Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w23 февраль 26–30 фф.
  • Ӕз уыдтон, иузӕрдион адӕм дидинӕг куыд калынц

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Ӕз уыдтон, иузӕрдион адӕм дидинӕг куыд калынц
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2023
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • ЦӔГАТ ИРЛАНДИ: «БОМБӔТЫ ӔМӔ НӔМГУЫТЫ БӔСТӔ»
  • СЬЕРРА-ЛЕОНЕ: МӔГУЫР, ФӔЛӔ ИУЗӔРДИОН
  • НИГЕРИ: АХУЫР КӔНӔМ НОГ КУЛЬТУРӔЙЫЛ
  • КЕНИ: ӔФСЫМӔРТӔ МЕМӔ УЫДЫСТЫ ФӔРАЗОН
  • АМЕРИКӔЙЫ ИУГОНД ШТАТТӔ: ХЪӔЗДЫГ, ФӔЛӔ ИУЗӔРДИОН
  • Йегъовӕ мын баххуыс кодта
    2014 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныг
  • Чи дӕм хъусы, уыдон фервӕздзысты
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2019
  • Йегъовӕ арфӕ кӕны, чи йӕм хъусы, уыдонӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2017
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2023
w23 февраль 26–30 фф.
Роберт Ландис

БИОГРАФИ

Ӕз уыдтон, иузӕрдион адӕм дидинӕг куыд калынц

РАДЗЫРДТА ЙӔ РОБЕРТ ЛАНДИС

ИУ-50 азы размӕ Кенийы ме ’мбалимӕ арты цур бадтыстӕм ӕмӕ ныхӕстӕ кодтам. Уӕд цӕуыл дзырдтам, уый мын мӕ цард цӕхгӕр фӕивта. Ӕвӕццӕгӕн, сымахӕн дӕр уӕ царды уыд ахӕм хабӕрттӕ. Цалдӕр мӕйы дӕргъы уыдыстӕм балцы. Цыдыстӕм иу ранӕй иннӕмӕ, ӕмӕ хурӕй ныссау стӕм. Мах ныхас кодтам иу кинойыл. Уыцы кинойы уыд Библийы хабӕрттӕй кӕцыдӕрты кой. Ӕмӕ ме ’мбал афтӕ бакодта: «Библийы афтӕ нӕу».

Ӕз ныххудтӕн. Ме ’мбалы уырнӕг адӕймагӕй нӕ зыдтон. «Ды та йын цы зоныс, Библийы цы фыст ис, уый?» – афарстон ӕй ӕз. Уый мын дзуапп уайтагъд нӕ радта. Фӕлӕ мын стӕй радзырдта, йӕ мад Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй у ӕмӕ цыдӕртӕ уымӕй кӕй базыдта. Ӕз сцымыдис дӕн. Ӕмӕ йӕ бакъуымы кодтон, фылдӕр истытӕ мын радзур, зӕгъгӕ.

Суанг фӕсӕмбисӕхсӕвмӕ фӕныхӕстӕ кодтам. Ме ’мбал мын радзырдта, Библимӕ гӕсгӕ ацы дунейы хицау Хӕйрӕг кӕй у (Иоан. 14:30). Сымах, чи зоны, уый уӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ зонут, фӕлӕ йӕ ӕз фыццаг хатт фехъуыстон, ӕмӕ хӕлиудзыхӕй баззадтӕн. Афтӕ-иу дзырдтой, ӕмӕ дуне ис фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ рӕстаг Хуыцауы къухы. Фӕлӕ мӕм уый нӕ хъардта. Нӕ йӕ ӕмбӕрстон, уӕд уыйбӕрц ӕвзӕр хабӕрттӕ цӕмӕн цӕуы. 26 азы йеддӕмӕ мыл нӕ цыд, фӕлӕ бирӕ цыдӕртӕ федтон, ӕмӕ уыдӕттыл мӕ зӕрдӕ рыст.

Мӕ фыд службӕ кодта Америкӕйы Иугонд Штатты уӕлдӕфон ӕфсӕдты. Уымӕ гӕсгӕ йӕ гыццылӕй дӕр ӕмбӕрстон, уый гӕнӕн кӕй ис, ӕмӕ ядерон хӕст райдайа. Ӕфсӕддонтӕ цӕттӕ уыдысты кӕдфӕнды дӕр ядерон кънопкӕйыл ныххӕцынмӕ. Калифорнийы колледжы куы ахуыр кодтон, уӕд Вьетнамы цыди хӕст. Студенттӕ-иу скодтой демонстрацитӕ, ӕмӕ-иу ӕз дӕр семӕ рацыдтӕн. Пъӕлицӕйӕгтӕ-иу нӕ хъилтӕй фӕсырдтой, стӕй-иу ахӕм газ рауагътой, ӕмӕ-иу цӕстытӕ къахта, улӕфӕнтӕ-иу ахгӕдтой. Тынг змӕст рӕстӕг уыд. Хицӕутты мардтой, адӕм демонстрацитӕ кодтой. Дарддӕр куыд кӕнгӕ у, уый фӕдыл иутӕ иу цыдӕртӕ дзырдтой, иннӕтӕ – ӕндӕр цыдӕртӕ. Ӕмӕ-иу адӕймаджы сӕр схӕццӕ.

Роберт лӕууы йӕ мотоциклы раз ӕмӕ ӕвдисы йӕ балцыты картӕ

Лондонӕй фӕцӕуын Централон Африкӕмӕ

1970 азы Аляскӕйы цӕгат былгӕрон мын фӕзынд куыст, ӕмӕ бакуыстон бирӕ ’хца. Стӕй хӕдтӕхӕгыл атахтӕн Лондонмӕ, балхӕдтон мотоцикл ӕмӕ йыл ацыдтӕн хуссарырдӕм. Кӕдӕм цыдтӕн, уый мӕхӕдӕг дӕр нӕ зыдтон. Цалдӕр мӕйы фӕстӕ бахӕццӕ дӕн Африкӕмӕ. Фӕндагыл ӕмбӕлдтӕн алыхуызон адӕмыл. Уыдоны дӕр фӕндыд сӕ зындзинӕдтӕй искуыдӕм алидзын.

О, бирӕ цыдӕртӕ федтон. Ӕмӕ мын ме ’мбал афтӕ куы загъта, зӕгъгӕ, дунейы цытӕ цӕуы, уый Хӕйрӕджы аххос у, уӕд мӕм уый раст фӕкаст. Фӕлӕ ахъуыды кодтон: «Уӕд Хуыцау та цы кусы?» Мӕн фӕндыд мӕ фарстайӕн дзуапп ссарын.

Ӕмӕ йын дзуапп ссардтон. Фӕстӕдӕр базонгӕ дӕн бирӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ ӕмӕ сӕ тынг бауарзтон. Уыдон уыдысты алыхуызон уавӕрты, фӕлӕ иунӕг ӕцӕг Хуыцауӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодтой.

ЦӔГАТ ИРЛАНДИ: «БОМБӔТЫ ӔМӔ НӔМГУЫТЫ БӔСТӔ»

Лондонмӕ куы ’рыздӕхтӕн, уӕд бацыдтӕн ме ’мбалы мадмӕ, ӕмӕ мын уый Библи радта. Фӕстӕдӕр ацыдтӕн Нидерландтӕм, Амстердаммӕ. Иу бон ӕддейӕ бадтӕн ӕмӕ фанары рухсмӕ Библи кастӕн. Ӕмӕ мӕ иу Йегъовӕйы Ӕвдисӕн федта. Уый мын баххуыс кодта Библийӕ фылдӕр базонынӕн. Уый фӕстӕ ацыдтӕн Ирландимӕ, горӕт Дублинмӕ ӕмӕ дзы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты филиал ссардтон. Уым базонгӕ дӕн Артур Маттьюзимӕ. Уый уыд фӕлтӕрдджын ӕфсымӕр ӕмӕ уӕззаузонд адӕймаг. Ӕз ын загътон, цӕмӕй мемӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтаид. Ӕмӕ уый дӕр сразы.

Библи тынг зӕрдиагӕй ахуыр кодтон. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты уагъд чингуытӕ ӕмӕ журналтӕ зыд каст кодтон. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Библи дӕр-иу кастӕн. Алцыдӕр мӕ зӕрдӕмӕ тынг цыди. Ӕмбырдты уыдтон, суанг сывӕллӕттӕ дӕр кӕй зыдтой дзуапп, ахуыргӕндтӕ ӕнусты дӕргъы сӕ сӕр кӕуыл цъӕл кӕнынц, уыцы фарстатӕн: «Фыддзинад цӕмӕн ис? Чи у Хуыцау? Адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы фӕвӕййы?» Ме ’мбӕлттӕ иууылдӕр уыдысты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Ӕмӕ уый диссаг дӕр нӕу, уымӕн ӕмӕ ӕнӕхъӕн бӕстӕйы уыдоны йеддӕмӕ никӕй зыдтон. Уыдон мын баххуыс кодтой, цӕмӕй Йегъовӕйы бауарзтаин ӕмӕ йын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын райдыдтаин.

Найджел, Денис ӕмӕ ӕз

1972 азы донаргъуыд райстон. Афӕдзы фӕстӕ райдыдтон пионерӕй лӕггад кӕнын ӕмӕ рахызтӕн иу гыццыл ӕмбырдмӕ. Уый уыди горӕт Ньюрийы (Цӕгат Ирланди). Ӕз баххуырстон дурӕйконд хӕххон хӕдзар, лӕууыди къуыбырыл. Мӕ фарсмӕ цы быдыр уыд, уым-иу хъом хызтысты. Ӕмӕ-иу сӕ разы фӕлвӕрдтон, мӕ раныхӕстӕ куыд дзурдзынӕн, уый. Мӕнмӕ гӕсгӕ мӕм тынг лӕмбынӕг хъуыстой сынӕр цӕгъдгӕйӕ. Уынаффӕ раттын мын сӕ бон нӕ уыд, фӕлӕ сӕ фӕрцы сахуыр дӕн дзургӕйӕ хъусджытӕм кӕсын. 1974 азы мӕ снысан кодтой сӕрмагонд пионерӕй. Лӕггад кодтон Найджел Питтимӕ. Найджелимӕ цӕрӕнбонтӕм систӕм хорз ӕмбӕлттӕ.

Уыцы рӕстӕг Цӕгат Ирландийы тынг змӕст уыди. Чидӕр ма йӕ «бомбӕты ӕмӕ нӕмгуыты бӕстӕ» дӕр схуыдта. Уынгты-иу адӕм кӕрӕдзимӕ фесты, кӕрӕдзи-иу ӕхстой, машинӕтӕ-иу схӕцын кодтой, снайпертӕ-иу кӕйдӕрты амардтой. Сӕ тох цӕуыл уыд, уый баст уыд политикӕимӕ дӕр ӕмӕ динтимӕ дӕр. Фӕлӕ протестанттӕ ӕмӕ католиктӕ зыдтой, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ политикӕимӕ баст фарстаты кӕй никӕй фарс хӕцынц. Уымӕ гӕсгӕ нӕ бон уыд сӕрибарӕй хъусын кӕнын ӕмӕ нын тӕссаг ницӕмӕй уыд. Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ-иу кӕмӕн хъусын кодтам, уыцы адӕм-иу арӕх зыдтой, змӕстытӕ кӕд ӕмӕ кӕм уыдзӕн, ӕмӕ-иу нӕ бафӕдзӕхстой.

Фӕлӕ-иу тӕссаг уавӕрты дӕр бахаудыстӕм. Иу бон Денис Карриганимӕ, уый дӕр лӕггад кодта пионерӕй, хъусын кодтам сыхаг горӕттӕй иуы. Уым Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ нӕ уыд. Ӕмӕ дзы уый размӕ иу хатт йеддӕмӕ нӕ уыдыстӕм. Иу сылгоймагимӕ куы ныхас кодтам, уӕд нӕ фӕаххосджын кодта, сымах, дам, бритайнаг салдӕттӕ стут. Афтӕ, чи зоны, уый тыххӕй загъта, ӕмӕ нӕ дыууӕйӕ иу дӕр ирландиаг ныхасыздӕхтыл нӕ дзырдта. Мах фӕтарстыстӕм. Бритайнаг салдӕттӕм хӕларзӕрдӕ куы уыдаис, уӕд дӕ ӕрмӕст уый тыххӕй дӕр ирландиӕгтӕ кӕнӕ маргӕ акодтаиккой, кӕнӕ дын дӕ уӕраг фехстаиккой. Мах ацыдыстӕм автобусмӕ, ӕмӕ йӕм цалынмӕ ӕнхъӕлмӕ кастыстӕм, уӕдмӕ ныссалдыстӕм. Мах федтам, уыцы сылгоймаг цы кафейы уыди, уырдӕм цавӕрдӕр машинӕ кӕй бацыд. Бадти дзы дыууӕ нӕлгоймаджы. Уыцы сылгоймаг сӕм рахызт ӕмӕ сын, махмӕ амонгӕйӕ, цыдӕртӕ дзурын райдыдта. Уыцы машинӕ нӕм сабыргай ӕрбацыд, ӕмӕ нӕ уыцы нӕлгоймӕгтӕ автобусы расписанийӕ цыдӕртӕ афарстой. Автобус куы ’рбацыд, уӕд шофырмӕ бацыдысты ӕмӕ йын цыдӕр загътой. Мах сын сӕ ныхӕстӕ нӕ фехъуыстам. Автобусы мах йеддӕмӕ ничи уыд, ӕмӕ ахъуыды кодтам, нӕ хабар хорз кӕй нӕу. Загътам, горӕтӕй куы рацӕуӕм, уӕд нӕ амардзысты. Фӕлӕ ахӕмӕй ницы ’рцыд. Автобусӕй куы рацӕйхызтӕн, уӕд шофыры бафарстон: «Уыцы нӕлгоймӕгтӕ дӕ мах тыххӕй фарстой?» Уый мын загъта: «Ӕз ӕй зонын, чи стут. Ӕмӕ йӕ уыдонӕн дӕр загътон. Ма тӕрсут, ничи уын ницы бакӕндзӕн».

Роберт ӕмӕ Полинӕ сӕ чындзӕхсӕвы бон

Нӕ чындзӕхсӕвы бон. 1977 аз, мартъи

1976 азы Дублины облӕстон конгрессыa базонгӕ дӕн Полинӕ Ломаксимӕ. Уый уыди сӕрмагонд пионер ӕмӕ конгресмӕ ӕрцыди Английӕ. Уыди иузӕрдион, сӕрныллӕг ӕмӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ хо. Йе ’фсымӕр Рейимӕ рӕстдзинад сӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ зыдтой. Афӕдзы фӕстӕ Полинӕимӕ нӕ цард баиу кодтам ӕмӕ дарддӕр лӕггад кодтам сӕрмагонд пионертӕй Баллиминӕйы (Цӕгат Ирланди).

Цасдӕр рӕстӕг лӕггад кодтон районон цӕстдарӕгӕй. Бӕрӕг кодтам хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты Белфасты, Лондондеррийы ӕмӕ ма змӕстытӕ кӕм уыд, ӕндӕр ахӕм рӕтты. Сӕ уырнындзинад нӕ дисы ’фтыдта. Цӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдыдтаиккой, уый тыххӕй сӕ къух систой, раздӕр тынг цӕуыл ӕууӕндыдысты, уыдӕттыл ӕмӕ иннӕтӕм знаджы цӕстӕй нал кастысты. Бӕрӕг уыд, Йегъовӕ сын кӕй арфӕ кодта ӕмӕ сӕ кӕй хъахъхъӕдта.

Ирландийы фӕцардтӕн 10 азы. 1981 азы нӕ фӕхуыдтой Галаады скъоламӕ, 72-ӕм къласмӕ. Скъола куы фестӕм, уӕд нӕ снысан кодтой Ныгуылӕн Африкӕмӕ, Сьерра-Леонемӕ.

СЬЕРРА-ЛЕОНЕ: МӔГУЫР, ФӔЛӔ ИУЗӔРДИОН

Мах цардыстӕм миссионерты хӕдзары 11 замманай хо ӕмӕ ’фсымӕримӕ. Уыди дзы иу къухни, ӕртӕ уазӕгдоны, дыууӕ душы, иу телефон, иу гӕрзтӕхсӕн машинӕ ӕмӕ иу гӕрзтӕхусгӕнӕн машинӕ. Рухс-иу арӕх ӕнӕнхъӕлӕджы ахуыссыд. Цары уыди дуне уырытӕ, пъадвалмӕ та-иу кобрӕтӕ бабырыд.

Роберт ӕмӕ ма чидӕртӕ сӕ мотоциклтимӕ цӕуынц плотыл цӕугӕдоны иннӕ фарсмӕ

Цӕуӕм конгресмӕ сыхаг Гвинеймӕ ӕмӕ нӕ хъӕуы цӕугӕдоныл ахизын

Кӕд нӕ уавӕртӕ бынтон хорз нӕ уыдысты, уӕддӕр нын нӕ лӕггад циндзинад хаста. Адӕм Библийыл ӕууӕндыдысты ӕмӕ-иу нӕм лӕмбынӕг байхъуыстой. Бирӕтӕ райдыдтой Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ систы. Бынӕттон адӕм мӕн хуыдтой «Мистер Роберт», Полинӕйы та – «Миссис Роберт». Фӕлӕ уый фӕстӕ уацамынды къаддӕр цӕуын райдыдтон, уымӕн ӕмӕ филиалӕн ӕххуыс кодтон. Ӕмӕ адӕм Полинӕйы райдыдтой «Миссис Полинӕ» хонын, мӕн та – «Мистер Полинӕ». Уый Полинӕйы зӕрдӕмӕ тынг цыди.

Роберт ӕмӕ Полинӕ лӕууынц сӕ машинӕйы раз

Сьерра-Леонейы уацамындон балцы рӕстӕг

Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй бирӕтӕ уыдысты мӕгуыр. Фӕлӕ сын Йегъовӕ ӕххуыс кодта, ӕмӕ хатт, ӕнхъӕл куыд нӕ уыдысты, афтӕ (Матф. 6:33). Мӕ зӕрдыл ӕрбалӕууы, иухатт иу хо куыд бакодта, уый. Ӕхца йӕм бирӕ нал баззад. Уыдысты ӕрмӕстдӕр уый фаг, цӕмӕй йӕхицӕн ӕмӕ йӕ сывӕллӕттӕн иу бонӕн хӕринаг балхӕдтаид. Фӕлӕ сӕ хо иууылдӕр радта, тӕфсӕгӕй рынчын чи уыд, уыцы ӕфсымӕрӕн, уымӕн ӕмӕ, хостӕ цӕмӕй балхӕдтаид, уый йын нӕ уыд. Уыцы бон фӕстӕдӕр хомӕ иу сылгоймаг ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрбацыд ӕмӕ йын загъта, цӕмӕй йын йӕ дзыккутӕм базылдаид. Ӕмӕ йын уый тыххӕй бафыста. Ӕмӕ ахӕм хабӕрттӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты не ’рцыд.

НИГЕРИ: АХУЫР КӔНӔМ НОГ КУЛЬТУРӔЙЫЛ

Сьерра-Леонейы фестӕм 9 азы. Уый фӕстӕ нӕ снысан кодтой Нигерийы Вефилмӕ. Ныр лӕггад кодтам стыр филиалы. Сьерра-Леонейы цы куыст кодтон, ам дӕр уыцы куыст кодтон. Фӕлӕ Полинӕйӕн йӕ цард бынтон фӕивта, ӕмӕ йын ӕнцон нӕ уыд. Раздӕр алы мӕй дӕр хъусын кодта 130 сахаты ӕмӕ, Библи кӕимӕ ахуыр кодта, уыдон Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кодтой. Ныр та Вефилы хуыйӕджы куыст кодта: кӕмӕндӕр-иу хъуыди цыдӕр бампъузын, кӕмӕндӕр цыдӕр фӕцыбыр кӕнын. Ӕнӕхъӕн бон уыцы куыст кодта. Ӕмӕ йӕ хъуыди рӕстӕг, цӕмӕй фӕцахуыр уыдаид. Фӕлӕ стӕй бамбӕрста, хотӕ ӕмӕ дзы ’фсымӕртӕ йӕ куысты тыххӕй тынг бузныг кӕй сты. Ӕмӕ уӕд йӕ тыхтӕ уымӕ сарӕзта, цӕмӕй вефилӕгты фидар кодтаид.

Нигериӕгты культурӕйыл ахуыр нӕма уыдыстӕм. Нырма нӕ бирӕ цыдӕртӕ хъуыди базонын. Иухатт мӕм офисмӕ иу ӕфсымӕр ӕрбакодта, Вефилы лӕггад кӕнын чи райдыдта, ахӕм хойы. Хойӕн йӕ къух райсон, зӕгъгӕ, афтӕ дын мӕ къӕхты раз йӕ зонгуытыл куы ’рхауид. Ӕз сагъдауӕй аззадтӕн! Мӕ сӕры уайтагъд февзӕрдысты мӕнӕ ацы стихтӕ: Хъуыддӕгтӕ 10:25, 26 ӕмӕ Раргомад 19:10. Хъуыдытӕ кодтон: «Зӕгъон ын ӕви нӕ, афтӕ ма кӕн, зӕгъгӕ?» Иннӕмӕй та йӕ ӕмбӕрстон: кӕд ӕй Вефилмӕ фӕхуыдтой, уӕд Библийы ахуырӕдтӕ хорз зоны.

Цалынмӕ ныхас кодтам, уӕдмӕ мӕхимидӕг тыхстӕн. Уый фӕстӕ мӕхицӕн загътон, зӕгъын, сӕ культурӕйы тыххӕй фылдӕр куы базонин. Ӕмӕ базыдтон, хо куыд бакодта, уый бынӕттон ӕгъдау кӕй уыд. Уыцы рӕстӕг дӕр бӕстӕйы кӕцыдӕр рӕтты салам дӕтгӕйӕ нырма афтӕ кодтой. Афтӕ-иу кодтой нӕлгоймӕгтӕ дӕр. Адӕймагӕн-иу кувгӕ нӕ кодтой, фӕлӕ-иу равдыстой, кад ын кӕй кӕнынц. Библийы дӕр ахӕм хабӕртты кой ис (1 Сам. 24:8). Хорз ӕмӕ мӕ зынаргъ хойӕн ницы загътон, кӕннод фефсӕрмы уыдаид.

Нигерийы базонгӕ стӕм, бирӕ азты дӕргъы Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй чи лӕггад кодта, ахӕм хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ. Сӕ уырнындзинад ӕмбисондӕн хӕссинаг у! Зӕгъӕм, базонгӕ стӕм Айзая Адагбонӕимӕb. Уый рӕстдзинад ӕрыгонӕй базыдта, фӕлӕ фӕстӕдӕр хъотырӕй фӕрынчын. Ӕмӕ йӕ арвыстой, хъотырӕй рынчынтӕ кӕм уыдысты ӕмӕ сӕ кӕм дзӕбӕх кодтой, ахӕм бынатмӕ. Уый йеддӕмӕ дзы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ нӕ уыд. Кӕд йӕ ныхмӕ цыдысты, уӕддӕр 30 хъотырджынӕй фылдӕрӕн баххуыс кодта рӕстдзинад базонынӕн. Ӕмӕ ма дзы ӕмбырд дӕр скодта.

КЕНИ: ӔФСЫМӔРТӔ МЕМӔ УЫДЫСТЫ ФӔРАЗОН

Кенийы базонгӕ дӕн иу сидзӕр сыкъафындзимӕ

1996 азы нӕ снысан кодтой Кенийы филиалмӕ. Райдианы уын цы хабар ракодтон, уӕдӕй фӕстӕмӕ ам никуыуал уыдтӕн. Мах цардыстӕм Вефилы. Вефилмӕ-иу нӕм уазӕгуаты ӕрбауадысты гыццыл маймулитӕ – верветкӕтӕ. Хотӕ-иу дыргътӕ куы фӕцӕйхастой, уӕд-иу сын сӕ уыцы гыццыл къӕрныхтӕ адавтой. Иухатт иу хойӕн йӕ рудзынг гомӕй баззад. Йӕ къомнӕтмӕ куы ’рбаздӕхт, уӕд арвы цӕфау фӕци: бадтысты дзы маймулитӕ ӕнӕхъӕн бинонтӕй ӕмӕ минас кодтой. Хо ныцъцъӕхахст кодта ӕмӕ ӕддӕмӕ ралыгъд. Маймулитӕ та хъыллистгӕнгӕ рудзынгӕй агӕппытӕ кодтой.

Полинӕимӕ райдыдтам ӕвзаг суахилийыл дзурӕг ӕмбырды лӕггад кӕнын. Цасдӕры фӕстӕ мын бахӕс кодтой, цӕмӕй ӕмбырды чиныгахуыр уагътаин (ныр хуыйны Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ). Фӕлӕ суахили ноггуырд сывӕллонӕй хуыздӕр нӕ зыдтон. Ӕрмӕг-иу рагацау бацӕттӕ кодтон, ӕмӕ-иу мӕ бон уыд фарстатӕ бакӕсын. Фӕлӕ-иу дзуаппытӕ, фыст цы уыд, уымӕй гыццыл дӕр куы хицӕн кодтой, уӕд-иу сӕ нӕ бамбӕрстон. Мӕ ныфс-иу асаст. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн бӕргӕ тӕригъӕд кодтон. Фӕлӕ мын мӕ зӕрдӕ бацагайдта, фембӕлд ӕз кӕй уагътон, уымӕ цы цӕстӕй кастысты, уый – уыдысты фӕразон ӕмӕ сӕрныллӕг.

АМЕРИКӔЙЫ ИУГОНД ШТАТТӔ: ХЪӔЗДЫГ, ФӔЛӔ ИУЗӔРДИОН

Кенийы иу аз дӕр нӕ фестӕм. 1997 азы нӕ фӕхуыдтой Бруклины Вефилмӕ. Ныр цардыстӕм хъӕздыг бӕстӕйы. Уый иуӕй хорз у, иннӕмӕй та – нӕ (Ӕмб. 30:8, 9). Фӕлӕ ахӕм бӕстӕйы дӕр нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн сӕ уырнындзинад у тынг фидар. Схъӕздыг уой, уымӕ нӕ тырнынц. Фӕлӕ сӕ рӕстӕг ӕмӕ се ’хцатӕ не ’вгъау кӕнынц, Йегъовӕйы организаци цы диссаджы куыст кӕны, уымӕн.

Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ бирӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ базонгӕ стӕм. Алыхуызон уавӕрты уыдысты, фӕлӕ Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодтой. Ирландийы уыдтам, кӕй уыдысты иузӕрдион, кӕд дзы змӕстытӕ уыди, уӕддӕр. Африкӕйы уыдтам, кӕй уыдысты иузӕрдион, кӕд мӕгуыр уыдысты, стӕй чидӕртӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕм нӕ уыд, ахӕм рӕтты цардысты, уӕддӕр. Америкӕйы Иугонд Штатты уынӕм, кӕй сты иузӕрдион, кӕд хъӕздыг сты, уӕддӕр. Йегъовӕ, хӕрзаг, куыд фӕцин кӕны ахӕм адӕммӕ кӕсгӕйӕ ӕмӕ йӕ кӕй уарзынц, уый алыхуызон уавӕрты куыд ӕвдисынц, уый уынгӕйӕ!

Полинӕимӕ Вефилы Уорвичы

Азтӕ тынг тагъд тӕхынц, «тынуафӕг куыд тагъд фӕкусы, уымӕй тагъддӕр» (Иов 7:6). Ныр лӕггад кӕнӕм сӕйраг хайады Уорвичы (штат Нью-Йорк). Ӕмӕ нын ӕхсызгон у, кӕрӕдзийы ӕцӕг уарзтӕй чи уарзы, ахӕм хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ лӕггад кӕнын. Мах стӕм амондджын ӕмӕ нӕ цардӕй райгонд, уымӕн ӕмӕ, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразӕм, цӕмӕй нӕ Паддзахӕн, Йесо Чырыстийӕн, ӕххуыс кӕнӕм. Уый тагъд рӕстӕджы йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты се ’ппӕты дӕр схорзӕхджын кӕндзӕн! (Матф. 25:34).

a Регионалон конгресстӕ уӕд хуындысты облӕстон конгресстӕ.

b Айзая Адагбонӕйы биографи бакӕсӕн ис 1998 азы 1 апрелы «Сторожевая башня»-йы, 22–27 фӕрстӕ. Айзая амард 2010 азы.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын