Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w22 октябрь 6–11 фф.
  • Дӕ бон у, ӕмӕ ӕцӕг амондджын уай

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Дӕ бон у, ӕмӕ ӕцӕг амондджын уай
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2022
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • ДӔХИ ’ФСАД УЫРНЫНДЗИНАД ФИДАРГӔНӔН ХӔРИНАГӔЙ
  • ЦӔР ЙЕГЪОВӔЙЫ ЗАКЪӔТТӔ ӔМӔ УАГӔВӔРДТӔМ ГӔСГӔ
  • ЦАРДЫ ДЫН СӔЙРАГ УӔД ЙЕГЪОВӔЙӔН ЛӔГГАД КӔНЫН
  • ИУ ӔФСЫМӔРЫ ХАБАР
  • Амондджын сты, «амондджын Хуыцауӕн» чи лӕггад кӕны, уыдон
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2018
  • Адӕймагӕн ӕцӕг амонд цы хӕссы?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2010
  • Ӕцӕг амонд куыд ис ссарӕн
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2001
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2022
w22 октябрь 6–11 фф.

41 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Дӕ бон у, ӕмӕ ӕцӕг амондджын уай

«Амондджын у, Йегъовӕйӕ чи тӕрсы ӕмӕ йын йӕ фӕндӕгтыл чи цӕуы, уыцы адӕймаг» (ПС. 128:1).

110 ЗАРӔГ Йегъовӕ цы цин дӕтты, уый

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫa

1. Цы хъуамӕ ’мбарӕм, цӕмӕй ӕцӕг амондджын уӕм?

ӔЦӔГ амонд ӕрмӕст уый нӕу, ӕмӕ адӕймаг цӕуылдӕр цин кӕна ӕмӕ хъӕлдзӕг уа. Гӕнӕн ис, иу бон хъӕлдзӕг уа, иннӕ бон – нӕ. Фӕлӕ амондджын адӕймаг амондджын вӕййы цӕрӕнбонты. Йесо йӕ зындгонд раныхасы загъта: «Амондджын сты, ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары, уыдон» (Матф. 5:3). Уый зыдта, адӕм афтӕ конд кӕй сты, ӕмӕ сӕ тынг фӕнды се Сфӕлдисӕджы, Йегъовӕйы, зонын ӕмӕ йын лӕггад кӕнын. Йегъовӕ у «амондджын Хуыцау», ӕмӕ йын чи лӕггад кӕны, уыдон дӕр сты амондджын (1 Тим. 1:11).

«Амондджын сты, рӕстдзинады тыххӕй ӕфхӕрд чи ӕййафы, уыдон» (Матф. 5:10) (кӕс 2, 3 абзацтӕ)d

2, 3. а) Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ ма амондджын чи сты? б) Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм ӕмӕ уый ахсджиаг цӕмӕн у?

2 Цымӕ амондджын ӕрмӕстдӕр уӕд уыдзыстӕм, ӕмӕ нӕ царды алцыдӕр хорз куы уа ӕмӕ куы ницӕуыл маст кӕнӕм? Нӕ, уый афтӕ нӕу. Чи зоны нӕм диссаг фӕкӕса, Йесо ма йӕ зындгонд раныхасы ноджыдӕр цы загъта, уый. Йесо загъта, «хъыг чи кӕны»,– уӕлдай нӕу, сӕ тӕригъӕдты тыххӕй кӕнӕ цавӕрдӕр зындзинӕдты тыххӕй,– уыдонӕн сӕ бон кӕй у, ӕмӕ амондджын уой. Стӕй ма загъта, амондджын кӕй сты, «рӕстдзинады тыххӕй ӕфхӕрд чи ӕййафы» ӕмӕ, Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ кӕй сты, уый тыххӕй кӕмӕн «фидистӕ кӕнынц», уыдон (Матф. 5:4, 10, 11). Фӕлӕ уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ адӕймаг ахӕм уавӕрты ӕцӕг амондджын уа?

3 Уӕдӕ Йесойы ныхӕстӕй бӕрӕг у, ӕцӕг амонд уымӕй кӕнгӕ кӕй нӕу, ӕмӕ нӕ царды алцыдӕр хорз уа. Цӕмӕй ӕцӕг амондджын уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ Хуыцауы зонӕм, лӕггад ын кӕнӕм ӕмӕ уа не ’ввахс Хӕлар (Иак. 4:8). Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, уымӕн нын цавӕр ӕртӕ къахдзӕфы баххуыс кӕндзысты.

ДӔХИ ’ФСАД УЫРНЫНДЗИНАД ФИДАРГӔНӔН ХӔРИНАГӔЙ

4. Фыццаг нӕ цавӕр къахдзӕф хъӕуы саразын, цӕмӕй ӕцӕг амондджын уӕм? (Псалом 1:1–3).

4 1-АГ КЪАХДЗӔФ. Цӕмӕй ӕцӕг амондджын уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕхи ’фсадӕм уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринагӕй. Адӕмы дӕр ӕмӕ цӕрӕгойты дӕр хъӕуы хӕринаг, цӕмӕй цӕрой. Фӕлӕ уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг та ӕрмӕстдӕр адӕмы хъӕуы. Ӕрмӕстдӕр адӕмӕн у сӕ бон Библи кӕсын ӕмӕ йӕ иртасын. Йесо дӕр уымӕн загъта афтӕ: «Адӕймаг афтид дзулӕй нӕ цӕры, фӕлӕ цӕры Йегъовӕйы дзыхӕй рацӕугӕ алы дзырдӕй дӕр» (Матф. 4:4). Уымӕ гӕсгӕ ныл хъуамӕ иу бон дӕр афтӕ ма ацӕуа, цӕмӕй Хуыцауы Ныхас ма бакӕсӕм. Псаломзарӕггӕнӕг загъта, зӕгъгӕ, Йегъовӕйы закъон циндзинад кӕмӕн хӕссы ӕмӕ йӕ ӕхсӕвӕй-бонӕй чи кӕсы, уыцы адӕймаг амондджын у. (Бакӕс Псалом 1:1–3.)

5, 6. а) Библийӕ цы ис базонӕн? б) Библи кӕй кӕсӕм, уый нын куыд баххуыс кӕны?

5 Йегъовӕ нӕ тынг уарзы, ӕмӕ Библийы ныффыссын кодта, куыд хъуамӕ цӕрӕм, цӕмӕй амондджын уӕм. Библийӕ базыдтам, цӕмӕ нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕмӕ цӕмӕн цӕрӕм, уый. Базыдтам ма, цы нӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй йӕм баввахс уӕм ӕмӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кӕна. Стӕй ма базыдтам, цы диссаджы фидӕн нын ӕрцӕттӕ кодта, уый дӕр (Йер. 29:11). Ӕмӕ уыдӕттӕ кӕй зонӕм, уый фӕрцы нӕ зӕрдӕтӕ сты цинӕйдзаг!

6 Мах ӕй зонӕм, Библийы кӕй ис тынг бирӕ хорз уынаффӕтӕ. Уыдон царды стыр ӕххуыс сты. Ӕмӕ уыцы уынаффӕтӕм гӕсгӕ куы фӕархайӕм, уӕд вӕййӕм амондджын. Уӕдӕ-иу дыл зындзинӕдтӕ куы ӕруӕз кӕной, уӕд-иу фылдӕр рӕстӕг рахицӕн кӕн Йегъовӕйы Ныхас кӕсынӕн ӕмӕ йыл хъуыды кӕнынӕн. Йесо загъта: «Амондджын... сты, Хуыцауы ныхас чи хъусы ӕмӕ йӕ чи ӕххӕст кӕны!» (Лук. 11:28).

7. Хуыцауы Ныхас куыд хъӕуы кӕсын, цӕмӕй дӕ циныл цин ӕфта?

7 Библи куы кӕсай, уӕд-иу тагъд ма кӕн. Цы кӕсыс, уымӕн-иу йӕ ад бамбар. Ӕрхӕссӕм ахӕм цӕвиттон. Чидӕр дын скодта, тынг кӕй уарзыс, ахӕм хӕринаг. Фӕлӕ кӕдӕмдӕр кӕй тагъд кӕныс кӕнӕ дӕ хъуыдытӕ ӕндӕр цӕуылдӕр кӕй сты, уый тыххӕй йӕ тагъд-тагъдӕй ӕнӕ ӕууилгӕйӕ аныхъуырдтай. Ӕмӕ, хӕрд куы фӕдӕ, уӕд дӕм бахъардта, хӕринагӕн йӕ ад дӕр кӕй нӕ бамбӕрстай. Ӕмӕ хъуыды кӕныс, зӕгъгӕ, гъер кӕдӕм тагъд кодтон, фӕлтау ӕй адджынӕн куы бахордтаин. Библи дӕр афтӕ тагъд-тагъдӕй фӕкӕсыс? Хуыцауы Ныхас куы кӕсай, уӕд-иу тагъд ма кӕн. Дӕ мондӕгтӕ-иу дзы суадз. Цы хабӕртты тыххӕй кӕсай, уыдон-иу дӕ цӕстытыл ауайын кӕн. Архайджыты хъӕлӕстӕ-иу дӕ хъустыл ауайӕнт. Ӕмӕ, цы кӕсай, ууыл-иу лӕмбынӕг хъуыды кӕн. Библи афтӕ куы кӕсай, уӕд-иу дӕ циныл цин бафтдзӕн.

8. «Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» йӕ хӕс куыд ӕххӕст кӕны? (Ноджыдӕр кӕс фиппаинаг.)

8 Йесо сӕвӕрдта «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары», цӕмӕй нын уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг афоныл дӕтта (Матф. 24:45)b. Ӕмӕ нын уыцы хӕринаг парахатӕй ис. Ӕууӕнкджын цагъар нын цыдӕриддӕр «хӕринаг» дӕтты, уый сӕйраджыдӕр «конд» у Сыгъдӕг Фыстадӕй (1 Фес. 2:13). Библийӕ базонӕн ис, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, уый. Ӕмӕ уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаджы фӕрцы нӕ бон у уый хуыздӕр бамбарын. «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!», стӕй статьятӕ сайты jw.org дӕр уый тыххӕй фӕкӕсӕм. Уымӕй уӕлдай, нӕхи фӕцӕттӕ кӕнӕм ӕмбырдтӕм. Фӕкӕсӕм, JW Broadcasting®-ы алы мӕй дӕр цы программӕ рацӕуы, уымӕ. Нӕхи уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринагӕй кӕй ӕфсадӕм, уый фӕрцы нӕ бон вӕййы дыккаг къахдзӕф скӕнын, цӕмӕй амондджын уӕм.

ЦӔР ЙЕГЪОВӔЙЫ ЗАКЪӔТТӔ ӔМӔ УАГӔВӔРДТӔМ ГӔСГӔ

9. Дыккаг къахдзӕф цавӕр у, цӕмӕй ӕцӕг амондджын уӕм?

9 2-АГ КЪАХДЗӔФ. Цӕмӕй ӕцӕг амондджын уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ цӕрӕм Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ. Псаломзарӕггӕнӕг ныффыста: «Амондджын у, Йегъовӕйӕ чи тӕрсы ӕмӕ йын йӕ фӕндӕгтыл чи цӕуы, уыцы адӕймаг» (Пс. 128:1). Йегъовӕйӕ кӕй тӕрсӕм, уый куыд ӕмбаргӕ у? Мах ӕй афтӕ тынг нымайӕм, ӕмӕ нӕхи хизӕм, йӕ зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, уыцы хъуыддӕгтӕй (Ӕмб. 16:6). Уымӕ гӕсгӕ ӕдзух архайӕм йӕ закъӕттӕм ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрыныл. Уыдон та базонӕн ис Библийӕ (2 Кор. 7:1). Йегъовӕ цы уарзы, уый куы аразӕм ӕмӕ, йе сӕфт цӕмӕй уыны, уыдӕттӕй нӕхи куы хизӕм, уӕд уыдзыстӕм амондджын (Пс. 37:27; 97:10; Ром. 12:9).

10. Хуыцауы фӕндон цы у, уый кӕй зонӕм, уымӕй уӕлдай ма нӕ цы хъӕуы аразын? (Ромӕгтӕм 12:2).

10 Бакӕс Ромӕгтӕм 12:2. Адӕймаг, гӕнӕн ис, зона, Йегъовӕйӕн кӕй ис бар, цӕмӕй скъуыддзаг кӕна, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый. Фӕлӕ уый фаг нӕу. Хъуамӕ ма йӕ бафӕнда Хуыцауы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын дӕр. Ӕрхӕссӕм ахӕм цӕвиттон. Шофыр фӕзоны, хицауадӕн кӕй ис бар, цӕмӕй скъуыддзаг кӕна, машинӕйыл цас тагъд ис цӕуӕн, уый. Фӕлӕ, хицауад цы уагӕвӕрдтӕ сфидар кодта, уыдонмӕ гӕсгӕ йӕ архайын куы нӕ фӕнда, уӕд машинӕ скъӕрдзӕн, цас ӕмбӕлы, уымӕй тагъддӕр. Уӕдӕ нӕ хъуыддӕгтӕй вӕййы бӕрӕг, кӕй нӕ уырны, Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын ӕппӕты хуыздӕр кӕй у (Ӕмб. 12:28). Давид дӕр афтӕ хъуыды кодта. Уый Йегъовӕйы тыххӕй загъта: «Ды мын бацамондзынӕ царды фӕндаг. Хӕлар цӕстӕй мӕм кӕсыс ӕмӕ мӕ зӕрдӕ у цинӕй ӕфсӕст. Адӕймаг дӕ рахиз фарс лӕууа – уый циндзинад хӕссы ӕнустӕм» (Пс. 16:11).

11, 12. а) Истӕуыл куы маст кӕнӕм кӕнӕ ныфссаст куы уӕм, уӕд нӕ цӕуыл хъӕудзӕн лӕмбынӕг хъуыды кӕнын? (b) Филиппӕгтӕм 4:8 стих нын куыд баххуыс кӕндзӕн ирхӕфсӕнтӕ ӕвзаргӕйӕ?

11 Истӕуыл куы маст кӕнӕм кӕнӕ ныфссаст куы уӕм, уӕд нӕ, гӕнӕн ис, фӕнда нӕхи истӕмӕйты аирхӕфсын, цӕмӕй нӕ нӕ мӕстытӕ айрох уой. Ӕмӕ уый дӕр хатт фӕхъӕуы. Фӕлӕ-иу хъуамӕ лӕмбынӕг ахъуыды кӕнӕм, цы ирхӕфсӕн равзардзыстӕм, ууыл, цӕмӕй, Йегъовӕ йе сӕфт цӕмӕй уыны, ахӕмӕй мацы саразӕм (Еф. 5:10–12, 15–17).

12 Апостол Павел йӕ фыстӕджы Филиппӕгтӕм ныффыста, зӕгъгӕ, ӕдзухдӕр хъуыды кӕнут, «цыдӕриддӕр у раст, цыдӕриддӕр у сыгъдӕг, цыдӕриддӕр у уарзинаг... цыдӕриддӕр у хӕрзӕгъдау ӕмӕ раппӕлинаг», уыдӕттыл. (Бакӕс Филиппӕгтӕм 4:8.) Павел ам бӕлвырдӕй ирхӕфсӕнты кой нӕ кодта. Фӕлӕ нын йӕ ныхӕстӕ баххуыс кӕндзысты ирхӕфсӕнтӕ ӕвзаргӕйӕ дӕр. Афӕлвар-ма ацы стих афтӕ зӕгъын: «Ӕдзухдӕр хъуыды кӕнут: цы зарджытӕм хъусут, уыдон сыгъдӕг сты? Цы кинотӕм кӕсут ӕмӕ цы чингуытӕ кӕсут, уыдон хӕрзӕгъдау сты? Цы видеохъӕзтытӕй хъазут, уыдон раппӕлинаг сты?» Афтӕ-иу куы бакӕнай, уӕд-иу дӕ бон уыдзӕн бамбарын, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цы фӕцӕудзӕн ӕмӕ цы нӕ фӕцӕудзӕн, уый. Мах фӕнды, Йегъовӕ хӕрзӕгъдаудзинады фӕдыл цы уагӕвӕрдтӕ радта, уыдонмӕ гӕсгӕ цӕрын (Пс. 119:1–3). Уӕд нӕ цӕсгом уыдзӕн сыгъдӕг, ӕмӕ нӕ бон уыдзӕн ӕртыккаг къахдзӕф скӕнын, цӕмӕй амондджын уӕм (Хъуыд. 23:1).

ЦАРДЫ ДЫН СӔЙРАГ УӔД ЙЕГЪОВӔЙӔН ЛӔГГАД КӔНЫН

13. Ӕртыккаг къахдзӕф цавӕр у, цӕмӕй ӕцӕг амондджын уӕм? (Иоанны 4:23, 24).

13 3-АГ КЪАХДЗӔФ. Царды нын ӕппӕты сӕйраг хъуамӕ уа Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Йегъовӕ у не Сфӕлдисӕг, ӕмӕ хъуамӕ ӕрмӕстдӕр уымӕн кувӕм ӕмӕ уымӕн лӕггад кӕнӕм (Рарг. 4:11; 14:6, 7). Хъуамӕ йын кувӕм, уый куыд фӕнды, афтӕ, ома «сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ». (Бакӕс Иоанны 4:23, 24.) Хуыцауы сыгъдӕг тых нын разамынд дӕтты, цӕмӕй Хуыцауӕн кувӕм, йӕ Ныхасы цы ахуырӕдтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ. Нӕ хъуыддаг ӕхгӕд кӕм у, ахӕм бӕстӕйы куы цӕрӕм, уӕддӕр нӕ лӕггад нӕ царды хъуамӕ уа фыццаг бынаты. Ныртӕккӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй 100 фылдӕр сты ахст, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй сты, ӕрмӕстдӕр уый тыххӕйc. Фӕлӕ уыдон уӕддӕр сты амондджын, уымӕн ӕмӕ, сӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразынц, цӕмӕй Хуыцаумӕ кувой, Библи иртасой ӕмӕ иннӕтӕн дзурой нӕ Хуыцауы ӕмӕ йӕ Паддзахады тыххӕй. Куы нӕ фефхӕрынц кӕнӕ нын фидистӕ куы фӕкӕнынц, уӕд дӕр вӕййӕм амондджын. Мах фӕзонӕм, Йегъовӕ немӕ кӕй ис ӕмӕ нын хӕрзиуӕг кӕй ратдзӕн (Иак. 1:12; 1 Пет. 4:14).

ИУ ӔФСЫМӔРЫ ХАБАР

14. Таджикистаны иу ӕрыгон ӕфсымӕрыл цавӕр хабар ӕрцыд?

14 Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты хабӕрттӕй дӕр бӕрӕг у, цы ӕртӕ къахдзӕфыл аныхас кодтам, уыдоны фӕрцы кӕй ис гӕнӕн, цӕмӕй цыфӕнды уавӕрты дӕр ӕцӕг амондджын уӕм. Ӕркӕсӕм, Таджикистаны 19-аздзыд ӕфсымӕр Джовидон Бободжоновыл цы хабар ӕрцыд, уымӕ. Ӕфсадмӕ ацӕуын кӕй нӕ бакуымдта, уый тыххӕй йӕ 2019 азы 4 октябры хӕдзарӕй акодтой ӕмӕ йӕ ӕрцахстой. Цалдӕр мӕйы йӕ ахӕстоны фӕдардтой. Уым ӕм ӕвзӕр цӕстӕй кастысты, цыма фыдгӕнӕг уыд, афтӕ. Уыцы хабар айхъуыст ӕндӕр бӕстӕтыл дӕр, ӕмӕ ног хабӕртты дӕр йӕ кой кодтой. Радзырдтой, зӕгъгӕ, дам, ӕй кӕй нӕ фӕндыд ӕфсӕддон ард бахӕрын ӕмӕ ӕфсӕддон уӕлӕдарӕс скӕнын, уый тыххӕй йӕ фӕнадтой. Уый фӕстӕ йын стӕрхон кодтой ӕмӕ йӕ колонимӕ арвыстой. Цасдӕры фӕстӕ йӕ Таджикистаны президент рауадзын кодта. Уыцы фӕлварӕны Джовидон иузӕрдионӕй баззад, ӕмӕ йын уыцы хабӕрттӕ йӕ циндзинад дӕр нӕ байстой. Цы йын баххуыс кодта? Рох дзы никуы уыд, ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый.

Цалдӕр нывы: Джовидон Бободжонов. 1. Кӕсы ахӕстоны рудзынгӕй. 2. Хӕринаг ын цы дзӕкъулы ӕрбахастой, ууыл фыст ис боны стих, ӕмӕ йӕ кӕсы. 3. Хуыцаумӕ кувы

Джовидон йӕхи ӕфсӕста уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринагӕй, царди Хуыцауы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ ӕмӕ йын ӕппӕты сӕйраг уыд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын (кӕс 15–17 абзацтӕ)

15. Джовидон ахӕстоны куы уыд, уӕд йӕ уырнындзинад куыд фидар кодта?

15 Джовидон ахӕстоны куы уыд, уӕд йӕхи ӕфсӕста уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринагӕй, Библи ӕмӕ йӕм нӕ публикацитӕ куы нӕ уыд, суанг уӕд дӕр. Уый йын куыд бантыст? Бынӕттон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ-иу ын хӕринаг цы дзӕкъулты ӕрбахастой, уыдоныл-иу ныффыстой боны стих. Уый фӕрцы йӕ бон уыд алы бон дӕр Библи кӕсын ӕмӕ йыл хъуыды кӕнын. Ахӕстонӕй куы рацыд, уӕд ахӕм ахсджиаг хъуыды загъта: «Махӕй уӕззау фӕлварӕнтыл чи нӕма сӕмбӕлд, уыдонӕн уӕлдай ахсджиаг у, цӕмӕй сӕ сӕрибардзинадӕй раст пайда кӕной – ома кӕсой Хуыцауы Ныхас ӕмӕ нӕ литературӕ, ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕной».

16. Джовидон-иу цӕуыл хъуыды кодта?

16 Джовидон царди Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ. Уый ӕвзӕр хъуыддӕгтыл нӕ хъуыды кодта ӕмӕ ӕвзӕр митыл нӕ бафтыд. Фӕлӕ хъуыды кодта Йегъовӕйыл ӕмӕ, уый цӕмӕн аргъ кӕны, ууыл. Хъуыды ма-иу кодта, Йегъовӕ алцыдӕр куыд рӕсугъд сфӕлдыста, ууыл. Алы райсом дӕр-иу райхъал цъиуты зарынмӕ ӕмӕ сӕ цъыбар-цъыбурмӕ. Ӕхсӕвы та-иу касти мӕймӕ ӕмӕ стъалытӕм. Джовидон загъта: «Уыдон сты Йегъовӕйы лӕвӕрттӕ. Ӕмӕ йӕ лӕвӕртты фӕрцы уыцы уавӕрты дӕр цин кодтон ӕмӕ-иу мӕ ныфсыл ныфс бафтыд». Йегъовӕ нын цыдӕриддӕр дӕтты, уыдӕтты тыххӕй дзы бузныг куы уӕм, уӕд нӕ зӕрдӕты уыдзӕн циндзинад. Ӕмӕ нын уыцы циндзинад та баххуыс кӕндзӕн фидар фӕлӕууынӕн.

17. Джовидон цы уавӕры уыд, ахӕм уавӕры фидар куы фӕлӕууӕм, уӕд нӕм цавӕр хӕзна фӕзындзӕн? (1 Петры 1:6, 7).

17 Джовидонӕн ӕппӕты сӕйраг уыд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Уый зыдта: тынг ахсджиаг у ӕцӕг Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззайын. Йесо загъта: «Дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн кув ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уымӕн лӕггад кӕн» (Лук. 4:8). Офицертӕ ӕмӕ салдӕттӕ архайдтой, цӕмӕй Джовидон йӕ диныл йӕ къух систаид. Фӕлӕ уый ӕхсӕвӕй-бонӕй Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йын баххуыс кодтаид фидар фӕлӕууынӕн ӕмӕ иузӕрдионӕй баззайынӕн. Кӕд ахӕм ӕфхӕрд баййӕфта, уӕддӕр Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ нӕ сивта. Ӕмӕ ныр тынг цин кӕны, уымӕн ӕмӕ йӕм ис, ӕфхӕрд ӕмӕ ахӕстоны размӕ йӕм чи нӕ уыд, ахӕм хӕзна – фӕлвӕрд уырнындзинад. (Бакӕс 1 Петры 1:6, 7.)

18. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй алы уавӕрты дӕр амондджын уӕм?

18 Йегъовӕ зоны, цы нӕ хъӕуы, цӕмӕй ӕцӕг амондджын уӕм. Ацы статьяйы цы ӕртӕ къахдзӕфыл дзырдтам, уыдон нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй цыфӕнды зын уавӕрты дӕр амондджын уӕм. Ӕмӕ уӕд нӕ бон уыдзӕн зӕгъын: «Амондджын сты уыцы адӕм, сӕ Хуыцау Йегъовӕ кӕмӕн у!» (Пс. 144:15).

АЦЫ КЪАХДЗӔФТӔ НЫН КУЫД БАХХУЫС КӔНДЗЫСТЫ, ЦӔМӔЙ ӔЦӔГ АМОНДДЖЫН УӔМ?

  • 1-аг къахдзӕф: хъуамӕ нӕхи ӕфсадӕм уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринагӕй

  • 2-аг къахдзӕф: хъуамӕ цӕрӕм Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ

  • 3-аг къахдзӕф: хъуамӕ нын царды сӕйраг уа Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын

89 ЗАРӔГ Байхъус, ӕмӕ арфӕгонд уай

a Абон бирӕтӕ амондджын не сты, уымӕн ӕмӕ сӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ адӕймаг амондджын уыдзӕн, йӕ уды дзӕбӕхӕн куы цӕра, бирӕ ’хца йӕм куы уа, йӕхицӕн стыр ном куы скӕна кӕнӕ стыр бынат куы ахса, ӕрмӕстдӕр уӕд. Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд адӕмӕн дзырдта, амондджын цӕй фӕрцы уыдзысты, уый тыххӕй. Ацы статьяйӕ базондзыстӕм, цавӕр ӕртӕ къахдзӕфы нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй ӕцӕг амондджын уӕм.

b Кӕс статья «Уырнындзинад фидаргӕнӕн „хӕринаг афоныл“ исыс?» 2014 азы 15 августы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы».

c Уый тыххӕй фылдӕр кӕс сайты jw.org уырыссаг ӕвзагыл («Поиск» фыст кӕм ис, уым ныффысс «в тюрьме за веру»).

d НЫВ. Ацы къам афтӕ ист у, цыма ӕфсымӕры ӕрцахстой ӕмӕ йӕ тӕрхондонмӕ фӕкӕнынц. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ та ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй йӕ фарсмӕ ӕрбалӕууой.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын