Кӕсджыты фарстатӕ
Исайы 60:1 стихы цы «усы» кой ис, уый чи у ӕмӕ цы нысан кӕнынц ныхӕстӕ «уӕлӕмӕ сыст» ӕмӕ «рухс кӕн»?
Исайы 60:1 стихы фыст ис: «Мӕнӕ ус, уӕлӕмӕ сыст ӕмӕ рухс кӕн, уымӕн ӕмӕ дӕ рухс ӕрцыд ӕмӕ дыл Йегъовӕйы кад хурау скаст». Контекстӕй бӕрӕг у, «ус» кӕй амоны Сионмӕ, кӕнӕ Иерусалиммӕ (уыцы рӕстӕг уый уыд Иудӕйы сӕйраг горӕт) (Ис. 60:14; 62:1, 2)a. Иерусалим амоны Израилы адӕммӕ. Ацы статьяйы дзуапп базондзыстӕм дыууӕ фарстайӕн. Фыццаг: Иерусалим кӕд ӕмӕ куыд «сыстад» ӕмӕ «рухс кӕнын» кӕд ӕмӕ куыд райдыдта? Дыккаг: Исайы ныхӕстӕ ма хъуамӕ ноджыдӕр сӕххӕст уыдаиккой?
Иерусалим кӕд ӕмӕ куыд «сыстад» ӕмӕ «рухс кӕнын» кӕд ӕмӕ куыд райдыдта? Дзуттӕгтӕ 70 азы дӕргъы уыдысты уацары Вавилоны. Уыцы рӕстӕг Иерусалим ӕмӕ йӕ кувӕндон уыдысты пырх. Фӕлӕ мидиӕгтӕ ӕмӕ персайнӕгтӕ Вавилон куы бацахстой, уӕд израилӕгтӕн бар радтой, цӕмӕй фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ аздӕхтаиккой ӕмӕ раст дин йӕ къахыл слӕууын кодтаиккой (Езд. 1:1–4). Н. э. размӕ 537 азы Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ ӕппӕт 12 мыггагӕй Иерусалиммӕ ӕрцыдысты (Ис. 60:4). Уыдон райдыдтой Йегъовӕйӕн нывӕндтӕ хӕссын, бӕрӕгбӕттӕ бӕрӕг кӕнын ӕмӕ кувӕндон ногӕй аразын (Езд. 3:1–4, 7–11; 6:16–22). Ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйы кад Иерусалимыл, ома Хуыцауы адӕмыл, ногӕй рухс кӕнын райдыдта. Йӕ адӕм та систы «рухс», Йегъовӕйы чи нӕ зыдта, уыцы адӕмтӕн.
Фӕлӕ Исайы пехуымпарӕдтӕ рагон Иерусалимыл кӕронмӕ нӕ сӕххӕст сты. Израилӕгтӕн сӕ фылдӕр Йегъовӕйы коммӕ нал кастысты (Неем. 13:27; Мал. 1:6–8; 2:13, 14; Матф. 15:7–9). Фӕстӕдӕр ма суанг Мессийӕйыл, Йесо Чырыстийыл, нӕ баууӕндыдысты (Матф. 27:1, 2). Ӕмӕ н. э. 70 азы Иерусалим ӕмӕ йӕ кувӕндон дыккаг хатт пырхгонд ӕрцыдысты.
Йегъовӕ рагацау загъта, хабар афтӕ кӕй рауайдзӕн (Дан. 9:24–27). Уӕдӕ афтӕ уайы, ӕмӕ Йегъовӕйы фӕнд уый нӕ уыд, цӕмӕй, Исайы 60-ӕм сӕры цы пехуымпарӕдтӕ ис, уыдон кӕронмӕ зӕххон Иерусалимыл сӕххӕст уыдаиккой.
Исайы ныхӕстӕ ма хъуамӕ ноджыдӕр сӕххӕст уыдаиккой? О, фӕлӕ ӕндӕр «усыл» – «уӕларвон Иерусалимыл». Апостол Павел уӕларвон Иерусалимы тыххӕй ныффыста: «Уый у нӕ мад» (Гал. 4:26). Уӕларвон Иерусалим у Хуыцауы организацийы уӕларвон хай, ис дзы иузӕрдион зӕдтӕ. Йӕ сывӕллӕттӕ та сты Йесо Чырысти ӕмӕ 144 000 сӕрст чырыстоны. Уыцы чырыстӕттӕн дӕр Павелау ис уӕлӕрвты цӕрыны ныфс. Сӕрст чырыстӕттӕ сты «сыгъдӕг адӕм», ома «Хуыцауы Израил» (1 Пет. 2:9; Гал. 6:16).
Уӕларвон Иерусалим куыд «сыстад» ӕмӕ «рухс кӕнын» куыд райдыдта? «Сыстадысты» ӕмӕ «рухс кӕнын» райдыдтой йӕ сывӕллӕттӕ – уыцы рӕстӕг зӕххыл чи цард, уыцы сӕрст чырыстӕттӕ. Ныртӕккӕ ӕркӕсдзыстӕм, Исайы 60-ӕм сӕры цы пехуымпарӕдтӕ ис, уыдон сӕрст чырыстӕттыл куыд сӕххӕст сты, уымӕ.
Сӕрст чырыстӕтты «сыстын» цӕмӕн хъуыди? Н. э. 2 ӕнусы, раст дин чи ныууагъта, уыдон сбирӕ сты. Уый аххосӕй сӕрст чырыстӕттӕ уыдысты «талынджы» (Матф. 13:37–43). Афтӕмӕй бахаудысты Стыр Вавилоны уацары (Стыр Вавилон амоны мӕнг динтӕм се ’ппӕтмӕ дӕр). Сӕрст чырыстӕттӕ уацары уыдысты, цалынмӕ «ацы цардӕвӕрды кӕрон» нӕ райдыдта, уӕдмӕ (Матф. 13:39, 40). Уыцы рӕстӕг райдыдта 1914 азы. Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ 1919 азы ссӕрибар сты ӕмӕ уайтагъд «рухс кӕнын» райдыдтой – хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодтойb. Уӕдӕй фӕстӕмӕ уыцы рухсмӕ цӕуынц адӕм алы адӕмыхӕттытӕй. Ӕмӕ се ’хсӕн сты, Хуыцауы Израилмӕ чи хауы, уыцы «паддзӕхтӕ» дӕр (Ис. 60:3; Рарг. 5:9, 10).
Фидӕны сӕрст чырыстӕттӕ ноджы тынгдӕр рухс кӕндзысты. Иууылдӕр уӕларвон цардмӕ куы райгас уой, уӕд суыдзысты «Ног Иерусалим», кӕнӕ Чырыстийы чындз – 144 000 паддзахы ӕмӕ сауджыны (Рарг. 14:1; 21:1, 2, 24; 22:3–5).
Исайы 60:1 стихы цы пехуымпарад ис, уый кӕронмӕ сӕххӕст уыдзӕн Ног Иерусалимыл. (Абар Исай 60:1, 3, 5, 11, 19, 20 ӕмӕ Раргомад 21:2, 9–11, 22–26.) Рагон Израилы паддзӕхтӕн сӕ бадӕн уыд Иерусалимы ӕмӕ разамынд уырдыгӕй лӕвӕрдтой. Ӕмӕ афтӕ Ног Иерусалим Чырыстиимӕ иумӕ суыдзысты ног дунейы хицауад. Ног Иерусалим «уӕларвӕй, Хуыцауӕй» кӕй ӕрцӕйцӕуы, уый цӕмӕ амоны? Сӕрст чырыстӕттӕ, зӕххыл чи цӕрдзӕн, уыдонӕн кӕй ӕххуыс кӕндзысты, уымӕ. Хуыцауӕй чи тӕрсы, уыцы адӕм «цӕудзысты... [Ног Иерусалимы] рухсы». Уыдон суанг тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй дӕр ссӕрибар уыдзысты (Рарг. 21:3, 4, 24). Ӕмӕ ӕппынфӕстаг, «Хуыцау... цӕй кой кодта, уыдон иууылдӕр фӕстӕмӕ сӕ къахыл слӕудзысты», Исай ӕмӕ иннӕ пехуымпартӕ рагацау куыд загътой, афтӕ (Хъуыд. 3:21). Уыцы рӕстӕг райдыдта, Чырысти Паддзах куы сси, уӕд ӕмӕ фӕуыдзӕн, йӕ Миназон хицаудзинад куы фӕуа, уӕд.
a Библийы иуӕй-иу тӕлмацты Исайы 60:1 стихы дзырд «ус»-ы бӕсты ӕмбӕлы дзырд «Сион» кӕнӕ «Иерусалим». Уӕдӕ «Ног дунейы тӕлмац»-ы дзырд «ус» цӕмӕн ӕмбӕлы? Дзуттаг ӕвзаджы нӕлгоймаджы кой кӕнгӕйӕ мивдисӕджы формӕ иухуызон вӕййы, сылгоймаджы кой кӕнгӕйӕ та – ӕндӕрхуызон. Ӕмӕ дзуттаг ӕвзаджы ацы стихы мивдисджытӕ «сыст» ӕмӕ «рухс кӕн», стӕй номивӕг «дыл» амонынц сылгоймагмӕ.
b Раст дин йӕ къахыл кӕй хъуамӕ слӕууыдаид, уый кой ма цӕуы Йезекилы 37:1–14 стихты ӕмӕ Раргомады 11:7–12 стихты. Ӕмӕ уый ӕрцыд 1919 азы. Йезекил рагацау загъта, сӕрст чырыстӕттӕ иууылдӕр тынг бирӕ рӕстӕг уацары кӕй уыдзысты, фӕлӕ фӕстӕдӕр кӕй ссӕрибар уыдзысты. Раргомады цы пехуымпарад ис, уый та амоны, Хуыцауы адӕмӕн разамынд чи лӕвӕрдта, уыцы ӕфсымӕрты гыццыл къорд фӕстӕмӕ йӕ къахыл кӕй слӕууыд, уымӕ. Уыдоны цыбыр рӕстӕгмӕ ӕнаххосӕй ахӕстоны бакодтой, ӕмӕ уыдысты марды хуызӕн, ома сӕ бон нӕ уыд Йегъовӕйӕн, куыд ӕмбӕлы, афтӕ лӕггад кӕнын. Фӕлӕ фӕстӕдӕр «цардмӕ раздӕхтысты». 1919 азы сӕ Йесо снысан кодта «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъарӕй» (Матф. 24:45; кӕс чиныг «Чистое поклонение Иегове восстановлено!», 118 фарс).