Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w24 апрель 31 ф.
  • Зыдтай йӕ?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Зыдтай йӕ?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Иттайау иузӕрдион у
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
  • «Сахуыр мӕ кӕн дӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
  • Алкӕддӕр Хуыцауы сыгъдӕг удыл нӕ зӕрдӕ дарӕм
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2004
  • Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты ирвӕзын кодта рагзаманты
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2008
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
w24 апрель 31 ф.

Зыдтай йӕ?

Паддзах Давиды ӕфсады, израилаг чи нӕ уыд, ахӕм хӕстонтӕ цӕмӕн уыд?

ПАДДЗАХ Давиды ӕфсады ӕрмӕст израилӕгтӕ нӕ уыд. Зӕгъӕм, уыди дзы аммонаг Целе́к, хеттаг У́ри ӕмӕ моаваг И́фмӕ (1 Аз. 11:39, 41, 46)a. Йе ’фсады ма уыди «хелефейтӕ, фелефейтӕ ӕмӕ гефӕгтӕ» (2 Сам. 15:18). Куыд зӕгъынц, афтӕмӕй хелефейтӕ ӕмӕ фелефейтӕ филистимӕгтӕй равзӕрдысты кӕнӕ та, гӕнӕн ис, филистимӕгтимӕ уыдысты хӕстӕг адӕмтӕ (Йез. 25:16). Гефӕгтӕ та уыдысты филистимаг горӕт Гефы цӕрджытӕ (Йес. Н. 13:2, 3; 1 Сам. 6:17, 18).

Давид-иу, израилаг чи нӕ уыд, ахӕм нӕлгоймӕгты йе ’фсадмӕ цӕмӕн райста? Уый нӕ дызӕрдыг кодта, иузӕрдион ыл кӕй уыдысты ӕмӕ сӕйраджыдӕр та Йегъовӕйыл кӕй уыдысты иузӕрдион, ууыл. Зӕгъӕм, хелефейты ӕмӕ фелефейты тыххӕй иу дзырдуаты фыст ис: «Уыдон Давидыл иузӕрдион уыдысты йӕ хицаудзинады ӕппӕты зындӕр рӕстӕджыты дӕр» (The New Interpreter’s Dictionary of the Bible). Уый куыд равдыстой? «Израилы адӕм» Давиды куы ныууагътой ӕмӕ Са́вӕйы фӕдыл куы ацыдысты, уӕд хелефейтӕ ӕмӕ фелефейтӕ Давидимӕ баззадысты ӕмӕ йын баххуыс кодтой Савӕйы фӕнд фехалынӕн (2 Сам. 20:1, 2, 7). Фӕстӕдӕр та Давиды фырт Адо́ни хъавыд паддзахбадӕн байсынмӕ. Фӕлӕ хелефейтӕ ӕмӕ фелефейтӕ Давидыл иузӕрдионӕй баззадысты. Ӕмӕ, Йегъовӕ кӕй равзӕрста, уый, ома Соломоны, паддзахӕй сӕвӕрынӕн баххуыс кодтой (1 Пад. 1:24–27, 38, 39).

Давидыл ма ӕнувыд уыд гефаг Итта́й дӕр. Иттай ӕмӕ йӕ 600 хӕстоны Давидӕн ӕххуыс кодтой, йӕ фырт Авессалом паддзахы бынат бацахсынмӕ куы хъавыд ӕмӕ израилӕгты паддзахы ныхмӕ куы скодта, уӕд. Давид Иттайӕн загъта, ӕндӕрбӕстаг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йӕ Давиды сӕрыл тох кӕнын кӕй нӕ хъӕуы. Фӕлӕ йын уый загъта: «Удӕгас Хуыцау Йегъовӕйы раз ӕмӕ мӕ буц хицауы раз сомы кӕнын: мӕ буц хицау кӕдӕм цӕуа, уырдӕм ацӕудзӕн дӕ цагъар дӕр. Ӕз демӕ амӕлынмӕ дӕр цӕттӕ дӕн!» (2 Сам. 15:6, 18–21).

Иттай ӕмӕ паддзах Давид ныхас кӕнынц.

Иттай уыд иузӕрдион Йегъовӕйы сӕрст паддзах Давидыл

Кӕд хелефейтӕ, фелефейтӕ ӕмӕ гефӕгтӕ израилӕгтӕ нӕ уыдысты, уӕддӕр Йегъовӕйы нымадтой ӕцӕг Хуыцауыл, Давиды та – йӕ сӕрст лӕггадгӕнӕгыл. Уыцы иузӕрдион нӕлгоймӕгтӕ Давиды фарс кӕй уыдысты, уый тыххӕй сӕ, хӕрзаг, куыд бузныг уыдаид!

a Хуыцауы закъоны фыст уыд: «Нӕдӕр аммонагӕн, нӕдӕр моавагӕн уый бар нӕй, цӕмӕй Йегъовӕйы ӕмбырды хай суой» (Дык. з. 23:3–6). Ӕвӕццӕгӕн, уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ уый гӕнӕн нӕ уыд, цӕмӕй, израилӕгтӕн цы бартӕ уыд, уыдон сӕм се ’ппӕт уыдаиккой. Фӕлӕ сӕ бон уыд израилӕгты ’хсӕн цӕрын ӕмӕ семӕ цавӕрдӕр хъуыддӕгты архайын. Чиныджы «Понимание Писания» кӕс статья «Аммонитяне», дӕлсӕргонд «Браки с израильтянами».

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын