Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w24 сентябрь 32 ф.
  • Архай, цӕмӕй-иу Библи иртасгӕйӕ ног цыдӕртӕ базонай

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Архай, цӕмӕй-иу Библи иртасгӕйӕ ног цыдӕртӕ базонай
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Йегъовӕ йӕ адӕмыл тыхсы
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2017
  • Йегъовӕ нын цы дӕтты, уымӕй ӕххӕстӕй пайда кӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2016
  • Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕнын — арфӕйаг хъуыддаг
    Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн
  • Паддзӕхты фӕзмӕм мах дӕр
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2002
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
w24 сентябрь 32 ф.

УЫНАФФӔТӔ. ЦЫ ИС РАИРТАСӔН?

Архай, цӕмӕй-иу Библи иртасгӕйӕ ног цыдӕртӕ базонай

Хорз уаид, Библи иртасыны размӕ-иу куы ахъуыды кӕниккам: «Цымӕ ацы ӕрмӕгӕй цы базондзынӕн?» Ӕмӕ кӕд мах иу цыдӕр базонын ӕнхъӕл стӕм, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ нын Йегъовӕ ӕндӕр цыдӕртӕ нӕ бацамондзӕн. Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу Библи иртасгӕйӕ ног цыдӕртӕ базонай?

Йегъовӕйӕ зонд кур. Йегъовӕмӕ кув, цӕмӕй бамбарай, ныртӕккӕ дын цы зӕгъинаг у, уый (Иак. 1:5). Цы фарста иртасыс, уый тыххӕй кӕд бирӕ цыдӕртӕ зоныс, уӕддӕр афтӕ ма хъуыды кӕн, ӕмӕ ногӕй ницыуал базондзынӕ (Ӕмб. 3:5, 6).

Рох дӕ ма уӕд, Библийы стыр тых кӕй ис. «Хуыцауы ныхас у удӕгас» (Дзут. 4:12). Библи куы фӕкӕсӕм, уӕд дзы алы хатт дӕр нӕ бон вӕййы ног цыдӕр базонын ӕмӕ нын нӕ уавӕры цы баххуыс кӕндзӕн, уый фенын. Фӕлӕ уый тыххӕй хъуамӕ ӕмбарӕм, алцы кӕй нӕ зонӕм, ӕмӕ цӕттӕ уӕм ног цӕуылдӕрты ахуыр кӕнынмӕ.

Йегъовӕйы фынгыл цыдӕриддӕр ис, уыдӕтты тыххӕй бузныг у. Йегъовӕ нын нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн цы дӕтты, уыдӕттӕ абарӕн ис «дзаджджын хӕринӕгтимӕ» (Ис. 25:6). Кӕд дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ кӕцыдӕр «хӕринӕгтӕ», ома темӕтӕ, дӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцӕудзысты, уӕддӕр-иу сӕ фӕрсты ма ацу. Уӕд дын Хуыцау ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хуыздӕрырдӕм ивай, стӕй дын Библи иртасын циндзинад хӕсдзӕн!

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын