26 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ
123 ЗАРӔГ Хуыцауы ӕвӕрд уаг ӕмӕ ӕгъдауыл фидар хӕцӕм
Алцы кӕй нӕ зонӕм, уымӕ раст цӕстӕй кӕс
«Мах Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы кӕронмӕ нӕ базыдтам» (ИОВ 37:23).
МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ
Сомбон цы уыдзӕн, уый тыххӕй алцы нӕ зонӕм. Фӕлӕ, цы зонӕм, фылдӕр ууыл куы хъуыды кӕнӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл куы дарӕм, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн зындзинӕдтӕ сфӕразын.
1. Йегъовӕ нӕ куыд сфӕлдыста, уымӕ гӕсгӕ нӕ бон цы у ӕмӕ нӕ афтӕ цӕмӕн сфӕлдыста?
ЙЕГЪОВӔ нӕ афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ нӕ бон у хъуыды кӕнын, ног цыдӕртӕ базонын ӕмӕ, цы базонӕм, уыдӕттӕм гӕсгӕ царды архайын. Цымӕ нӕ ахӕмтӕй цӕмӕн сфӕлдыста? Уый фӕнды, цӕмӕй ссарӕм «Хуыцауы тыххӕй зонындзинӕдтӕ» ӕмӕ йын лӕггад кӕнӕм, «арф хъуыды кӕнӕм, афтӕмӕй» (Ӕмб. 2:1–5; Ром. 12:1).
2. Цы хъуамӕ ӕмбарӕм ӕмӕ уый хорз цӕмӕн у? (Иов 37:23, 24). (Кӕс нывмӕ дӕр.)
2 Кӕд афтӕ конд стӕм, ӕмӕ нӕ бон у бирӕ цыдӕртӕ базонын, уӕддӕр алцы нӕ зонӕм. (Бакӕс Иов 37:23, 24.) Ахъуыды-ма кӕнӕм Иовыл. Йегъовӕ йӕм радта бирӕ фарстатӕ, ӕмӕ уыдоны фӕрцы Иов бамбӕрста, цас цыдӕртӕ нӕ зоны. Стӕй ма бамбӕрста, сӕрныллӕг кӕй хъуамӕ уа ӕмӕ йӕ зондахаст кӕй хъуамӕ аива (Иов 42:3–6). Хорз уыдзӕн, мах дӕр сӕрныллӕг ӕмӕ бонзонгӕ куы уӕм ӕмӕ куы ӕмбарӕм, алцы кӕй нӕ зонӕм. Ӕмӕ уӕд нӕ дызӕрдыг кӕндзыстӕм, Йегъовӕ нӕ кӕй нӕ басусӕг кӕндзӕн, раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн нӕ ӕцӕгдӕр зонын цы хъӕуы, уыдӕттӕ (Ӕмб. 2:6).
Иов басаст, алцы кӕй нӕ зыдта, ууыл. Хорз уыдзӕн, мах дӕр куы ӕмбарӕм, алцы кӕй нӕ зонӕм, уый (кӕс 2 абзац)
3. Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?
3 Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, цы нӕ зонӕм, уыдӕттӕй цӕуылдӕрты ӕмӕ, цыдӕр кӕй нӕ зонӕм, уый тыххӕй нын зын цы вӕййы. Аныхас ма кӕндзыстӕм, хорз цӕмӕн у, цыдӕртӕ кӕй нӕ зонӕм, уый. Ацы статьяйы фӕрцы нӕ ноджы тынгдӕр бауырндзӕн, Йегъовӕ, «ӕппӕтдӕр чи зоны», уыцы Хуыцау нын кӕй зӕгъдзӕн, ӕцӕгдӕр нӕ цы хъӕуы зонын, уыдӕттӕ (Иов 37:16).
НӔ ЗОНӔМ, КӔРОН КӔД ӔРЦӔУДЗӔН, УЫЙ
4. Матфейы 24:36 стихмӕ гӕсгӕ, цы нӕ зонӕм?
4 Бакӕс Матфейы 24:36. Ацы дунейӕн йӕ кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕн, уый нӕ зонӕм. Суанг ма Йесо Чырысти дӕр, зӕххыл куы уыд, уӕд, нӕ зыдта «уыцы бон ӕмӕ уыцы сахат»a. Фӕстӕдӕр йӕ апостолтӕн загъта, кӕцыдӕр хабӕрттӕ кӕд ӕрцӕудзысты, уый Йегъовӕ йӕхӕдӕг кӕй скъуыддзаг кӕны. Уыцы бар ӕрмӕстдӕр уымӕн ис (Хъуыд. 1:6, 7). Ӕмӕ ацы дунейӕн кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕн, уымӕн дӕр рӕстӕг снысан кодта. Фӕлӕ уый бӕлвырдӕй кӕцы бон уыдзӕн, уый нӕ бон нӕу базонын.
5. Кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕн, уый кӕй нӕ зонӕм, уый ныл, гӕнӕн ис, куыд фӕзына?
5 Мах ӕй нӕ зонӕм, ацы дунейы кӕронмӕ ма нӕ цас бахъӕудзӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсын. Ӕмӕ уый тыххӕй, гӕнӕн ис, нӕ ныфс асӕтта кӕнӕ нын зын уа дарддӕр дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсын, уӕлдайдӕр кӕд Йегъовӕйы бонмӕ рагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уӕд. Йе та ныл, чи зоны, нӕ бинонтӕ кӕнӕ иннӕтӕ худынц, кӕрон кӕй нӕма ӕрцыд, уый тыххӕй (2 Пет. 3:3, 4). Ӕмӕ уӕд, гӕнӕн ис, хъуыды кӕнын райдайӕм, зӕгъгӕ, кӕрон кӕцы бон ӕрцӕудзӕн, уый куы зонин, уӕд мын ӕнцондӕр уаид ӕнхъӕлмӕ кӕсын, ӕмӕ ныл иннӕтӕ кӕй худынц, уый дӕр мын афтӕ зын нӕ уаид.
6. Кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕн, уый кӕй нӕ зонӕм, уый хорз цӕмӕн у?
6 Йегъовӕ нын кӕроны бон кӕй нӕ раргом кодта, уый фӕрцы нын ис диссаджы фадат: нӕ бон у равдисын, уарзгӕ йӕ кӕй кӕнӕм ӕмӕ йыл нӕ зӕрдӕ кӕй дарӕм, уый тыххӕй йын кӕй лӕггад кӕнӕм. Мах фӕнды Йегъовӕйӕн ӕнустӕм лӕггад кӕнын, ӕрмӕст ацы дунейы кӕроны онг нӕ, фӕлӕ. Ӕмӕ нӕ уырнындзинадӕн дӕр ӕмгъуыд нӕй. Уӕдӕ хъуамӕ фылдӕр хъуыды кӕнӕм, «Йегъовӕйы бон» кӕд ӕрцӕудзӕн, ууыл нӕ, фӕлӕ, уый фӕстӕ цы хорздзинӕдтӕй схайджын уыдзыстӕм, уыдоныл. Ӕмӕ уӕд Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм ӕмӕ йын нӕ цардӕй йӕ зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм (2 Пет. 3:11, 12).
7. Абон мах цы зонӕм?
7 Мах хъӕуы, цы зонӕм, уыдӕттыл хъуыды кӕнын. Зӕгъӕм, зонӕм, фӕстаг бонтӕ кӕй райдыдтой 1914 азы. Уый базонӕн ис, Йегъовӕ Библийы цы пехуымпарӕдтӕ ныффыссын кодта, уыдонӕй. Стӕй ма раргом кодта, уыцы азӕй фӕстӕмӕ дуне цыхуызӕн уыдзӕн, уый тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ. Мах уынӕм, уыцы пехуымпарӕдтӕ кӕй сӕххӕст сты. Ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ фидарӕй уырны, «Йегъовӕйы стыр бон хӕстӕг [кӕй] у» (Соф. 1:14). Ноджыдӕр ма зонӕм, Йегъовӕ нын кӕй бабар кодта ахсджиаг хъуыддаг: хъуамӕ, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр адӕмӕн фехъусын кӕнӕм «Хуыцауы паддзахады тыххӕй... хорз хабар» (Матф. 24:14). Уыцы хабар хъуыстгонд цӕуы иу-240 бӕстӕйы 1 000 ӕвзагӕй фылдӕрыл. Ӕмӕ цӕмӕй уыцы хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнӕм, уый тыххӕй та нӕ «бон ӕмӕ... сахат» зонын нӕ хъӕуы.
БӔЛВЫРДӔЙ НӔ ФӔЗОНӔМ, ЙЕГЪОВӔ НЫН КУЫД БАХХУЫС КӔНДЗӔН
8. «Ӕцӕг Хуыцауы хъуыддӕгтӕ» цы сты? (Екклесиаст 11:5).
8 Мах алы хатт нӕ фӕзонӕм «ӕцӕг Хуыцауы хъуыддӕгтӕ». (Бакӕс Екклесиаст 11:5.) Уыдон цавӕр хъуыддӕгтӕ сты? Йегъовӕ йӕ фӕндон сӕххӕст кӕныны тыххӕй хатт цыдӕр ӕрцӕуын кӕны кӕнӕ бауадзы, цӕмӕй цыдӕр ӕрцӕуа. Йегъовӕ цыдӕр ӕрцӕуын цӕмӕн бауадзы, уый тыххӕй алцы нӕ фӕзонӕм. Стӕй бӕлвырдӕй нӕ фӕзонӕм, куыд архайдзӕн ӕмӕ нын куыд баххуыс кӕндзӕн, уый дӕр (Пс. 37:5). Сывӕллон йӕ мады гуыбыны куыд стыр кӕны, уый нӕ бон нӕу бамбарын. Суанг ӕй ахуыргӕндтӕ дӕр нырма кӕронмӕ нӕ бамбӕрстой. Раст афтӕ кӕронмӕ нӕ бон нӕу бамбарын, Йегъовӕ куыд архайдзӕн, уый.
9. Йегъовӕ нын куыд ӕххуыс кӕндзӕн, уый бӕлвырдӕй кӕй нӕ фӕзонӕм, уый тыххӕй нӕм хатт цавӕр хъуыдытӕ фӕзыны?
9 Йегъовӕ куыд архайдзӕн ӕмӕ нын куыд баххуыс кӕндзӕн, уый алы хатт кӕй нӕ фӕзонӕм, уый тыххӕй, гӕнӕн ис, суӕм ӕнӕныфсхаст. Зӕгъӕм, гӕнӕн ис, нӕ ныфс ма хӕссӕм нӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кӕнынмӕ, цӕмӕй нӕ бон уа фылдӕр лӕггад кӕнын, кӕнӕ, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, уырдӕм ацӕуынмӕ. Вӕййы ма афтӕ дӕр, ӕмӕ, Хуыцауы хъуыддаджы нӕ разы нысӕнттӕ сӕвӕрдтам, фӕлӕ нӕ къухы не ’фтынц. Кӕнӕ зӕрдиагӕй хъусын кӕнӕм, фӕлӕ Библи никӕимӕ райдыдтам ахуыр кӕнын. Йе та нын нӕ организаци цавӕрдӕр хъуыддаг бахӕс кодта, фӕлӕ нын ис къуылымпыдзинӕдтӕ. Ӕмӕ уӕд, чи зоны, афтӕ хъуыды кӕнын райдайӕм, ӕмӕ нӕ Йегъовӕ райгонд нӕу.
10. Йегъовӕ нын куыд ӕххуыс кӕндзӕн, уый бӕлвырдӕй кӕй нӕ фӕзонӕм, уый фӕрцы нӕм цавӕр ахсджиаг миниуджытӕ фӕзыны?
10 Йегъовӕ нын куыд ӕххуыс кӕндзӕн, уый кӕй нӕ фӕзонӕм, уый фӕрцы нӕ бон у нӕ удыхъӕды тынг ахсджиаг миниуджытӕ сфидар кӕнын: сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ бонзонгӕдзинад. Уӕд ӕмбардзыстӕм, Йегъовӕйы хъуыдытӕ нӕ хъуыдытӕй уӕлдӕр кӕй сты (Ис. 55:8, 9). Ноджыдӕр ма сахуыр вӕййӕм нӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл дарын, уымӕн ӕмӕ фембарӕм, ӕнтыстджын уый фӕрцы кӕй уыдзыстӕм. Нӕ лӕггады нын исты куы бантысы кӕнӕ нын цы хъуыддаг бахӕс кӕнынц, уый куы рауайы, уӕд уый тыххӕй Йегъовӕйы скадджын кӕнӕм (Пс. 127:1; 1 Кор. 3:7). Куыд ӕнхъӕл уыдыстӕм, афтӕ куы нӕ рауайы цыдӕр, уӕд та хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Йегъовӕ уӕддӕр алцыдӕр кӕй уыны ӕмӕ нын кӕй баххуыс кӕндзӕн нӕ зӕрдӕйы фарн бахъахъхъӕнынӕн (Ис. 26:3). Махӕй аразгӕ цы у, уый араздзыстӕм. Ӕмӕ йӕ зонӕм, Йегъовӕйӕ аразгӕ цы у, уый ӕнӕмӕнг кӕй сараздзӕн. Раджы заманты-иу йӕ лӕггадгӕнджытӕн хатт диссаджы хуызы дӕр лӕвӕрдта разамынд (Хъуыд. 16:6–10). Ӕмӕ кӕд абон афтӕ нӕ кӕны, уӕддӕр нӕ ӕнӕ разамындӕй никуы ныууадздзӕн.
11. Йегъовӕйы тыххӕй цавӕр ахсджиаг хабӕрттӕ зонӕм?
11 Мах ӕй зонӕм, Йегъовӕ нӕ тынг кӕй уарзы, алкӕддӕр рӕстӕй кӕй фӕархайы ӕмӕ стыр зонды хицау кӕй у. Зонӕм ма, уый тыххӕй ӕмӕ нӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты тыххӕй цы аразӕм, уымӕн тынг кӕй аргъ кӕны. Стӕй зонӕм, иузӕрдион ыл чи у, уыдоны алкӕддӕр кӕй схорзӕхджын кӕны (Дзут. 11:6).
НӔ ЗОНӔМ, РАЙСОМ ЦЫ УЫДЗӔН, УЫЙ
12. Иаковы 4:13, 14 стихтӕм гӕсгӕ, цы нӕ зонӕм?
12 Бакӕс Иаковы 4:13, 14. Ацы дунейы цӕргӕйӕ хабар афтӕ у, ӕмӕ, райсом цы уыдзӕн, уый нӕ зонӕм. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «кӕд кӕуыл цы ’рцӕудзӕн, уымӕн ничи ницы зоны» (Еккл. 9:11). Уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕзонӕм, нӕ фӕндтӕ нӕ къухы бафтдзысты ӕви нӕ кӕнӕ уӕвгӕ удӕгас уыдзыстӕм ӕви нӕ, цӕмӕй, цы сфӕнд кодтам, уый кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнӕм.
13. Райсом цы уыдзӕн, уый кӕй нӕ фӕзонӕм, уый ныл куыд фӕзыны?
13 Райсом цы уыдзӕн, уый адӕймаг кӕй нӕ фӕзоны ӕмӕ ууыл кӕй фӕмӕт кӕны, уый тыххӕй, гӕнӕн ис, йӕ циндзинад дӕр фесӕфа. Ӕнӕнхъӕлӕджы бӕллӕхты ӕмӕ ӕндӕр ӕвзӕр хабӕртты тыххӕй масты хай бавӕййӕм. Тынг цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уый куы не ’рцӕуы кӕнӕ цӕмӕйдӕр куы фӕфыдӕнхъӕл вӕййӕм, уӕд та нӕ ныфс дӕр асӕтты (Ӕмб. 13:12).
14. Амондджын уыдзыстӕм ӕви нӕ, уый цӕмӕй кӕнгӕ у? (Кӕс нывтӕм дӕр.)
14 Зындзинӕдтӕ ӕвзаргӕйӕ фидар куы фӕлӕууӕм, уӕд нӕ бон вӕййы равдисын, нӕ уӕларвон Фыдӕн цӕмӕн лӕггад кӕнӕм, уый. Мах ын лӕггад кӕнӕм, кӕй йӕ уарзӕм, уый тыххӕй, цыдӕр пайдайы тыххӕй нӕ, фӕлӕ. Библийӕ базонӕн ис, Йегъовӕ нӕ ӕппӕт зындзинӕдтӕ ӕмӕ мӕстытӕй кӕй нӕ хъахъхъӕндзӕн, стӕй, нӕ царды цы ’рцӕудзӕн, уыдӕттӕ нын нӕ ныхыл кӕй нӕ ныффыста. Уый зоны: цӕмӕй амондджын уӕм, уый тыххӕй ӕнӕмӕнг нӕу, ӕмӕ нӕм фидӕны цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уый зонӕм. Амондджын уыдзыстӕм, йӕ разамынд ын куы агурӕм ӕмӕ йӕ коммӕ куы кӕсӕм, уӕд (Йер. 10:23). Уынаффӕ хӕсгӕйӕ ӕххуыс Йегъовӕйӕ куы фӕагурӕм, уӕд цыма афтӕ фӕзӕгъӕм: «Кӕд Йегъовӕйы фӕнда, уӕд удӕгас уыдзыстӕм ӕмӕ сараздзыстӕм уый кӕнӕ уый» (Иак. 4:15).
Йегъовӕйы разамынд куы агурӕм ӕмӕ йӕ коммӕ куы кӕсӕм, уӕд, тӕссаг цӕмӕй у, уыдӕттӕм цӕттӕ уыдзыстӕм (кӕс 14, 15 абзацтӕ)b
15. Фидӕны тыххӕй цы зонӕм?
15 Изӕрӕй куы схуыссӕм, уӕд нӕ фӕзонӕм, райсом нӕм цы ’нхъӕлмӕ кӕсӕм, уый. Фӕлӕ мах зонӕм, Йегъовӕ нын зӕрдӕ кӕй бавӕрдта ӕнусон цардӕй – уӕлӕрвты кӕнӕ зӕххыл. Мах зонӕм, йӕ бон кӕй нӕу сайын ӕмӕ йӕ кӕй ницы бахъыгдардзӕн, цӕмӕй йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ иууылдӕр сӕххӕст кӕна (Тит. 1:2). Ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы бон у зӕгъын, «фӕстагмӕ цы уыдзӕн, уый, раджы замантӕй, цы нӕма ӕрцыд, уыдӕттӕ». Раджы заманты цы хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, уыдӕттӕ иууылдӕр сӕххӕст сты. Ӕмӕ, фидӕны тыххӕй цы загъта, уыдон дӕр иууылдӕр сӕххӕст уыдзысты (Ис. 46:10). Стӕй фидарӕй зонӕм, Йегъовӕйы уарзондзинадӕй нӕ кӕй ницы фӕхицӕн кӕндзӕн (Ром. 8:35–39). Ӕмӕ цыфӕнды ма бавзарӕм,– Йегъовӕ нын дӕтдзӕн зонд, удӕнцой ӕмӕ хъарутӕ, цӕмӕй ӕппӕт дӕр сфӕразӕм. Йегъовӕ нын ӕнӕмӕнг ӕххуыс кӕндзӕн ӕмӕ нын арфӕ кӕндзӕн (Йер. 17:7, 8).
ЙЕГЪОВӔ НӔ КУЫД ХОРЗ ЗОНЫ, УЫЙ НӔ БОН НӔУ КӔРОНМӔ БАМБАРЫН
16. Псалом 139:1–6 стихтӕм гӕсгӕ, Йегъовӕ мах тыххӕй цы зоны ӕмӕ уый тыххӕй цы хъуыды кӕныс?
16 Бакӕс Псалом 139:1–6. Ахӕмӕй ницы ис, не Сфӕлдисӕг мах тыххӕй цы нӕ зона. Уый зоны, нӕ удыхъӕдыл ӕмӕ нӕ зондахастыл цы фӕзынд ӕмӕ цы бандӕвта, ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй. Зоны, цавӕр адӕймӕгтӕ стӕм ӕмӕ ахӕмтӕ цӕмӕн стӕм, уый. Йегъовӕ зоны, цы фӕзӕгъӕм ӕмӕ уымӕй цы зӕгъинаг вӕййӕм, цы аразӕм ӕмӕ йӕ цӕмӕн аразӕм. Паддзах Давид куыд загъта, афтӕмӕй нӕм Йегъовӕ ӕдзух йӕ хъус фӕдары ӕмӕ нын кӕдфӕндыдӕр йӕ бон вӕййы баххуыс кӕнын. Ахъуыды-ма кӕн: Дунедарӕг, ӕппӕтхъомысджын Хуыцау, арв ӕмӕ зӕхх Рафӕлдисӕг ныл афтӕ тынг тыхсы. Уый стыр диссаг куыннӕ у! Давид дӕр дзӕгъӕлы нӕ загъта афтӕ: «Ӕппӕт уыдӕттӕ мӕм тынг диссаг кӕсынц. Мӕ зонд сыл не ’ххӕссы» (Пс. 139:6).
17. Йегъовӕ нӕ хорз кӕй ӕмбары, уый кӕйдӕрты цӕуылнӕ фӕуырны?
17 Йегъовӕ нӕ уарзӕгой Фыд кӕй у, ууыл баууӕндын кӕмӕндӕрты зын вӕййы, цы бинонты ’хсӕн кӕнӕ цы адӕмы ’хсӕн схъомыл сты йе та раздӕр цӕуыл ӕууӕндыдысты, уый тыххӕй. Чидӕр та фӕхъуыды кӕны, зӕгъгӕ, раздӕр ахӕм стыр рӕдыдтытӕ ӕруагътон, ӕмӕ Йегъовӕйы нӕ хъӕуын ӕмӕ йӕ никуы бафӕнддзӕн, цӕмӕй мӕ Хӕлар суа. Давидмӕ дӕр-иу ахӕм хъуыдытӕ фӕзынд (Пс. 38:18, 21). Кӕмӕндӕр та зын вӕййы йӕ цардыуаг аивын ӕмӕ Хуыцауы закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрын, зӕгъӕм, ӕнӕгъдау цард чи кӕны, уымӕн, кӕд аивыныл тынг зӕрдиагӕй фӕархайы, уӕддӕр. Ӕмӕ ахӕм адӕймаг, гӕнӕн ис, хъуыды кӕна: «Гъеныр ахӕм дӕн, ӕмӕ цы бакӕнон. Ӕмӕ мӕ кӕд Хуыцау ӕцӕгдӕр хорз ӕмбары, уӕд мын мӕхи цӕмӕн ивын кӕны?»
18. Йегъовӕ нӕ нӕхицӕй дӕр хуыздӕр кӕй зоны, уый нӕ зӕрдыл цӕмӕн хъуамӕ дарӕм? (Кӕс нывтӕм дӕр.)
18 Хъуамӕ алкӕддӕр нӕ зӕрдыл дарӕм: Йегъовӕ нӕ нӕхицӕй дӕр хуыздӕр зоны, ӕмӕ уыны, хорзӕй нӕм цы ис, уый, кӕд ӕй нӕхӕдӕг нӕ уынӕм, уӕддӕр. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ хъӕндзинӕдтӕ ӕмӕ нын нӕ рӕдыдтытӕ дӕр уыны. Фӕлӕ нӕ уӕддӕр уарзы, уымӕн ӕмӕ зоны, цыдӕр цӕмӕн саразӕм ӕмӕ нӕ ивын кӕй фӕнды, уый. Йегъовӕ зоны, цавӕр адӕймӕгтӕ нӕ рауайдзӕн (Ром. 7:15). Ӕмӕ-иу уый нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд-иу нӕ хъарутыл хъарутӕ бафтдзӕн ӕмӕ йын дарддӕр дӕр иузӕрдионӕй ӕмӕ цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕндзыстӕм.
Йегъовӕ нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ фидарӕй уырна, ног дунейы нӕм диссаджы цард кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Афтӕмӕй нын ӕххуыс кӕны ӕнӕнхъӕлӕджы хабӕрттӕ сфӕразынӕн (кӕс 18, 19 абзацтӕ)c
19. Йегъовӕйы тыххӕй бӕлвырдӕй цы зонӕм?
19 Мах зонӕм, Йегъовӕ кӕй у уарзондзинад. Ууыл дызӕрдыг кӕнын ӕппындӕр нӕ хъӕуы (1 Иоан. 4:8). Зонӕм, тынг нӕ кӕй уарзы, ӕмӕ уый бӕрӕг у, цы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ нын радта, уыдонӕй дӕр. Йӕ зӕрдӕ нын зӕгъы, цӕмӕй амондджын уӕм. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй ӕнустӕм цӕрӕм, ӕмӕ уый тыххӕй нывондӕн ӕрхаста йӕ Фырты. Уыцы нывонды фӕрцы нӕ бон у Йегъовӕйӕн, йӕ зӕрдӕмӕ куыд цӕуы, афтӕ лӕггад кӕнын, кӕд рӕдигӕ дӕр кӕнӕм, уӕддӕр (Ром. 7:24, 25). Ӕмӕ мах зонӕм: «Хуыцау нӕ зӕрдӕтӕй стырдӕр у ӕмӕ алцыдӕр зоны» (1 Иоан. 3:19, 20). Йегъовӕ мах тыххӕй алцыдӕр зоны ӕмӕ нӕ дызӕрдыг кӕны, нӕ бон кӕй уыдзӕн йӕ фӕндон ын ӕххӕст кӕнын.
20. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, цыдӕртӕ кӕй нӕ зонӕм, ууыл ӕгӕр ма мӕт кӕнӕм?
20 Ӕнӕмӕнг нӕ зонын цы хъӕуы, уыдӕттӕй нӕ Йегъовӕ ницы басусӕг кодта. Уӕдӕ цӕмӕ хъӕуы, цыдӕртӕ кӕй нӕ зонӕм, ууыл ӕгӕр мӕт кӕнын? Фӕлтау-иу фылдӕр хъуыды кӕнӕм, ӕцӕгдӕр ахсджиаг цы у, уыдӕттыл. Афтӕмӕй равдисдзыстӕм, сӕрныллӕг ӕмӕ бонзонгӕ кӕй стӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр кӕй дарӕм Йегъовӕйыл, «ӕппӕт дӕр чи зоны», уыцы Хуыцауыл (Иов 36:4). Ныртӕккӕ цыдӕртӕ нӕма ӕмбарӕм. Фӕлӕ йӕ зонӕм, Йегъовӕ нын ӕнустӕм дӕр ног цыдӕртӕ кӕй амондзӕн. Стӕй никуы уыдзӕн афтӕ, ӕмӕ нӕ диссаджы Хуыцауы тыххӕй ногӕй мацы базонӕм (Еккл. 3:11). Мах уыцы рӕстӕгмӕ тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм!
104 ЗАРӔГ Хуыцауы лӕвар – йӕ сыгъдӕг тых
a Йесо уӕларвон ӕфсӕдты разӕй рацӕудзӕн, цӕмӕй Хӕйрӕджы фыддунеимӕ схӕца. Уымӕ гӕсгӕ ныр хъуамӕ зона, Армагеддон кӕцы бон райдайдзӕн ӕмӕ знӕгтыл кӕронмӕ кӕцы бон фӕуӕлахиз уыдзӕн, уый (Рарг. 6:2; 19:11–16).
b НЫВ. Фыд йӕ лӕппуимӕ рюкзакы ӕвӕрынц, цы хъӕуы, уыдӕттӕ, цӕмӕй сӕ бинонтӕ ӕнӕнхъӕлӕджы хабармӕ цӕттӕ уой.
c НЫВ. Ӕфсымӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлд ӕмӕ хъуыды кӕны, ног дунейы цард куыд хорз уыдзӕн, ууыл.