Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w25 май 2–7 фф.
  • Бафӕзм иузӕрдион зӕдты

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Бафӕзм иузӕрдион зӕдты
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • ЗӔДТӔ СТЫ СӔРНЫЛЛӔГ
  • ЗӔДТӔ УАРЗЫНЦ АДӔМЫ
  • ЗӔДТӔ СТЫ ФИДАР ӔМӔ ФӔРАЗОН
  • ЗӔДТӔ ӔХХУЫС КӔНЫНЦ ӔМБЫРДЫ СЫГЪДӔГДЗИНАД ХЪАХЪХЪӔНЫНӔН
  • Зӕдтӕ – адӕмӕн ӕххуысмӕ ӕрвыст тыхтӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
  • Хуыцауы зӕдтӕ адӕмӕн куыд ӕххуыс кӕнынц?
    Хъус ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгмӕ
  • Зӕдтӕн сӕ бон куыд у махӕн ӕххуыс кӕнын?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2017
  • Зӕдтӕ ӕцӕгдӕр чи сты
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2017
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
w25 май 2–7 фф.

19 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

6 ЗАРӔГ Уӕлӕрвтӕ хъусын кӕнынц Хуыцауы кад

Бафӕзм иузӕрдион зӕдты

«Арфӕ кӕнут Йегъовӕйӕн, йӕ зӕдтӕ» (ПС. 103:20).

МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ

Цӕуыл ахуыр кӕнӕм иузӕрдион зӕдтӕй.

1, 2. а) Зӕдтӕ махӕй цӕмӕй хицӕн кӕнынц? б) Зӕдтимӕ иухуызон цӕмӕй стӕм?

ЙЕГЪОВӔЙӔН ис стыр, ӕнгом бинонтӕ. Уыдон сты нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ ӕнӕхъӕн зӕххы къорийыл, стӕй милуангай зӕдтӕ (Дан. 7:9, 10). Ӕмӕ мах дӕр йӕ бинонты ’хсӕнмӕ ӕрбакодта. Зӕдтыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд, чи зоны, хатт ахъуыды кӕнӕм, махӕй кӕй хицӕн кӕнынц, ууыл дӕр. Зӕгъӕм, адӕмӕй бирӕ раздӕр фӕзындысты (Иов 38:4, 7). Уыдон махӕй бирӕ тыхджындӕр сты, стӕй алцӕмӕй дӕр сты сыгъдӕг ӕмӕ ӕххӕст (Лук. 9:26). Махӕй та, ӕнӕххӕст адӕмӕй, уый зӕгъӕн нӕй.

2 Фӕлӕ кӕд зӕдтӕй бирӕ цӕмӕйдӕрты хицӕн кӕнӕм, уӕддӕр бирӕ цӕмӕйдӕрты стӕм иухуызон. Зӕгъӕм, зӕдты хуызӕн махӕн дӕр нӕ бон у, Йегъовӕмӕ цы рӕсугъд миниуджытӕ ис, ахӕм миниуджытӕ ӕвдисын. Зӕдты хуызӕн нӕ бон у уынаффӕтӕ хӕссын. Уыдонӕн ис нӕмттӕ, ӕмӕ махӕн дӕр ис нӕмттӕ. Стӕй зӕдтӕ кӕрӕдзийӕ удыхъӕдӕй куыд хицӕн кӕнынц, мах дӕр афтӕ кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕнӕм. Уымӕй уӕлдай ма мах дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ ӕххӕст кӕнӕм алыхуызон хӕстӕ. Ӕмӕ уыдонау мах дӕр ӕмбарӕм, не Сфӕлдисӕджы разамынд нӕ кӕй хъӕуы (1 Пет. 1:12).

3. Иузӕрдион зӕдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

3 Бирӕ цӕмӕйдӕрты иузӕрдион зӕдты хуызӕн кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ сӕ нӕ бон у бирӕ цӕмӕйдӕрты бафӕзмын. Уыдонӕй бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр уыдзыстӕм. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, зӕдтӕ куыд ӕвдисынц, сӕрныллӕг кӕй сты, адӕмы кӕй уарзынц, фидар ӕмӕ фӕразон кӕй сты ӕмӕ кӕй ӕххуыс кӕнынц ӕмбырды сыгъдӕгдзинад хъахъхъӕнынӕн. Стӕй ма аныхас кӕндзыстӕм, нӕ бон сӕ куыд у бафӕзмын.

ЗӔДТӔ СТЫ СӔРНЫЛЛӔГ

4. а) Зӕдтӕ сӕрныллӕгдзинад куыд ӕвдисынц? б) Зӕдтӕ сӕрныллӕг цӕмӕн сты? (Псалом 89:7).

4 Иузӕрдион зӕдтӕ сты сӕрныллӕг. Кӕд бирӕ цыдӕртӕ зонынц, ис сӕм стыр фӕлтӕрддзинад ӕмӕ стыр зонд, уӕддӕр фӕхъусынц Йегъовӕйы разамындмӕ (Пс. 103:20). Сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнгӕйӕ сӕ хъуыддӕгтӕй ӕмӕ, куыд хъомысджын сты, уымӕй никуы феппӕлынц. Уыдон цингӕнгӕйӕ сӕххӕст кӕнынц, Йегъовӕ сын цы бахӕс кӕны, уый, кӕд сын сӕ нӕмттӕ зонгӕ дӕр нӕ бакӕнӕм, уӕддӕр (Райд. 32:24, 29; 2 Пад. 19:35)a. Йегъовӕмӕ цы кад ӕмбӕлы, уый сӕхи никуы бакӕнынц. Цымӕ цӕмӕн сты афтӕ сӕрныллӕг? Уымӕн ӕмӕ уыдон Йегъовӕйы тынг уарзынц ӕмӕ йӕ тынг нымайынц. (Бакӕс Псалом 89:7.)

5. Иу зӕд сӕрныллӕгдзинад куыд равдыста, апостол Иоаннӕн йӕ рӕдыдмӕ куы бацамыдта, уӕд? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

5 Иу хабар хорз ӕвдисы, зӕдтӕ куыд сӕрныллӕг сты, уый. Н. э. 96 азмӕ ’ввахс иу зӕд апостол Иоаннӕн цӕстылуайӕны равдыста диссаджы хабӕрттӕ (Рарг. 1:1). Уыцы зӕдӕн йӕ ном нӕ зонӕм. Иоанн уыдӕттӕ куы федта, уӕд зӕды раз йӕ зонгуытыл ӕрхауд, бакувон ын, зӕгъгӕ. Фӕлӕ йӕ уыцы иузӕрдион зӕд уайтагъд фӕурӕдта ӕмӕ йын загъта: «Ма бакӕн афтӕ! Ӕз дӕр де ’мкусӕг дӕн, дӕуӕн ӕмӕ де ’фсымӕртӕн... Бакув Хуыцауӕн» (Рарг. 19:10). Уый дын ӕцӕг сӕрныллӕгдзинад! Уыцы зӕд кадмӕ нӕ бӕллыд – уайтагъд Иоанны ӕргом аздӕхта Йегъовӕмӕ. Фӕлӕ уыимӕ Иоаннмӕ дӕр уӕлейӕ дӕлӕмӕ нӕ каст. Кӕд Иоаннӕй бирӕ фылдӕр лӕггад кодта ӕмӕ дзы бирӕ хъомысджындӕр уыд, уӕддӕр ӕй сӕрныллӕгӕй схуыдта йе ’мкусӕг. Ӕмӕ йын йӕ рӕдыдмӕ куы амыдта, уӕд дӕр ацӕргӕ апостолимӕ тызмӕгӕй нӕ ныхас кодта ӕмӕ йӕм хыл нӕ кодта. Йемӕ ныхас кодта фӕлмӕнӕй. Ӕвӕццӕгӕн ӕй ӕмбӕрста, Иоанн афтӕ фырдиссагӕй кӕй бакодта.

Апостол Павел зӕды раз йӕ зонгуытыл ӕрхауд, бакувон ын, зӕгъгӕ, фӕлӕ йӕ зӕд фӕурӕдта.

Зӕд равдыста сӕрныллӕгдзинад, апостол Иоаннимӕ куы ныхас кодта ӕмӕ йын йӕ рӕдыдмӕ куы бацамыдта, уӕд (кӕс 5 абзац)


6. Нӕ бон куыд у зӕдты сӕ сӕрныллӕгдзинадӕй бафӕзмын?

6 Нӕ бон куыд у зӕдты сӕ сӕрныллӕгдзинадӕй бафӕзмын? Мах дӕр хъуамӕ нӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнгӕйӕ нӕхицӕй ма ’ппӕлӕм ӕмӕ-иу нӕхицӕй ма ныхъхъал уӕм, куыд курдиатджын ӕмӕ арӕхстджын дӕн, зӕгъгӕ (1 Кор. 4:7). Кӕнӕ, гӕнӕн ис, Йегъовӕйӕн рагӕй лӕггад кӕнӕм, чидӕртӕ та йын уыйбӕрц нӕма лӕггад кӕнынц. Йе та ныл, чи зоны, ис цавӕрдӕр кадджын хӕстӕ кӕнӕ лӕггад кӕнӕм ӕххӕстрӕстӕг. Ӕмӕ уӕд дӕр хъуамӕ нӕхи иннӕтӕй уӕлдӕр ма ӕвӕрӕм. Раст зӕгъгӕйӕ, хӕстӕ ныл цас фылдӕр ис, уыйас хъуамӕ нӕхи иннӕтӕй дӕлдӕрыл нымайӕм (Лук. 9:48). Зӕдтау мах дӕр фӕнды иннӕтӕн лӕггад кӕнын. Нӕхи хъуамӕ афтӕ ма дарӕм, цыма иннӕтӕй хуыздӕр стӕм.

7. Искӕмӕн йӕ рӕдыдмӕ амонгӕйӕ кӕнӕ уынаффӕ дӕтгӕйӕ нӕ бон куыд у сӕрныллӕгдзинад равдисын?

7 Нӕ бон ма у сӕрныллӕгдзинад равдисын, зӕгъӕм, нӕ чырыстон хо кӕнӕ ӕфсымӕрӕн йе та нӕ сывӕллонӕн йӕ рӕдыдмӕ амонгӕйӕ кӕнӕ йын уынаффӕ дӕтгӕйӕ. Иуӕй-иу хатт уынаффӕ дӕтгӕйӕ адӕймагӕн фӕхъӕуы комкоммӕ зӕгъын, йӕ рӕдыд цӕй мидӕг ис, уый. Фӕлӕ-ма ӕрхъуыды кӕнӕм, зӕд Иоаннӕн йӕ рӕдыдмӕ куыд фӕлмӕнӕй бацамыдта. Ӕмӕ кӕд мах дӕр фӕхъӕуы адӕймагӕн исты комкоммӕ зӕгъын, уӕддӕр-иу ын йӕ ныфс хъуамӕ ма асӕттӕм. Хъуамӕ нӕхи иннӕтӕй хуыздӕрыл ма нымайӕм. Ӕмӕ-иу уӕд искӕмӕн Библийӕ уынаффӕ дӕтгӕйӕ йемӕ ныхас кӕндзыстӕм фӕлмӕнӕй ӕмӕ-иу ын ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ нӕ кӕндзыстӕм (Кол. 4:6).

ЗӔДТӔ УАРЗЫНЦ АДӔМЫ

8. а) Лукайы 15:10 стихмӕ гӕсгӕ, цӕмӕй бӕрӕг у, зӕдтӕ адӕмы кӕй уарзынц, уый? б) Зӕдтӕ нын хъусын кӕныны хъуыддаджы куыд ӕххуыс кӕнынц? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

8 Зӕдтӕ адӕмы сӕхицӕй дӕлдӕрыл нӕ нымайынц ӕмӕ сӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсынц. Уыдон адӕмы тынг уарзынц. Зӕдтӕ фӕцин кӕнынц, иу тӕригъӕдджын дӕр куы ’рфӕсмон кӕны, уӕд, ома, сӕфт фыс фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ куы ’рбаздӕхы кӕнӕ исчи йӕ цард куы аивы ӕмӕ рӕстдзинады фӕндагыл куы ӕрлӕууы, уӕд. (Бакӕс Лукайы 15:10.) Уыдон ма нын ӕххуыс кӕнынц Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнынӕн дӕр (Рарг. 14:6). Кӕд зӕдтӕ хорз хабар адӕмӕн сӕхӕдӕг нӕ фӕдзурынц, уӕддӕр нӕ, гӕнӕн ис, ӕрбакӕной, Йегъовӕйы тыххӕй базонын кӕй фӕнды, ахӕм адӕймагмӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ бон фидарӕй зӕгъын нӕу, ӕмӕ нӕ ахӕм адӕммӕ алкӕддӕр зӕдтӕ ӕрбакӕнынц. Йегъовӕ ма спайда кӕны ӕндӕр мадзӕлттӕй дӕр, зӕгъӕм, йӕ сыгъдӕг тыхӕй, цӕмӕй баххуыс кӕна, Хуыцауы базонын кӕй фӕнды, уыдонӕн кӕнӕ сӕм йӕ лӕггадгӕнджытӕй искӕй барвита. Фӕлӕ уӕддӕр, хорз хабар куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд нын Йегъовӕ тынг арӕх баххуыс кӕны зӕдты уылты. (Кӕс рамкӕ «Хуыцау сын сӕ куывдтытӕ фехъуыста»b.)

Лӕг ӕмӕ ус стендимӕ уынджы фӕцӕуынц. Сӕ сӕрмӕ дыууӕ зӕды. Уыдон хойы ӕргом аздӕхтой, бандоныл ӕнкъардӕй чи бады, уыцы чызгмӕ.

Лӕг ӕмӕ ус стендимӕ хъусын кодтой ӕмӕ ныр хӕдзармӕ фӕцӕуынц. Хо ауыдта иу чызджы ӕнкъардӕй бадгӕ. Хо ӕмбары, арӕх нӕ зӕдтӕ кӕй бакӕнынц, Хуыцауы чи фӕагуры, ахӕм адӕммӕ. Ӕмӕ йӕ бафӕндыд уыцы чызджы ныфс бауадзын (кӕс 8 абзац)


Хуыцау сын сӕ куывдтытӕ фехъуыста

Гӕнӕн ис, ӕмӕ ацы адӕммӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты зӕдтӕ ӕрбакодтой.

  • Перуйы иу хо йӕ 12-аздзыд чызгимӕ телефонӕй хъусын кодта. Чызг иу сылгоймагмӕ бадзырдта. Ӕмӕ йын уыцы сылгоймаг афтӕ, Хуыцаумӕ, дам, куывтон, цӕмӕй мӕм искӕй ӕрбарвита. Ӕмӕ, дам, мӕм ды кӕй ӕрбадзырдтай, уый, дам, у дзуапп мӕ куывдтытӕн. Ӕмӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта. Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ райдыдта ӕмбырдтӕм цӕуын.

  • Румынийы иу сылгоймаг Библи цасдӕр ахуыр кодта, фӕлӕ стӕй йӕ ахуыр ныууагъта. Фӕстӕдӕр ацыд Италимӕ ӕмӕ иу бинонтӕм кусын райдыдта. Фӕндыди йӕ ногӕй Библи ахуыр кӕнын, фӕлӕ уым Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй никӕй зыдта. Ӕмӕ Йегъовӕмӕ куывта, цӕмӕй йын баххуыс кодтаид Ӕвдисӕнтӕй искӕуыл фембӕлынӕн. Кӕмӕ куыста, уыцы бинонтӕ йӕ иу бон дуканимӕ арвыстой ӕмӕ йӕ бафӕдзӕхстой, цӕмӕй дуканийы хицауимӕ ма ныхас кодтаид. Йегъовӕйы Ӕвдисӕн, дам, у ӕмӕ, дам, ӕлхӕнджытимӕ Библийыл фӕдзуры. Сылгоймаг дуканимӕ куы бацыд, уӕд дуканийы хицау, не ’фсымӕр, ӕцӕгдӕр йемӕ Хуыцауы тыххӕй ныхас кӕнын райдыдта. Уыцы сылгоймаг йӕхицӕн загъта, Хуыцау мын мӕ куывдтытӕн дзуапп радта, зӕгъгӕ. Гъемӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта ӕмӕ йӕ уырнындзинад фидарӕй-фидардӕр кодта. Ӕмӕ йӕ лӕппутӕй дӕр иу, йӕ мад куыд фӕивта, уый уынгӕйӕ райдыдта Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ ӕмбырдтӕм цӕуын.

  • Иу къай – нӕ хо ӕмӕ не ’фсымӕр – сфӕнд кодтой сӕ машинӕ ауӕй кӕнын. Ӕмӕ сӕм иу лӕг ӕмӕ ус машинӕ фенынмӕ ӕрбацыдысты. Уыцы хо ӕмӕ ӕфсымӕр сын загътой, уый тыххӕй йӕ кӕй уӕй кӕнынц, ӕмӕ сӕ фӕнды сӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кӕнын, цӕмӕй сын фылдӕр рӕстӕг уа адӕмимӕ Библийыл ныхас кӕнынӕн. Уӕд нӕлгоймаг афтӕ куы бакӕнид: «Знон Хуыцаумӕ куывтон, зӕгъын, мӕ зӕрдӕмӕ рухсы цъыртт никӕцӕй кӕлы, ӕмӕ мын дӕу йеддӕмӕ никӕй бон у баххуыс кӕнын. Ӕрбарвит-ма мӕм, чи мын баххуыс кӕна, ахӕм адӕймаджы». Нӕлгоймаг нӕ дызӕрдыг кодта, уыцы бинонтӕм кӕй бацыд, уый кӕй уыд дзуапп йӕ куывдӕн. Йӕ бинойнагимӕ Библи ахуыр кӕныныл сразы сты. Ӕмӕ сӕ дыууӕ чызджы дӕр, 9-аздзыд ӕмӕ 10-аздзыд чызджытӕ, Библи ахуыр кӕнын райдыдтой. Ныр ӕнӕхъӕн бинонтӕй ӕмбырдтӕм цӕуынц.

9. Зӕдтӕ адӕмы куыд уарзынц, уымӕй сӕ нӕ бон куыд у бафӕзмын?

9 Нӕ бон куыд у зӕдты, адӕмы куыд уарзынц, уымӕй бафӕзмын? Ӕмбырды искӕй тыххӕй куы фехъусын кӕнынц, зӕгъгӕ, фӕстӕмӕ ’рбаздӕхт, уӕд махӕн дӕр нӕ бон вӕййы зӕдтау ууыл цин кӕнын. Уыцы хо кӕнӕ ’фсымӕрӕн нӕ бон у равдисын, куыд тынг ӕй уарзӕм ӕмӕ нын куыд ӕхсызгон у, фӕстӕмӕ кӕй ӕрбаздӕхт, уый (Лук. 15:4–7; 2 Кор. 2:6–8). Зӕдты ма бафӕзмӕм, хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ кӕй фӕхъусын кӕнӕм, уымӕй дӕр (Еккл. 11:6). Ӕмӕ нын хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ зӕдтӕ куыд феххуыс кӕнынц, афтӕ махӕн дӕр нӕ бон у нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн уацамынды ӕххуыс кӕнын. Зӕгъӕм, дӕ бон нӕ уаид, хъусын кӕнын ӕрӕджы чи райдыдта, ахӕм хъусынгӕнӕгимӕ уацамынды ацӕуын? Кӕнӕ-иу ацӕргӕ, йе та рынчын, нӕфӕразгӕ хо кӕнӕ ’фсымӕримӕ балӕггад кӕнын?

10. Цӕуыл ахуыр кӕнӕм Сарӕйы хабарӕй?

10 Кӕд нӕ уавӕртӕ нал амонынц, Хуыцауы хъуыддаджы раздӕр цас арӕзтам, уыйбӕрц аразын, уӕд нын куыд кӕнгӕ у? Уӕддӕр хъуамӕ мадзӕлттӕ агурӕм, цӕмӕй зӕдтимӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы архайӕм. Ӕркӕсӕм хо Сарӕйы хабармӕc. Цӕры Индийы. Сарӕ 20 азы дӕргъы лӕггад кодта пионерӕй. Фӕлӕ стӕй уатон рынчын фӕци, ӕмӕ йӕхимӕ ныхъхъуыста. Фӕлӕ йын хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ кӕй ӕххуыс кодтой ӕмӕ Библи алы бон дӕр кӕй каст, уый фӕрцы гыццылгай йӕхимӕ ӕрцыд. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, бахъуыд ӕй ӕндӕр мадзӕлтты фӕрцы хъусын кӕнын. Йӕ бон уыд ӕрмӕстдӕр телефонӕй хъусын кӕнын, уымӕн ӕмӕ йӕ бон бадын ӕмӕ писмотӕ фыссын дӕр нӕ уыд. Кӕимӕ-иу аныхас кодта, уыдон та-иу ын ноджыдӕр кӕйдӕрты кой скодтой, уый дӕр, дам, фӕндид Библийыл аныхас кӕнын. Афтӕмӕй цалдӕр мӕймӕ Сарӕйӕн фӕзынд 70 Библийы ахуыры! Фӕлӕ се ’ппӕтыл йӕ бон аххӕссын нӕ уыд, ӕмӕ дзы кӕйдӕрты ӕндӕр хъусынгӕнджыты бар бакодта. Библи ахуыр кӕнын кӕимӕ райдыдта, уыдонӕй ныр бирӕтӕ ӕмбырдтӕм цӕуынц. Ахъуыды-ма кӕн, зӕдтӕн куыд ӕхсызгон у, Сарӕйау хъусын кӕныны хъуыддаджы зынгзӕрдӕйӕ чи архайы, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ ӕмгуыст кӕнын!

ЗӔДТӔ СТЫ ФИДАР ӔМӔ ФӔРАЗОН

11. Цӕмӕй бӕрӕг у, иузӕрдион зӕдтӕ тынг фидар ӕмӕ фӕразон кӕй сты?

11 Иузӕрдион зӕдтӕ нын сты фӕзминаг, тынг фидар ӕмӕ фӕразон кӕй сты, уымӕй. Цалдӕр мин азы дӕргъы цас хӕрам хъуыддӕгтӕ ӕмӕ фыдхъуыддӕгтӕ федтой ӕмӕ уынынц! Федтой, Хӕйрӕг ӕмӕ иннӕ зӕдтӕй дӕр бирӕтӕ Йегъовӕйы ныхмӕ куыд рацыдысты. Афтӕмӕй та уыдон дӕр раздӕр семӕ иумӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кодтой (Райд. 3:1; 6:1, 2; Иуд. 6). Библийы фыст ис, иу иузӕрдион зӕд тыхджын дӕлимонимӕ кӕй тох кодта (Дан. 10:13). Уымӕй уӕлдай ма Адам ӕмӕ Евӕйы заманӕй фӕстӕмӕ зӕдтӕ уынынц, адӕмӕн сӕ фылдӕры кӕй нӕ фӕнды Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Фӕлӕ уӕддӕр уыцы иузӕрдион зӕдтӕ нырмӕ дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынц цингӕнгӕйӕ ӕмӕ зынгзӕрдӕйӕ. Уыдон зонынц, йӕ рӕстӕджы Хуыцау хӕрамдзинадӕй фӕд дӕр кӕй нал ныууадздзӕн.

12. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фидар ӕмӕ фӕразон уӕм?

12 Нӕ бон куыд у зӕдты бафӕзмын, куыд фидар ӕмӕ фӕразон сты, уымӕй? Зӕдтау, чи зоны, мах дӕр хӕрам хъуыддӕгтӕ уынӕм кӕнӕ нӕ ныхмӕ цӕуынц. Фӕлӕ мах дӕр фидарӕй уырны, йӕ рӕстӕджы Хуыцау фыддзинадӕй фӕд дӕр кӕй нал ныууадздзӕн. Уымӕ гӕсгӕ махӕн дӕр иузӕрдион зӕдтау, «хорз цы у, уый аразгӕйӕ» нӕ ныфс нӕ сӕтты (Гал. 6:9). Стӕй нын Хуыцау зӕрдӕ ӕвӕры, кӕй нын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй алцыдӕр сфӕразӕм (1 Кор. 10:13). Нӕ бон у Йегъовӕйӕ йӕ сыгъдӕг тых курын, цӕмӕй фӕразон уӕм ӕмӕ цин кӕнӕм (Гал. 5:22; Кол. 1:11). Ӕмӕ кӕд дӕ ныхмӕ цӕуынц, уӕд та? Дӕ ныфс ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл дар ӕмӕ тӕрсгӕ ма кӕн. Йегъовӕ дын алкӕддӕр ӕххуыс кӕндзӕн ӕмӕ дын тыхтӕ дӕтдзӕн (Дзут. 13:6).

ЗӔДТӔ ӔХХУЫС КӔНЫНЦ ӔМБЫРДЫ СЫГЪДӔГДЗИНАД ХЪАХЪХЪӔНЫНӔН

13. Зӕдтыл ацы фӕстаг бонты цавӕр ахсджиаг хӕс ис? (Матфейы 13:47–49).

13 Ацы фӕстаг бонты Йегъовӕ зӕдты бар бакодта тынг ахсджиаг хӕс. (Бакӕс Матфейы 13:47–49.) Хорз хабар ӕгас зӕххыл дӕр бацагайы алыхуызон адӕймӕгты зӕрдӕтӕ. Ахӕм адӕм сты милуантӕ. Чидӕртӕ дзы сӕ цард аивынц ӕмӕ свӕййынц ӕцӕг чырыстӕттӕ, чидӕртӕ та – нӕ. Зӕдтӕн сӕ хӕс у, цӕмӕй-иу «фыдгӕнджыты рӕстгӕнджытӕй фӕхицӕн кӕной», ома ӕмбырды сыгъдӕгдзинад хъахъхъӕнынӕн ӕххуыс кӕной. Уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ, ӕмбырдӕй чи ацыд кӕнӕ Библи чи нал ахуыр кӕны, уыдонӕн сӕ бон нал у ӕрбаздӕхын. Стӕй ууыл дзурӕг дӕр нӕу, ӕмӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй тӕригъӕд никуы ничи сараздзӕн. Фӕлӕ зӕдтӕ бирӕ фыдӕбон кӕнынц, цӕмӕй ӕмбырдтӕ сыгъдӕг уой. Ууыл хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм.

14, 15. Нӕ бон куыд у зӕдтау ӕмбырды сыгъдӕгдзинад хъахъхъӕнын? (Кӕс нывтӕм дӕр.)

14 Нӕ бон куыд у зӕдтау ӕмбырды сыгъдӕгдзинад хъахъхъӕнын? Хъуамӕ, махӕй цы кӕнгӕ у, уый аразӕм, цӕмӕй ӕмбырд алы ӕгъдауӕй дӕр сыгъдӕг уа. Уымӕ гӕсгӕ архайӕм, цӕмӕй нӕхи зӕрдӕ дӕр хъахъхъӕнӕм. Куыд? Хорз ӕмбӕлттӕ ӕвзаргӕйӕ ӕмӕ ныл ӕвзӕрырдӕм цы фӕзындзӕн, уыдӕттӕй нӕхи хизгӕйӕ (Пс. 101:3). Нӕ бон ма у нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн дӕр ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйыл иузӕрдион уой. Зӕгъӕм, базыдтам, чидӕр уӕззау тӕригъӕд кӕй сарӕзта. Уӕд куыд хъуамӕ бакӕнӕм? Уыцы адӕймаджы кӕй уарзӕм, уый тыххӕй йын хъуамӕ зӕгъӕм, цӕмӕй хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ аныхас кӕна. Ӕмӕ семӕ куы нӕ аныхас кӕна, уӕд та сын хъуамӕ нӕхӕдӕг зӕгъӕм, цы ’рцыди, уый тыххӕй. Мах фӕнды, цӕмӕй, йӕ уырнындзинад кӕмӕн ӕрлӕмӕгъ, уыцы хо кӕнӕ ’фсымӕрӕн тагъддӕр баххуыс кӕной! (Иак. 5:14, 15).

15 Уӕззау тӕригъӕд чи ракӕны, уыдонӕй кӕйдӕрты, хъыгагӕн, фӕхъӕуы ӕмбырдӕй фӕхицӕн кӕнын. Ӕмӕ нын уӕд семӕ иумӕйагӕй ницыуал вӕййы (1 Кор. 5:9–13)d. Ӕмбырды ахӕм ӕгъдау кӕй ис, уый фӕрцы ӕмбырд вӕййы сыгъдӕг. Кӕй фӕхицӕн кӕнынц, уыдонимӕ кӕй нӕ фӕныхас кӕнӕм ӕмӕ семӕ рӕстӕг кӕй нӕ фервитӕм, уымӕй сын хорздзинад аразӕм. Уый сын, гӕнӕн ис, баххуыс кӕна, цӕмӕй бамбарой, Йегъовӕмӕ сӕ ӕрбаздӕхын кӕй хъӕуы. Ӕмӕ куы ’рбаздӕхынц, уӕд мах дӕр Йегъовӕимӕ ӕмӕ зӕдтимӕ иумӕ фӕцин кӕнӕм! (Лук. 15:7).

Цалдӕр нывы: 1. Дыууӕ хойы парчы бандоныл бадынц ӕмӕ къофи нуазынц. Иу хо цыдӕр дзуры, иннӕ та иннӕрдӕм азылд. 2. Фӕстӕдӕр, йе ’мбалӕн цыдӕр чи дзырдта, уыцы хо Паддзахады залы дыууӕ хистӕр нӕлгоймагимӕ ныхас кӕны.

Чырыстӕттӕй чидӕр уӕззау тӕригъӕд кӕй сарӕзта, уый куы базонӕм, уӕд куыд хъуамӕ бакӕнӕм? (кӕс 14 абзац)e


16. Зӕдты нӕ цӕмӕй фӕнды бафӕзмын?

16 Мах Йегъовӕйӕ тынг бузныг стӕм, зӕдтӕ чи сты ӕмӕ цы аразынц, уый нын кӕй дзуры ӕмӕ нӕ бон семӕ ӕмгуыст кӕнын кӕй у, уый тыххӕй. Цӕй ӕмӕ бафӕзмӕм иузӕрдион зӕдты сӕ сӕрныллӕгдзинадӕй, адӕмы куыд уарзынц, куыд фидар ӕмӕ фӕразон сты ӕмӕ ӕмбырды сыгъдӕгдзинад куыд хъахъхъӕнынц, уымӕй! Ӕмӕ уӕд мах дӕр Йегъовӕйы бинонты ’хсӕн уыдзыстӕм ӕнустӕм!

НӔ БОН КУЫД У ЗӔДТЫ БАФӔЗМЫН...

  • сӕ сӕрныллӕгдзинадӕй?

  • адӕмы куыд уарзынц, уымӕй?

  • ӕмбырды сыгъдӕгдзинад хъахъхъӕнынӕн куыд ӕххуыс кӕнынц, уымӕй?

123 ЗАРӔГ Хуыцауы ӕвӕрд уаг ӕмӕ ӕгъдауыл фидар хӕцӕм

a Зӕдтӕ сты сӕдӕгай милуантӕ, фӕлӕ дзы Библийы ӕрмӕстдӕр дыууӕйы нӕмттӕ ис фыст: Михаил ӕмӕ Гавриил (Дан. 12:1; Лук. 1:19).

b Кӕд дӕ ӕндӕр хабӕрттӕ дӕр бакӕсын фӕнды, уӕд дын баххуыс кӕндзӕн «Индекс публикаций Сторожевой башни». Бакӕн сӕргонд «Ангелы», дӕлсӕргонд «руководство ангелов (примеры)».

c Ном ивд у.

d Ног хабӕртты Разамонӕг советӕй № 2 (2024 аз) куыд бамбарын кодтой, афтӕмӕй алы чырыстонӕн дӕр, Библийӕ цы зоны ӕмӕ йын йе ’фсарм куыд дзуры, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон у аскъуыддзаг кӕнын, ӕмбырдӕй кӕй фӕхицӕн кодтой, ахӕм адӕймаг фембӕлдмӕ куы ’рбацӕуа, уӕд ын салам ратдзӕн ӕви нӕ.

e НЫВ. Хо йе ’мбалӕн загъта, цӕмӕй хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ аныхас кӕна. Цасдӕр рӕстӕг рацыд, фӕлӕ сӕм уый нӕ бацыд. Ӕмӕ уӕд хо хистӕр нӕлгоймӕгтӕн йӕхӕдӕг загъта, цы ’рцыд, уый тыххӕй.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын