УЫНАФФӔТӔ ИРТАСЫНӔН
Дӕ зӕрдӕ-иу бацӕттӕ кӕн
Библи куы фӕиртасӕм, уӕд нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй, Йегъовӕйы тыххӕй цы базонӕм, уый-иу фӕзына нӕ хъуыдытыл, не ’нкъарӕнтыл ӕмӕ нӕ фӕндтыл. Ӕмӕ нӕ уый тыххӕй та фӕхъӕуы нӕ зӕрдӕ бацӕттӕ кӕнын. Уымӕй нын фӕзминаг у Ездрӕ. Уый «йӕ зӕрдӕ бацӕттӕ кодта, цӕмӕй Йегъовӕйы закъон ахуыр кодтаид» (Езд. 7:10). Уӕдӕ-иу нӕ зӕрдӕ куыд бацӕттӕ кӕнӕм?
Скув-иу. Библи иртасыны размӕ-иу Йегъовӕмӕ скув. Кур дзы, цӕмӕй дын баххуыс кӕна, цы иртасыс, уый ӕмбарынӕн ӕмӕ дзы царды пайда кӕнынӕн (Пс. 119:18, 34).
Сӕрныллӕг у. Сӕрбӕрзонд чи у ӕмӕ йӕ ныфс йӕхиуыл чи дары, уыдонӕн Хуыцау рӕстдзинад не ’ргом кӕны (Лук. 10:21). Стӕй-иу Библи уый тыххӕй ма иртас, цӕмӕй иннӕты дӕ зонындзинӕдтӕй дисы бафтауай. Ӕмӕ куы базонай, истӕй тыххӕй, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, афтӕ кӕй нӕ хъуыды кӕныс, уӕд-иу сӕрныллӕгӕй дӕ зондахаст аив.
Нӕ зарджытӕй-иу искӕцымӕ байхъус. Зарджытӕн стыр тых ис. Куы сӕм фӕхъусӕм, уӕд нын нӕ зӕрдӕ бацагайынц. Уӕдӕ-иу Библи иртасыны размӕ нӕ зарджытӕй искӕцымӕ куы байхъусай, уӕд-иу дын уый дӕр баххуыс кӕндзӕн дӕ зӕрдӕ бацӕттӕ кӕнынӕн.