы ис? Кӕд о, уӕд мын царды куыд баххуыс кӕндзысты?» (Пс. 19:7; Ис. 48:17, 18). Библи куы кӕсай ӕмӕ йын йӕ уагӕвӕрдтыл куы хъуыды кӕнай, уӕд дын ӕнцондӕр уыдзӕн, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм уынаффӕтӕ хӕссын. Фӕлтӕрдджындӕр куы кӕнай, уӕд хуыздӕр ӕмбардзынӕ, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, уый. Ӕмӕ уӕд фендзынӕ, алы уавӕрӕн дӕр дӕ закъон кӕй нӕ хъӕуы.
Ӕрыгон хойӕн цавӕр ӕмбӕлттӕ фӕзынд? (кӕс 13 абзац)
13. Хорз ӕмбӕлттӕ дын куыд баххуыс кӕндзысты? (Ӕмбисӕндтӕ 13:20).
13 Йегъовӕйы чи уарзы, ахӕм ӕмбӕлттӕ агур. Куыд загътам, афтӕмӕй дын хорз ӕмбӕлттӕ баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй фӕлтӕрд чырыстон суай. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 13:20.) Хо Сарӕйӕн йӕ лӕггад циндзинад нал хаста. Фӕлӕ йын цыдӕр баххуыс кодта, цӕмӕй та йӕ зӕрдӕйы зынг ссыгъдаид. Сарӕ радзырдта: «Фӕзынди мын хорз ӕмбӕлттӕ. Растдӕр мӕ уый хъуыди. Иу ӕрыгон хоимӕ-иу алы къуыри дӕр ахуыр кодтам статья „Хъахъхъӕнӕн мӕсыг“-ӕй. Ӕндӕр хо та мын баххуыс кодта, цӕмӕй ӕмбырды райдыдтаин дзуаппытӕ дӕттын. Ме ’мбӕлттӕ мын кӕй ӕххуыс кодтой, уый фӕрцы куыдфӕндыйы цӕстӕй нал кастӕн Библи иртасынмӕ ӕмӕ кувынмӕ. Йегъовӕмӕ тынгдӕр баввахс дӕн, ӕмӕ та мын мӕ лӕггад циндзинад хӕссын райдыдта».
14. Джулиенӕн хорз ӕмбӕлттӕ куыд фӕзынд?
14 Дӕ бон куыд у хорз ӕмбӕлттӕ ссарын? Иу хистӕр нӕлгоймаг, Джулиен, радзырдта: «Ӕрыгондӕр куы уыдтӕн, уӕд хорз ӕмбӕлттӕ ссардтон, кӕимӕ-иу хъусын кодтон, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты ’хсӕн. Уыдон уыдысты тынг зынгзӕрдӕ, ӕмӕ сӕ фӕрцы бамбӕрстон, хорз хабар хъусын кӕнын стыр циндзинад кӕй хӕссы. Ӕмӕ мӕ разы сӕвӕрдтон нысан – ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын. Стӕй ма бамбӕрстон, ӕрмӕст ме ’мгӕрттимӕ кӕй хъуамӕ ма лымӕн кӕнон. Уый тыххӕй мӕхи цух кодтон, фылдӕр цӕуылдӕрты кӕмӕй сахуыр уыдаин, ахӕм ӕмбӕлттӕй. Фӕстӕдӕр мын хорз ӕмбӕлттӕ фӕзынд Вефилы дӕр. Сӕ фӕрцы бамбӕрстон, цавӕр ирхӕфсӕнтӕ хъуамӕ ’взарон, ӕмӕ Йегъовӕмӕ баввахсдӕр дӕн».
15. Павел Тимофейы цӕмӕй бафӕдзӕхста? (2 Тимофеймӕ 2:20–22).
15 Ӕмбырды кӕимӕ лымӕн кӕныс, уыдонӕй дӕ исчи ӕвзӕр зондыл куы араза, уӕд та? Павел зыдта, ӕмбырды чидӕртӕ раст зондыл хӕст кӕй нӕ уыдысты. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Тимофейы бафӕдзӕхста, цӕмӕй ахӕм чырыстӕттӕй йӕхи хызтаид. (Бакӕс 2 Тимофеймӕ 2:20–22.) Йегъовӕимӕ нын цы хӕлардзинад ис, уый нын тынг зынаргъ у. Цас цыдӕртӕ нӕ хъуыди саразын, цӕмӕй йӕ хӕлӕрттӕ суыдаиккам! Ӕмӕ хъуамӕ макӕй бауадзӕм, цӕмӕй нӕ нӕ уӕларвон Фыдӕй адард кӕна (Пс. 26:4).
ДӔ РАЗЫ ӔВӔР БӔЛВЫРД НЫСӔНТТӔ
16. Дӕ разы цавӕр нысӕнттӕ хъуамӕ ӕвӕрай?
16 Дӕ разы ӕвӕр хорз нысӕнттӕ. Хъуамӕ дӕ разы ӕвӕрай, дӕ уырнындзинад кӕй фӕрцы фидар кӕндзӕн ӕмӕ фӕлтӕрд чырыстон кӕй фӕрцы суыдзынӕ, ахӕм нысӕнттӕ (Еф. 3:16). Дӕ бон у Библи кӕсынӕн ӕмӕ иртасынӕн фылдӕр рӕстӕг хицӕн кӕнын (Пс. 1:2, 3). Кӕнӕ та дӕ бон у Хуыцаумӕ арӕхдӕр кувын ӕмӕ йын цы зӕгъдзынӕ, ууыл лӕмбынӕгдӕр хъуыды кӕнын. Чи зоны дӕ хъӕуы, цавӕр ирхӕфсӕнтӕ ӕвзарыс ӕмӕ дӕ рӕстӕг цӕуыл хардз кӕныс, уым исты фӕивын (Еф. 5:15, 16). Йегъовӕ йӕ куы уына, ӕппӕт тыхтӕй фӕлтӕрддзинадмӕ кӕй тырныс, уӕд дӕ райгонд уыдзӕн.
Ацы хо йӕ разы цавӕр нысан сӕвӕрдта? (кӕс 17 абзац)
17. Иннӕтӕн кӕй ӕххуыс кӕнӕм, уый нын циндзинад цӕмӕн хӕссы?
17 Иннӕтӕн куы ’ххуыс кӕнай, уӕд уый фӕрцы дӕр фӕлтӕрдджындӕр кӕндзынӕ. Йесо загъта: «Райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг у» (Хъуыд. 20:35). Иннӕтӕн дӕ рӕстӕг ӕмӕ де ’взонджы хъару ма ӕвгъау кӕн. Зӕгъӕм, дӕ бон у дӕ разы ахӕм нысан сӕвӕрын – де ’мбырды ацӕргӕ кӕнӕ рынчын чи у, уыдонӕн ӕххуыс кӕнын. Кӕмӕндӕрты сӕ фӕхъӕуы дуканийӕ исты ӕрбахӕссын, кӕмӕндӕрты та телефонимӕ кӕнӕ планшетимӕ баххуыс кӕнын. Ӕфсымӕртӕн сӕ бон у сӕ разы ахӕм нысан сӕвӕрын, цӕмӕй кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ суой. Уӕд сӕ бон уыдзӕн хотӕн ӕмӕ ’фсымӕртӕн фылдӕр лӕггад кӕнын (Фил. 2:4). Хорз хабар зӕрдиагӕй кӕй хъусын кӕныс, уымӕй та ӕвдисыс, иннӕ адӕмы дӕр кӕй уарзыс, уый (Матф. 9:36, 37). Кӕд дӕ фадӕттӕ амонынц, уӕд дӕ бон у ӕххӕстрӕстӕг лӕггадмӕ тырнын.
18. Ӕххӕстрӕстӕг куы лӕггад кӕнай, уӕд дын уый куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фӕлтӕрд чырыстон суай?
18 Ӕххӕстрӕстӕг куы лӕггад кӕнай, уӕд дын уый ноджы тынгдӕр баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фӕлтӕрд чырыстон суай. Зӕгъӕм, пионерӕй куы лӕггад кӕнай, уӕд дын фӕзындзӕн фадӕттӕ Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъолайы сахуыр кӕнынӕн, Вефилы лӕггад кӕнынӕн кӕнӕ нӕ организацийы агъуыстытӕ аразынӕн ӕххуыс кӕнынӕн. Пионерӕй чи лӕггад кӕны, иу ахӕм ӕрыгон хо, Кейтлин, загъта: «Донаргъуыды фӕстӕ уацамынды арӕх цыдтӕн фӕлтӕрдджын хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ, ӕмӕ уый фӕрцы дӕр Йегъовӕмӕ баввахсдӕр дӕн. Уыдонмӕ кӕсгӕйӕ мӕн дӕр бафӕндыд Библи хуыздӕр зонын ӕмӕ иннӕтӕн рӕстдзинад амонынмӕ хуыздӕр арӕхсын».
19. Дарддӕр дӕр фӕлтӕрддзинадмӕ куы тырнай, уӕд цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзынӕ?
19 Дарддӕр дӕр куы архайай, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнай ӕмӕ фӕлтӕрддзинадмӕ куы тырнай, уӕд дӕ Йегъовӕ бирӕ хорздзинӕдтӕй схайджын кӕндзӕн. Де ’рыгон бонтӕ ӕнӕпайда хъуыддӕгтыл нӕ хардз кӕндзынӕ (1 Иоан. 2:17). Фӕсмойнаг кӕй тыххӕй фӕуыдзынӕ, ахӕм уынаффӕтӕ нӕ хӕсдзынӕ. Уыдзынӕ ӕнтыстджын ӕмӕ амондджын (Ӕмб. 16:3). Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн – ӕрыгӕттӕн дӕр ӕмӕ ацӕргӕтӕн дӕр – уыдзынӕ фӕзминаг (1 Тим. 4:12). Ӕппӕты ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕндзынӕ ӕмӕ уыдзӕн дӕ Хӕлар, ӕмӕ дын уый хӕсдзӕн циндзинад (Ӕмб. 23:15, 16).
88 ЗАРӔГ Бацамон мын дӕ фӕндӕгтӕ
a Ӕрыгӕттӕй исчи донаргъуыд куы райсы, уӕд не ’ппӕт дӕр тынг фӕцин кӕнӕм. Фӕлӕ сӕ донаргъуыды фӕстӕ дӕр хъӕуы фыдӕбон кӕнын, цӕмӕй фӕлтӕрд чырыстӕттӕ суой. Уый фӕрцы сӕ бон уыдзӕн ӕмбырдӕн фылдӕр ӕххуыс кӕнын. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, ӕрӕджы донаргъуыд чи райста, уыцы ӕрыгӕттӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фӕлтӕрд чырыстӕттӕ суой.
b Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.
c Уыцы брошюрӕтӕ сты уырыссагау. Хуыйнынц «Была ли жизнь создана?» ӕмӕ «У истоков жизни. Пять вопросов, которые требуют ответа».