Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w24 июнь 19 ф.
  • Кӕсджыты фарстатӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Кӕсджыты фарстатӕ
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Йегъовӕйы адӕм зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кӕнынц
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2016
  • Сабыр адӕм зӕхх бынӕн райсдзысты
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2018
  • «Махӕй алкӕмӕй дӕр дард нӕу»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2008
  • Цымӕ Йегъовӕ цин кӕнын ӕмӕ маст кӕнын зоны?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
w24 июнь 19 ф.

Кӕсджыты фарстатӕ

Псалом 12:7 стихы фыст ис: «Ды дӕхӕдӕг уыдзынӕ сӕ хъахъхъӕнӕг». Ам дзырд «ӕфхӕрд адӕмыл» (5 стих) цӕуы ӕви «Йегъовӕйы ныхӕстыл» (6 стих)?

Контекстӕй бӕрӕг у, ацы стихы дзырд адӕмыл кӕй цӕуы.

Псалом 12:1–4 стихты кӕсӕм: «Адӕймаджы фыртты ’хсӕн ӕнувыд адӕм нал баззад». Псалом 12:5–7 стихты та фыст ис:

«„Ӕфхӕрд адӕмы кӕй стигъынц

Ӕмӕ мӕгуыртӕ кӕй хъӕрзынц,

Уый тыххӕй ӕз ныр сыстдзынӕн,– зӕгъы Йегъовӕ.–

Уӕлейӕ дӕлӕмӕ сӕм чи кӕсы, уыдонӕй сӕ бахъахъхъӕндзынӕн“.

Йегъовӕйы ныхӕстӕ сты сыгъдӕг.

Уыдон сты, зӕххы ӕвӕрд тайынгӕнӕн пецы кӕй ссыгъдӕг кодтой, авд хатты кӕй бадон кодтой, ахӕм ӕвзисты хуызӕн.

Ды дӕхӕдӕг уыдзынӕ сӕ хъахъхъӕнӕг, о Йегъовӕ.

Уыдонӕй алкӕй дӕр ӕнустӕм хъахъхъӕндзынӕ ацы адӕмӕй».

5-ӕм стихы фыст ис, Хуыцау «ӕфхӕрд адӕмы» кӕй фервӕзын кӕндзӕн.

6-ӕм стихы та фыст ис, зӕгъгӕ, «Йегъовӕйы ныхӕстӕ сты сыгъдӕг», «кӕй ссыгъдӕг кодтой... ахӕм ӕвзисты хуызӕн». Ӕмӕ чырыстӕттӕ ацы ныхӕстимӕ разы сты (Пс. 18:30; 119:140).

Ныр та ӕркӕсӕм Псалом 12:7 стихмӕ: «Ды дӕхӕдӕг уыдзынӕ сӕ хъахъхъӕнӕг, о Йегъовӕ. Уыдонӕй алкӕй дӕр ӕнустӕм хъахъхъӕндзынӕ ацы адӕмӕй». Ацы стихы номивӕг «сӕ» кӕмӕ кӕнӕ цӕмӕ амоны?

6-ӕм стихы «Йегъовӕйы ныхӕсты» кой кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ ис ахӕм хатдзӕг скӕнӕн, ӕмӕ 7-ӕм стихы номивӕг «сӕ» амоны Хуыцауы ныхӕстӕм. Ӕмӕ йӕ зонӕм, Хуыцау Библи кӕй хъахъхъӕдта, кӕд ӕмӕ знӕгтӕ тынг архайдтой, цӕмӕй йӕ фесӕфтаиккой, стӕй кӕд Библи кӕсын ӕмӕ йӕ тӕлмац кӕнын нӕ уагътой, уӕддӕр (Ис. 40:8; 1 Пет. 1:25).

Фӕлӕ 5-ӕм стихы цы фыст ис, уый дӕр раст у – Йегъовӕ хъахъхъӕны, кӕй ӕфхӕрынц ӕмӕ кӕй стигъынц, уыцы адӕмы (Иов 36:15; Пс. 6:4; 31:1, 2; 54:7; 145:20).

Уӕдӕ 7-ӕм стихы номивӕг «сӕ» кӕмӕ кӕнӕ цӕмӕ амоны?

Ацы псаломмӕ ӕнӕхъӕнӕй куы ’ркӕсӕм, уӕд фендзыстӕм, «сӕ» адӕммӕ кӕй амоны.

12-ӕм псаломы райдиан Давид дзуры, «ӕнувыд адӕм» цы уавӕры уыдысты, уый тыххӕй – фыдгӕнджытӕ сӕ сайдтой. Уый фӕстӕ та дзуры, Йегъовӕ кӕй сыстдзӕн, йе ’взагӕй иннӕтӕн зиан чи хӕссы, уыдоны ныхмӕ. Ацы псаломӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ алкӕддӕр йӕ адӕмы сӕрыл кӕй хӕцдзӕн. Нӕ бон у Йегъовӕйыл ӕууӕндын, уымӕн ӕмӕ йӕ ныхӕстӕ сты сыгъдӕг.

Уӕдӕ 7-ӕм стихы дзырд цӕуы ӕфхӕрд адӕмыл. Йегъовӕ «сӕ» бахъахъхъӕндзӕн фыдгӕнджыты ныхӕстӕй ӕмӕ хъуыддӕгтӕй.

Дзуттаг-масоретаг тексты ацы стихы ӕмбӕлы номивӕг «сӕ». Ӕмӕ уыцы номивӕг, гӕнӕн ис, амона адӕммӕ дӕр ӕмӕ Хуыцауы ныхӕстӕм дӕр. Грекъаг Септуагинтӕйы та 7-ӕм стихы дыууӕ хатты ӕмбӕлы номивӕг «нӕ». Ӕмӕ амоны, кӕй ӕфхӕрынц ӕмӕ кӕй стигъынц, уыцы ӕнувыд лӕггадгӕнджытӕм. Уымӕй уӕлдай ма 7-ӕм стихы фыст ис, Йегъовӕ ӕнувыд лӕггадгӕнджытӕй «алкӕй дӕр» кӕй хъахъхъӕндзӕн «ацы адӕмӕй», ома, «ӕнаккаг митӕ» чи кӕны, уыдонӕй (Пс. 12:7, 8). Арамейаг таргумты 7-ӕм ӕмӕ 8-ӕм стихтӕ сты афтӕ: «ХИЦАУ, ды рӕстгӕнджыты бахъахъхъӕндзынӕ. Ды сӕ хъахъхъӕндзынӕ ацы фыдзӕрдӕ фӕлтӕрӕй ӕнустӕм. Бӕстӕ фыдгӕнджытӕй байдзаг. Уыдон цъулбертау адӕмы фыртты туг цъирынц». Уыдӕттӕ сты бӕлвырдгӕнӕн, Псалом 12:7 стихы дзырд адӕмыл кӕй цӕуы, Хуыцауы ныхӕстыл нӕ, фӕлӕ.

Ацы стих нӕ ныфс уадзы, Йегъовӕ алкӕддӕр йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты сӕрыл кӕй хӕцдзӕн.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын