Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w24 декабрь 26–29 фф.
  • Цӕрӕнбонты ахуыр кӕнын

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Цӕрӕнбонты ахуыр кӕнын
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • НӔ БИНОНТӔ РӔСТДЗИНАД БАЗЫДТОЙ
  • АХУЫР КӔНЫН КОНГРЕССТЫ
  • РАЙДЫДТОН ПИОНЕРӔЙ ЛӔГГАД КӔНЫН
  • ФӔЗЫНД НОГ НЫСӔНТТӔ, ӔМӔ ТА АХУЫР КӔНЫН
  • БИРӔ ЦӔУЫЛДӔРТЫ САХУЫР ДӔН МӔ БИНОЙНАГӔЙ
  • Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕнын, уый у ме стыр цин
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • Ӕвдай азы дӕргъы хӕцын «дзуттаг лӕджы фӕдджийыл»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
  • Йӕ зӕрдӕйы кардау чи ахызт, уыцы мастӕн бафӕрӕзта
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
  • Йегъовӕ мын мӕ лӕггадӕн раарфӕ кодта
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2016
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
w24 декабрь 26–29 фф.
Джоэл Адамс.

БИОГРАФИ

Цӕрӕнбонты ахуыр кӕнын

РАДЗЫРДТА ЙӔ ДЖО́ЭЛ А́ДАМС

МӔНМӔ стыр кад ӕрхауд: Йегъовӕ у мӕ «Кадджын Зондамонӕг»! (Ис. 30:20). Ӕмӕ дзы уый тыххӕй тынг бузныг дӕн. Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты ахуыр кӕны йӕ Ныхас Библийы фӕрцы, цы диссӕгтӕ сфӕлдыста, уыдоны фӕрцы ӕмӕ йӕ организацийы фӕрцы. Стӕй ма нӕ цӕуылдӕрты фӕахуыр кӕны нӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты уылты дӕр. Тагъд мыл сӕххӕст уыдзӕн 100 азы. Фӕлӕ ма ныр дӕр ахуыр кӕнын. Ныртӕккӕ уын мӕ хабӕрттӕ бӕстондӕр ракӕндзынӕн.

Нӕ бинонтӕ, 1948 аз

Ӕз райгуырдтӕн 1927 азы Америкӕйы Иугонд Штатты, иу гыццыл горӕты Чика́гомӕ хӕстӕг (штат Иллино́йс). Нӕ фыд ӕмӕ нӕ мадӕн уыдыстӕм 5 сывӕллоны: Дже́тӕ, Дон, ӕз, Карл ӕмӕ Джой. Не ’ппӕты дӕр фӕндыд Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕнын. 1943 азы Джетӕйы фӕхуыдтой Галаады скъолайы 2-ӕм къласмӕ. Доны, Карлы ӕмӕ Джойы та фӕхуыдтой Вефилмӕ, Бруклинмӕ: Доны – 1944 азы, Карлы – 1947 азы ӕмӕ Джойы – 1951 азы. Мӕ хотӕ ӕмӕ мын ме ’фсымӕртӕ, стӕй мӕ ныййарджытӕ дӕр бирӕ хъуыддӕгты уыдысты фӕзминаг.

НӔ БИНОНТӔ РӔСТДЗИНАД БАЗЫДТОЙ

Нӕ фыд ӕмӕ нӕ мад Хуыцауы уарзтой ӕмӕ-иу Библи дӕр кастысты. Ӕмӕ архайдтой, цӕмӕй мах дӕр Хуыцауы бауарзтаиккам. Фӕлӕ мӕ фыд Фыццаг дунеон хӕсты Европӕйы куы хӕцыд, уӕд аргъуантӕй фыдӕнхъӕл фӕци. Мӕ мад Хуыцауӕй тынг бузныг уыд, мӕ фыд хӕстӕй сӕрӕгасӕй кӕй ӕрыздӕхт, уый тыххӕй. Ӕмӕ мӕ фыдӕн загъта: «Карл, аргъуанмӕ та ацӕуиккам». Мӕ фыд ын загъта: «Уыйонгты демӕ ацӕудзынӕн, фӕлӕ мидӕмӕ нӕ бахиздзынӕн». Мӕ мад ӕй бафарста: «Цӕуылнӕ?» Ӕмӕ йын мӕ фыд ахӕм дзуапп радта: «Хӕсты кӕрӕдзиимӕ чи хӕцыд, уыдон иу диныл хӕст уыдысты. Фӕлӕ сауджынтӕ иуырдыгӕй дӕр ӕмӕ иннӕрдыгӕй дӕр салдӕттӕн дзырдтой, Хуыцау уемӕ ис, зӕгъгӕ. Ӕмӕ уӕд куыд? Хуыцау дыууӕты фарс дӕр уыд?»

Иухатт мӕ мад аргъуаны куы уыд, уӕд нӕм хӕдзармӕ ӕрбацыдысты дыууӕ Ӕвдисӕны. Мӕ фыдӕн равдыстой, адӕмимӕ Библи кӕй фӕрцы ахуыр кодтой, ахӕм чиныг, «Рухс», зӕгъгӕ (2 томы). Ӕвзӕрст дзы цыди Раргомады чиныг. Мӕ фыдмӕ уыцы чиныг цымыдисаг фӕкаст ӕмӕ йӕ райста. Мӕ мад куы ’рбацыд ӕмӕ йӕ куы федта, уӕд ӕй кӕсын райдыдта. Стӕй иу бон газеты федта хъусынгӕнинаг, зӕгъгӕ уӕ хонӕм Библи ахуыр кӕнынмӕ чиныг «Рухс»-ы фӕрцы. Ӕмӕ сфӕнд кодта уырдӕм ацӕуын. Дуар ын бакодта иу ацӕргӕ сылгоймаг. Мӕ мад ӕм чиныг равдыста ӕмӕ йӕ бафарста: «Ацы чиныг ам ахуыр кӕнут?» Уый йын загъта: «О, мӕ хъӕбул, мидӕмӕ рахиз». Иннӕ къуыри мах дӕр йемӕ акодта, ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ уырдӕм алы къуыри дӕр цыдыстӕм.

Иухатт, фембӕлд чи уагъта, уыцы ’фсымӕр мын загъта, цӕмӕй бакастаин Псалом 144:15 стих. Уым фыст ис, Йегъовӕйӕн чи лӕггад кӕны, уыдон амондджын кӕй сты. Уыцы ныхӕстӕ мын мӕ зӕрдӕ тынг бацагайдтой. Стӕй ма ноджыдӕр дыууӕ стихы мӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыдысты: 1 Тимофеймӕ 1:11 стих – уым фыст ис, Йегъовӕ кӕй у «амондджын Хуыцау», ӕмӕ Ефесӕгтӕм 5:1 стих – уым та фыст ис, «Хуыцауы фӕзмут», зӕгъгӕ. Ӕз бамбӕрстон, ме Сфӕлдисӕгӕн цингӕнгӕйӕ кӕй хъуамӕ лӕггад кӕнон ӕмӕ мӕ ахӕм кады аккаг кӕй скодта, уый тыххӕй дзы бузныг кӕй хъуамӕ уон. Ӕмӕ мӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ уый иу бон дӕр рох нӕ уыд.

Ӕппӕты хӕстӕгдӕр нӕм чи уыд, уыцы ӕмбырд уыд Чикагойы, 32 километры дарддӕр. Фӕлӕ уӕддӕр ӕмбырдтӕм цыдыстӕм, ӕмӕ Библи дӕр хуыздӕр ӕмбарын райдыдтон. Хъуыды йӕ кӕнын, иухатт Джетӕ дзуапп лӕвӕрдта. Ӕмӕ йӕм куы хъуыстон, уӕд ахъуыды кодтон: «Ӕз дӕр уый куы зыдтон! Мӕ бон уыд мӕ къухыл схӕцын». Ӕмӕ уӕд райдыдтон мӕхи цӕттӕ кӕнын ӕмӕ ӕмбырдты дзуаппытӕ дӕттын. Мӕ хотӕ ӕмӕ ме ’фсымӕртӕн ӕмӕ мӕнӕн дӕр нӕ уырнындзинад фидардӕр кодта. Ӕмӕ 1941 азы донаргъуыд райстон.

АХУЫР КӔНЫН КОНГРЕССТЫ

Уӕлдай тынгдӕр хъуыды кӕнын, 1942 азы Кли́вленды (штат Ога́йо) цы конгресс уыд, уый. Конгресс кӕм цыд, уырдӕм хӕстӕг ӕфсымӕртӕ пъалаткӕтӕ сӕвӕрдтой. Ӕмӕ мах дӕр уым цардыстӕм. 50 горӕтӕй фылдӕры та программӕмӕ хъуыстой телефонӕй. Уӕд цыди Дыккаг дунеон хӕст, ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ныхмӕ тынгӕй-тынгдӕр цыдысты. Гъемӕ изӕрӕй ӕфсымӕртӕ сӕ машинӕтӕ афтӕ сӕвӕрдтой, сӕ фарӕтӕ ӕддӕрдӕм куыд уыдаиккой. Ӕмӕ баныхас кодтой, алы машинӕйы дӕр ӕхсӕвы чидӕр кӕй баззайдзӕн. Ӕмӕ исчи куы ’рбабырстаид, уӕд фарӕтӕ ссыгътаиккой, цӕмӕй, чи ’рбабырста, уыдон мацыуал уыдтаиккой. Стӕй хъуамӕ сигнал кӕнын дӕр райдыдтаиккой, цӕмӕй сӕм иннӕтӕ ӕххуысмӕ ӕрбазгъордтаиккой. Уӕд ӕз ахъуыды кодтон: «Йегъовӕйы адӕм алцӕмӕ дӕр куыд цӕттӕ сты!» Гъемӕ ӕнӕмӕтӕй бафынӕй кодтон. Ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр ницы ’рцыд.

Бирӕ азты фӕстӕ уыцы конгресс мӕ зӕрдыл куы ’рбалӕууыд, уӕд ӕй бамбӕрстон, мӕ мад уӕд ӕппындӕр кӕй ницӕмӕй тарст. Йӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дардта Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ организацийыл. Уый мӕ никуы ферох уыдзӕн.

Уыцы конгрессӕй гыццыл раздӕр мӕ мад райдыдта пионерӕй лӕггад кӕнын. Ӕмӕ конгрессы уӕлдай лӕмбынӕг хъуыста, ӕххӕстрӕстӕг лӕггады кой кӕм кодтой, уыцы раныхӕстӕм. Фӕстӕмӕ хӕдзармӕ куы здӕхтыстӕм, уӕд нын афтӕ: «Фӕндид мӕ дарддӕр дӕр пионерӕй лӕггад кӕнын. Фӕлӕ хӕдзармӕ дӕр хъӕуы зилын. Ӕмӕ мын иунӕгӕй уыдӕттӕ иууылдӕр аразын зын уыдзӕн». Ӕмӕ нӕ бафарста, нӕ, дам, мын баххуыс кӕниккат. Мах ын загътам, кӕй йын ӕххуыс кӕндзыстӕм. Гъемӕ нын куыст радта. Хъуамӕ-иу нӕ алчидӕр райсомӕй хӕрды размӕ афснайдтаид иу кӕнӕ дыууӕ къомнӕты. Скъоламӕ-иу куы ацыдыстӕм, уӕд ма-иу мӕ мад иу хатт хӕдзарыл азылд, цӕмӕй дзы ӕнӕфснайдӕй мацы баззадаид. Ӕмӕ-иу стӕй ацыд хъусын кӕнынмӕ. Бирӕ хъуыддӕгтӕ йын уыд аразинаг, фӕлӕ мах ӕвӕгӕсӕг никуы уыдыстӕм. Нӕхимӕ-иу сихор бахӕрынмӕ ӕмӕ урокты фӕстӕ куы ’рбацыдыстӕм, уӕд-иу алкӕддӕр хӕдзары уыд. Кӕцыдӕр бонты-иу скъолайы фӕстӕ мах дӕр йемӕ хъусын кӕнынмӕ ацыдыстӕм. Ӕмӕ уый фӕрцы бамбӕрстам, пионертӕ куыд лӕггад кӕнынц, уый.

РАЙДЫДТОН ПИОНЕРӔЙ ЛӔГГАД КӔНЫН

16 азы мыл куы цыд, уӕд райдыдтон пионерӕй лӕггад кӕнын. Мӕ фыд уӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕн нӕма уыд. Фӕлӕ-иу мӕ арӕх афарста мӕ лӕггадӕй. Иу изӕр ын радзырдтон, кӕй мын нӕ уайы, Библи ахуыр кӕнын кӕй фӕнды, ахӕм искӕй ссарын. Стӕй гыццыл ахъуыды кодтон ӕмӕ йӕ афарстон: «Па, дӕу нӕ фӕндид Библи ахуыр кӕнын?» Уый дӕр ахъуыды кодта ӕмӕ загъта: «„Нӕ“ зӕгъынӕн мын ницы ӕфсон ис». Уый уыд мӕ фыццаг Библийы ахуыр. Уырнгӕ дӕр мӕ нӕ кодта, мӕ фыдимӕ Библи кӕй ахуыр кӕнын, уый!

Ахуыр кодтам чиныг «Рӕстдзинад уӕ ссӕрибар кӕндзӕн». Цасдӕры фӕстӕ бамбӕрстон, мӕ фыд мын кӕй ӕххуыс кӕны, цӕмӕй Библи лӕмбынӕгдӕр иртасон ӕмӕ иннӕты ахуыр кӕнынмӕ дӕр хуыздӕр арӕхсон. Зӕгъӕм, иу изӕр Библи ахуыр кодтам. Ӕмӕ абзац куы бакастыстӕм, уӕд мын загъта: «Чиныджы цы фыст ис, уый уынын. Фӕлӕ йӕ кӕцӕй зоныс, рӕстытӕ дзы кӕй ис фыст, уый?» Ӕз ахӕм фарстамӕ цӕттӕ нӕ уыдтӕн, ӕмӕ йын загътон: «Ныртӕккӕ дын мӕ бон нӕу уый бамбарын кӕнын. Фӕлӕ дын иннӕ хатмӕ дзуапп бацӕттӕ кӕндзынӕн». Гъемӕ ссардтон, цы хъуыдытыл дзырдтам, уыдон чи бӕлвырд кодта, ахӕм стихтӕ. Уӕдӕй фӕстӕмӕ нӕ ахуырмӕ хуыздӕр цӕттӕ кодтон. Стӕй сахуыр дӕн цавӕрдӕр фарстайы фӕдыл фылдӕр ӕрмӕг агурын дӕр. Уый фӕрцы нӕ дыууӕйӕн дӕр нӕ уырнындзинад фидардӕр кодта. Мӕ фыд, цы-иу базыдта, уымӕ гӕсгӕ архайгӕ дӕр кодта. Ӕмӕ 1952 азы донаргъуыд райста.

ФӔЗЫНД НОГ НЫСӔНТТӔ, ӔМӔ ТА АХУЫР КӔНЫН

17-аздзыдӕй хицӕнӕй цӕрын райдыдтон. Джетӕa райдыдта миссионерӕй лӕггад кӕнын, Дон та – Вефилы. Сӕ лӕггад тынг уарзтой. Ӕмӕ мӕнӕн дӕр мӕ зӕрдӕйы зынг ссыгъд. Гъемӕ Вефилмӕ дӕр ныффыстон ӕмӕ Галаады скъоламӕ дӕр. Ӕмӕ хъуыддаг Йегъовӕйы бар бакодтон. Ӕмӕ йӕ куыд аскъуыддзаг кодта? 1946 азы мӕ фӕхуыдтой Вефилмӕ.

Вефилы лӕггад кӕнын 75 азы. Ӕмӕ уыцы азты дӕргъы лӕггад кодтон алыхуызон хайӕдты ӕмӕ бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр дӕн. Зӕгъӕм, куыстон типографийы, бухгалтерийы, амал кӕныны хайады. Фӕлӕ Вефилы ӕппӕты тынгдӕр мӕ зӕрдӕмӕ алкӕддӕр цыд, райсомӕй Библийыл кӕй фӕныхас кӕнӕм, уый, стӕй нӕм цы раныхӕстӕ вӕййы, уыдон. Уыдӕтты фӕрцы нӕ Йегъовӕ алы бон дӕр цӕуылдӕр ахуыр кӕны.

Хистӕр нӕлгоймӕгты скъолайы чи ахуыр кӕны, уыдоны ахуыр кӕнын

Бирӕ цӕуылдӕрты ма сахуыр дӕн мӕ кӕстӕр ӕфсымӕр Карлӕй дӕр. Уый та Вефилмӕ фӕхуыдтой 1947 азы. Тынг хорз арӕхст Библи иртасынмӕ ӕмӕ йӕ иннӕтӕн амонынмӕ дӕр. Иухатт мӕ хъуыди раныхас бацӕттӕ кӕнын, ӕмӕ йын загътон, цӕмӕй мын баххуыс кодтаид. Бамбарын ын кодтон, бирӕ ӕрмӕг кӕй ссардтон, фӕлӕ дзы куыд спайда кӕнон, уый кӕй нӕ зонын. Уӕд мӕ Карл бафарста: «Джоэл, дӕ ныхасы сӕр цы у?» Уыцы иу фарстайы фӕрцы бамбӕрстон, цы зӕгъинаг уыд, уый: хъуамӕ ныууагътаин, мӕ темӕмӕ чи хауд, ӕрмӕстдӕр уыцы ӕрмӕг. Ӕмӕ уый алкӕддӕр мӕ зӕрдыл дардтон.

Цӕмӕй Вефилы цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ зынгзӕрдӕ хъусынгӕнджытӕ дӕр уӕм. Куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд ныл хорз хабӕрттӕ дӕр ӕрцӕуы. Иу хабар тынг хорз хъуыды кӕнын. Уыцы хабар ӕрцыд иу изӕр Бронксы, Нью-Йорчы районтӕй иуы. Иу ӕфсымӕримӕ бацыдыстӕм, уымӕй размӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!» чи райста, иу ахӕм сылгоймагмӕ. Куы нӕм ракаст, уӕд ын загътам: «Хъуамӕ дын Библийӕ иу хорз хабары тыххӕй бакӕсӕм. Дӕ зӕрдӕмӕ фӕцӕудзӕн». Сылгоймаг афтӕ бакодта: «Кӕд уӕ Библийыл фӕнды аныхас кӕнын, уӕд мидӕмӕ рахизут». Мах ын Библийӕ цалдӕр стихы бакастыстӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ӕмӕ ног дунейы тыххӕй, ӕмӕ сыл аныхас кодтам. Уый, ӕвӕццӕгӕн, йӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд, уымӕн ӕмӕ, иннӕ къуыри куы ’рбацыдыстӕм, уӕд нӕм ӕнхъӕлмӕ каст йе ’мбӕлттӕй цалдӕримӕ. Фӕстӕдӕр уыцы сылгоймаг ӕмӕ йӕ сӕрыхицау Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ систы ӕмӕ иузӕрдионӕй лӕггад кодтой.

БИРӔ ЦӔУЫЛДӔРТЫ САХУЫР ДӔН МӔ БИНОЙНАГӔЙ

Бинонтӕ скӕнын мӕ фӕндыд. Фӕлӕ мӕ бахъуыд 10 азы бӕрц банхъӕлмӕ кӕсын. Цы мын баххуыс кодта хорз цардӕмбал ссарынӕн? Йегъовӕмӕ-иу куывтон ӕмӕ-иу хъуыды кодтон ахӕм фарстайыл: «Бинонтӕ куы скӕнон, уӕд мӕ уый фӕстӕ цы фӕндид аразын?»

Мэриимӕ, районон цӕстдарӕгӕй куы лӕггад кодтон, уӕд

1953 азы стадион Я́нкийы уыди конгресс. Уый фӕстӕ базонгӕ дӕн хо Мэри Аньёлимӕ. Джетӕимӕ ахуыр кодтой Галаады скъолайы 2-ӕм къласы ӕмӕ миссионертӕй дӕр иумӕ лӕггад кодтой. Мэри-иу мын уыцы зӕрдиагӕй дзырдта, Карибы сакъадӕхтыл куыд лӕггад кодта, уый тыххӕй ӕмӕ, Библи кӕимӕ ахуыр кодта, уыдоны тыххӕй. Кӕрӕдзи хуыздӕр куы базыдтам, уӕд бамбӕрстам, ӕмхуызон нысӕнттӕ нын кӕй ис. Мэриимӕ кӕрӕдзи бауарзтам, ӕмӕ 1955 азы апрелы нӕ цард баиу кодтам. Мэри ӕцӕгдӕр уыд Йегъовӕйы лӕвар ӕмӕ мын бирӕ цӕмӕйдӕрты уыд фӕзминаг. Кӕмфӕнды ма лӕггад кодтаид, алкӕддӕр ын йӕ лӕггад циндзинад хаста. Бирӕ арӕзта, стӕй иннӕтыл зӕрдиагӕй тыхсти ӕмӕ йын Хуыцауы Паддзахад алкӕддӕр уыди фыццаг бынаты (Матф. 6:33). Уый фӕстӕ мӕ снысан кодтой районон цӕстдарӕгӕй. Ӕмӕ афтӕ фӕлӕггад кодтам ӕртӕ азы. Стӕй нӕ 1958 азы фӕхуыдтой Вефилмӕ.

Джоэл ӕмӕ Мэри Адамс.

Мэрийӕ дӕр бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр дӕн. Зӕгъӕм, нӕ бинонты царды райдианы сфӕнд кодтам Библи иумӕ кӕсын. Алы бон дӕр кастыстӕм иу-15 стихы. Исчи-иу нӕ уыцы стихтӕй кӕцыдӕр скъуыддзаг бакаст, стӕй-иу ыл аныхас кодтам, нӕ хъуыдытӕ-иу загътам. Уый фӕстӕ та-иу аныхас кодтам, нӕ царды сӕ куыд спайда кӕнӕм, ууыл. Мэри-иу мын арӕх дзырдта, Галаады ӕмӕ миссионерӕй лӕггад кӕнгӕйӕ цы базыдта, уыдӕттӕ. Уый фӕрцы бирӕ цыдӕртӕ хуыздӕр ӕмбарын райдыдтон. Ӕмӕ уый фӕзынд мӕ раныхӕстыл дӕр, стӕй-иу мын уый ӕххуыс кодта хоты фидар кӕнгӕйӕ хъӕугӕ ныхӕстӕ ссарынӕн (Ӕмб. 25:11).

2013 азы мӕ зынаргъ Мэри амард. Тынг ӕй мысын. Ног дуне тагъддӕр куы ралӕууид, цӕмӕй та йӕ фенон. Уӕдмӕ та уал дарддӕр дӕр ахуыр кӕндзынӕн ӕмӕ мӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дардзынӕн Йегъовӕйыл (Ӕмб. 3:5, 6). Йегъовӕйы адӕммӕ ног дунейы цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, ууыл куы фӕхъуыды кӕнын, уӕд мӕ зӕрдӕ мӕ риуы фырцинӕй уӕрыккау скафы. Нӕ Кадджын Зондамонӕг ма нын цас цыдӕртӕ бацамондзӕн ӕмӕ йын йӕхи тыххӕй дӕр цас цыдӕртӕ базондзыстӕм! Йегъовӕ мӕ уыйбӕрц цӕуылдӕрты кӕй сахуыр кодта ӕмӕ мӕ йе стыр хорзӕхӕй кӕй хайджын кӕны, уый тыххӕй дзы куыд бузныг дӕн, уый зӕгъыны фаг ныхӕстӕ не ссардзынӕн.

a Джетӕ Суналы биографи бакӕсӕн ис 2003 азы 1 мартъийы «Сторожевая башня»-йы, 23–29 фӕрстӕ.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын