БИОГРАФИ
Цӕрӕнбонты ахуыр кӕнӕм нӕ Кадджын Зондамонӕгӕй
БЛОКПОСТТӔ гӕрзифтонг ӕфсӕддонтимӕ, судзгӕ баррикадӕтӕ, тыхдымгӕтӕ, граждайнаг хӕстытӕ, эвакуаци... Уыдӕттӕ сты, мӕ цардӕмбалимӕ пионертӕй ӕмӕ миссионертӕй лӕггад кӕнгӕйӕ цы зындзинӕдтыл сӕмбӕлдыстӕм, уыдонӕй иуӕй-иутӕ. Фӕлӕ ахӕм цард кӕй равзӕрстам, ууыл ӕппындӕр нӕ фӕсмон кӕнӕм. Йегъовӕ алкӕддӕр уыд нӕ фарсмӕ ӕмӕ нын арфӕ кодта. Уымӕй уӕлдай ма нӕ нӕ Кадджын Зондамонӕг бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр кодта ӕмӕ ма нӕ ныр дӕр ахуыр кӕны (Иов 36:22; Ис. 30:20).
МӔ НЫЙЙАРДЖЫТӔ МЫН УЫДЫСТЫ ФӔЗМИНАГ
1950-ӕм азты кӕрон мӕ ныййарджытӕ алыгъдысты Италийӕ Канадӕмӕ ӕмӕ ӕрцардысты Ки́ндерслийы (провинци Саска́чеван). Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ рӕстдзинад базыдтой. Ӕмӕ нын уӕдӕй фӕстӕмӕ рӕстдзинадӕй ахсджиагдӕр царды ницы уыд. Гыццылӕй-иу бон-изӕрмӕ нӕ бинонтимӕ уацамынды уыдтӕн. Уымӕ гӕсгӕ арӕх фӕхынджылӕг кӕнын, зӕгъын, ӕз 8-аздзыдӕй «ӕххуысгӕнӕг пионерӕй» лӕггад кодтон.
Нӕ бинонтимӕ иу-1966 азы
Хъӕздыг цард нӕ кодтам. Фӕлӕ мӕ ныййарджытӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕныны тыххӕй сӕхи цӕмӕйфӕнды фӕцух кӕнынмӕ дӕр цӕттӕ уыдысты, ӕмӕ нын уымӕй уыдысты фӕзминаг. Зӕгъӕм, 1963 азы, цы нӕм уыд, уыдӕттӕй бирӕ цыдӕртӕ ауӕй кодтой, цӕмӕй ацыдаиккам ӕхсӕнадӕмон конгресмӕ Пасаде́нӕмӕ (штат Калифорни, АИШ). 1972 азы цӕрынмӕ ацыдыстӕм горӕт Трейлмӕ (провинци Бритайнаг Колумби, Канадӕ), цӕмӕй уым хъусын кодтаиккам италиаг ӕвзагыл дзурӕг адӕмӕн. Уый уыд, кӕм цардыстӕм, уырдыгӕй 1 000 километры дарддӕр. Мӕ фыд куыста ӕфснайӕгӕй дуканийы. Ӕмӕ-иу ӕй, фылдӕр ӕхца кӕм бакуыстаид, ахӕм куыстмӕ куы хуыдтой, уӕд-иу не сразы, цӕмӕй йын Хуыцауы хъуыддӕгтӕн фылдӕр рӕстӕг уыдаид.
Мӕ ныййарджытӕй тынг бузныг дӕн, мӕнӕн дӕр ӕмӕ ме ’фсымӕр ӕмӕ мӕ дыууӕ хойӕн дӕр фӕзминаг кӕй уыдысты, уый тыххӕй. Уыдоны фӕрцы бамбӕрстон иу ахсджиаг хъуыддаг: Хуыцауы Паддзахад фыццаг бынаты куы ӕвӕрон, уӕд мыл Йегъовӕ батыхсдзӕн. Ӕмӕ алкӕддӕр ӕцӕгдӕр афтӕ уыди (Матф. 6:33).
РАЙДЫДТАМ ӔХХӔСТРӔСТӔГ ЛӔГГАД КӔНЫН
1980 азы ракуырдтон, йӕ разы бӕлвырд нысӕнттӕ чи ӕвӕрдта, иу ахӕм дзӕбӕх хойы, Де́ббийы. Мах фӕндыд ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын. Ӕмӕ нӕ чындзӕхсӕвӕй ӕртӕ мӕйы куы рацыд, уӕд Дебби райдыдта пионерӕй лӕггад кӕнын. Уый фӕстӕ та, нӕ чындзӕхсӕвӕй иу азы фӕстӕ, лӕггад кӕнын райдыдтам, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кодта, иу ахӕм гыццыл ӕмбырды. Ӕмӕ ӕз дӕр пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдтон.
Нӕ чындзӕхсӕвы бон, 1980 аз
Иуцасдӕр дзы куы фестӕм, уӕд уым лӕггад кӕнын нӕ зӕрдӕмӕ нал цыд, ӕмӕ сфӕнд кодтам фӕстӕмӕ ацӕуын. Фӕлӕ уал фыццаг аныхас кодтам районон цӕстдарӕгимӕ. Уый нын фӕлмӕнӕй, фӕлӕ ӕргом загъта: «Уӕхи аххос дӕр дзы ис. Цы зындзинӕдтыл сӕмбӕлдыстут, уыдонмӕ ныккомкоммӕ стут. Ӕвзӕр цыдӕртӕ ӕнцон фенӕн сты. Фӕлӕ хорз цыдӕртӕ агурут, ӕмӕ сӕ ссардзыстут». Йӕ ныхӕстӕ нӕ нӕхимӕ ӕрцӕуын кодтой (Пс. 141:5). Куыд нын загъта, афтӕ кӕнын райдыдтам. Ӕмӕ цыбыр рӕстӕгмӕ бамбӕрстам, нӕ царды хорзӕй цас цыдӕртӕ уыд. Ӕмбырдӕй кӕйдӕрты тынг фӕндыд Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕнын. Се ’хсӕн уыд сывӕллӕттӕ ӕмӕ, сӕ сӕрыхицӕуттӕ уырнӕг кӕмӕн нӕ уыдысты, ахӕм хотӕ. Уыцы уавӕры сахуыр стӕм ахсджиаг цӕуылдӕр: хъуамӕ уынӕм, нӕ царды хорзӕй цы ис, уыдӕттӕ ӕмӕ-иу банхъӕлмӕ кӕсӕм, Йегъовӕ уавӕр кӕд фӕивдзӕн, уымӕ (Мих. 7:7). Гъемӕ та Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ лӕггад кодтам.
Фыццаг хатт пионерты скъолайы куы ахуыр кодтам, уӕд нын уыд диссаджы ахуыргӕнджытӕ. Уыдон раздӕр лӕггад кодтой фӕсарӕнты. Ӕвдыстой-иу нын слайдтӕ ӕмӕ-иу нын радзырдтой, цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты ӕмӕ сын Йегъовӕ куыд арфӕ кодта, уыдӕтты тыххӕй. Ӕмӕ мах дӕр бафӕндыд миссионертӕй лӕггад кӕнын. Уый сси нӕ нысан.
Паддзахады залы раз Бритайнаг Колумбийы, 1983 аз
Цӕмӕй нӕ нысан нӕ къухы бафтыдаид, уый тыххӕй 1984 азы ацыдыстӕм провинци Квебе́кмӕ. Бритайнаг Колумбийӕ уырдӕм у 4 000 километрӕй фылдӕр, дзурынц дзы французаг ӕвзагыл. Уым хъуамӕ сахуыр уыдаиккам ног ӕгъдӕуттыл, стӕй нӕ хъуыди ног ӕвзаг дӕр сахуыр кӕнын. Иннӕ та ма уый уыд, ӕмӕ-иу нын арӕх ӕхца нӕ фаг кодта. Иуафон цардыстӕм афтид картофӕй. Иу зонгӕ фермер нын бар радта, цӕмӕй, йӕ быдыры цы картоф баззад, уый ӕмбырд кодтаиккам. Дебби-иу дзы диссаджы хӕрзад хӕринӕгтӕ акодта! Ӕмӕ нын кӕд ӕнцон нӕ уыд, уӕддӕр архайдтам, цӕмӕй нӕ циндзинад ма фесӕфтаид. Стӕй уыдтам, Йегъовӕ ныл куыд тыхсы, уый (Пс. 64:10).
Иу бон нӕм ӕфсымӕртӕ телефонӕй ӕрбадзырдтой ӕмӕ нын загътой, Канадӕйы Вефилмӕ нӕ кӕй хонынц. Уымӕй размӕ та Деббиимӕ байдзаг кодтам курдиат Галаады скъоламӕ. Гъемӕ нӕ Вефилмӕ куы фӕхуыдтой, уӕд цин кодтаиккам ӕви нӕ, уый нал ӕмбӕрстам. Фӕлӕ уӕддӕр ацыдыстӕм. Куы ныццыдыстӕм, уӕд филиалы комитетӕй ӕфсымӕр Ке́ннет Ли́ттлы бафарстам: «Ӕмӕ нӕ Галаады скъоламӕ куы фӕхоной, уӕд та?» Уый нын афтӕ бакодта: «Куы уӕ фӕхоной, уӕд бӕрӕг уыдзӕн».
Гъемӕ дын нӕ иу къуырийы фӕстӕ Галаады скъоламӕ куы фӕхониккой! Ӕмӕ нӕ хъуыди аскъуыддзаг кӕнын, куыд бакӕнӕм, уый. Ӕфсымӕр Литтл нын загъта: «Цыфӕнды ма равзарат,– хатт-иу ахъуыды кӕндзыстут, фӕлтау иннӕ куы равзӕрстаиккам, зӕгъгӕ. Афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ Галаады скъола у хуыздӕр кӕнӕ Вефил у хуыздӕр. Йегъовӕйӕн йӕ бон у, ӕмӕ уын кӕмфӕнды дӕр раарфӕ кӕна». Гъемӕ Галаады скъола равзӕрстам. Ӕмӕ уый фӕстӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ федтам, ӕфсымӕр Литтл рӕстытӕ кӕй дзырдта. Ӕмӕ-иу стӕй уыцы ныхӕстӕ нӕхӕдӕг дӕр дзырдтам, ахӕм уынаффӕ-иу рахӕссын кӕй хъуыд, уыдонӕн.
ЛӔГГАД КӔНӔМ МИССИОНЕРТӔЙ
(Галиуырдыгӕй) Юлиссис Гласс
(Рахизырдыгӕй) Джек Редфорд
Мах ахуыр кодтам Галаады скъолайы 83-ӕм къласы, уыдыстӕм 24 студенты. Скъола уыд Бруклины (Нью-Йорк). Ахуыр кӕнын райдыдтам 1987 азы апрелы. Нӕ ахуыргӕнджытӕ сӕйраджыдӕр уыдысты Ю́лиссис Гласс ӕмӕ Джек Ре́дфорд. Фондз мӕйы куыд атахтысты, уый ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакодтам. 1987 азы 6 сентябры нын дипломтӕ радтой. Мах ӕмӕ ма ноджыдӕр иу къайы, Жон ӕмӕ Мари́ Гуды, снысан кодтой Гаи́тимӕ.
Гаитийы, 1988 аз
Гаитийӕ фӕстаг миссионерты рарвыстой 1962 азы. Ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ уырдӕм Галаады скъолайы фӕстӕ никӕйуал арвыстой. Гъемӕ дипломтӕ куы райстам, уымӕй ӕртӕ къуырийы фӕстӕ Гаитимӕ ӕрхӕццӕ стӕм. Снысан нӕ кодтой иу гыццыл ӕмбырдмӕ кӕмдӕр хӕхты астӕу. Уыди дзы 35 хъусынгӕнӕджы. Деббиимӕ уыдыстӕм ӕрыгон ӕмӕ нын фӕлтӕрддзинад нӕ фаг кодта. Цӕргӕ кодтам миссионерты хӕдзары, ӕмӕ дзы мах йеддӕмӕ ничи цард. Адӕм Гаитийы уыдысты тынг мӕгуыр. Стӕй дзы бирӕтӕ кӕсын дӕр нӕ зыдтой. Фыццаг азты дзы цынӕ федтам, ахӕм нӕ уыд: змӕстытӕ, адӕм хицауад куыд раппӕрстой, уый, судзгӕ баррикадӕтӕ, тыхдымгӕтӕ!
Гаитийы нӕ фидар ӕмӕ хъӕлдзӕг хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр стӕм. Бирӕтӕ сӕ тынг мӕгуыр цардысты, фӕлӕ Йегъовӕйы ӕмӕ лӕггад кӕнын тынг уарзтой. Иу ацӕргӕ хо кӕсын нӕ зыдта, фӕлӕ Библийӕ зыдта иу-150 стихы. Нӕ алыварс цытӕ цыди, уыдӕттӕм кӕсгӕйӕ нӕ ноджы тынгдӕр фӕндыд адӕмӕн дзурын, адӕмы зындзинӕдтӕн кӕрон ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахад кӕй скӕндзӕн. Тынг ӕхсызгон нын у, уӕд Библи кӕимӕ ахуыр кодтам, уыдонӕй чидӕртӕ фӕстӕдӕр кӕй райдыдтой пионертӕй, сӕрмагонд пионертӕй ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕй лӕггад кӕнын.
Гаитийы базонгӕ дӕн иу ӕрыгон лӕппуимӕ, Тре́воримӕ. Уый уыд мормонты диныл хӕст ӕмӕ уыди миссионер. Цалдӕр хатты Библийыл аныхас кодтам. Уымӕй цалдӕр азы куы рацыд, уӕд дын дзы писмо куы райсин. Тревор мӕм ныффыста: «Иннӕ конгрессы донаргъуыд исдзынӕн! Фӕнды мӕ фӕстӕмӕ Гаитимӕ ацӕуын ӕмӕ, мормонаг миссионерӕй кӕм лӕггад кодтон, уым сӕрмагонд пионерӕй лӕггад кӕнын». Ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ бакодта. Бирӕ азты дӕргъы йӕ бинойнагимӕ лӕггад кодта Гаитийы.
АЦЫДЫСТӔМ ЕВРОПӔМӔ, СТӔЙ ТА – АФРИКӔМӔ
Мӕ кусӕн стъолы уӕлхъус Словенийы, 1994 аз
Уый фӕстӕ нӕ снысан кодтой Европӕмӕ, раздӕр сӕрибарӕй хъусын кӕнӕн кӕм нӕ уыд, уыцы хаймӕ. 1992 азы ӕрцыдыстӕм Словенимӕ, горӕт Любля́нӕмӕ. Мӕ ныййарджытӕ райгуырдысты ӕмӕ схъомыл сты уырдӕм хӕстӕг (стӕй уырдыгӕй алыгъдысты Италимӕ). Уырдӕм куы ’рцыдыстӕм, уӕд раздӕры Югославийы территорийыл нырма хӕст цыди. Уыцы регионы хъусын кӕныны хъуыддагӕн дзуапп лӕвӕрдта Австрийы филиал Венӕйы, стӕй офистӕ За́гребы (Хорвати) ӕмӕ Белгра́ды (Серби). Ныр та алы хӕдбар республикӕйӕн дӕр хъуамӕ уыдаид йӕхи филиал.
Уӕдӕ та нӕ ногӕй хъуыди ног ӕгъдӕуттыл ӕмӕ ног ӕвзаг ахуыр кӕнын. Бынӕттон цӕрджытӕ-иу нын афтӕ бакодтой: «Е́зик е те́жик», ома «не ’взаг зын у». Ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ уыд. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ Йегъовӕйыл тынг иузӕрдион уыдысты. Уыдон цӕттӕ уыдысты нӕ организацийы ивындзинӕдтӕм гӕсгӕ архайынмӕ. Ӕмӕ уыдтам, Йегъовӕ сын куыд арфӕ кӕны. Ногӕй та федтам, Йегъовӕ алцыдӕр йӕ афоныл кӕй сраст кӕны. Ӕмӕ, уый куыд фӕаразы, уымӕй бӕрӕг вӕййы йе стыр уарзондзинад. Словенийы нын, уымӕй размӕ цӕуыл сахуыр стӕм, уыдӕттӕ тынг баххуыс кодтой. Ӕмӕ уым дӕр бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр стӕм.
Фӕлӕ нӕ царды ивындзинӕдтӕ ууыл нӕ фесты. 2000 азы нӕ снысан кодтой Ныгуылӕн Африкӕмӕ, Кот-д’Ивуа́рмӕ. Уый фӕстӕ дзы райдыдта граждайнаг хӕст. Ӕмӕ нӕ уый тыххӕй 2002 азы ноябры аластой Сье́рра-Лео́немӕ. Уым дӕр уымӕй размӕ 11 азы дӕргъы цы хӕст цыди, уый нырма уӕд фӕци. Кот-д’Ивуарӕй нӕ ӕвиппайды цӕуын кӕй бахъуыд, уый нын тынг зын уыд. Фӕлӕ уӕдмӕ цӕуылты сахуыр стӕм, уыдӕттӕ нын баххуыс кодтой, цӕмӕй нӕ циндзинад ма фесӕфтаид.
Сьерра-Леонейы бирӕты фӕндыд Библи ахуыр кӕнын. Ӕмӕ нӕ хъарутӕ уыдонӕн ӕххуыс кӕнынмӕ сарӕзтам. Мах тынг дис кодтам нӕ уарзӕгой хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртыл. Хӕст дӕр федтой, мӕгуыр цард дӕр кодтой. Фӕлӕ сӕ уӕддӕр фӕндыд, цы сӕм уыд, уыдӕттӕй иннӕтӕн хай кӕнын. Иу хойы фӕндыд Деббийӕн цавӕрдӕр дзаумӕттӕ раттын. Фӕлӕ Дебби ӕфсӕрмы кодта ӕмӕ сӕ нӕ куымдта. Уӕд ын хо афтӕ: «Хӕсты рӕстӕг хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ ӕндӕр бӕстӕтӕй махӕн ӕххуыс кодтой. Ныр та нӕ рад у иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын». Ӕмӕ Деббиимӕ нӕхицӕн загътам, мах дӕр афтӕ кӕй кӕндзыстӕм.
Фӕстӕдӕр та Кот-д’Ивуармӕ ӕрыздӕхтыстӕм. Фӕлӕ дзы уавӕр бынтон хорз нӕма уыди. Ногӕй та дзы змӕстытӕ райдыдтой. Уымӕ гӕсгӕ нӕ 2004 азы ноябры вертолётыл ӕдас бынатмӕ аластой. Иу адӕймагӕн йӕ хӕссинӕгтӕ 10 килӕйӕ уӕззаудӕр хъуамӕ ма уыдаиккой. Ӕхсӕв арвыстам, Францийӕн уым цы ӕфсӕддон базӕ уыд, уым. Фынӕй кодтам пъолыл. Дыккаг бон та атахтыстӕм Швейцаримӕ. Ӕмбисӕхсӕвмӕ ’ввахс бахӕццӕ стӕм филиалмӕ. Уым нӕм ӕнхъӕлмӕ кастысты, филиалы комитеты чи лӕггад кодта, уыцы ’фсымӕртӕ ӕмӕ Лӕггад фӕхуыздӕр кӕныны скъолайы ахуыргӕнджытӕ сӕ бинойнӕгтимӕ. Уыдон нын фӕхъӕбыстӕ кодтой, нӕ разы нын хъарм хӕринаг ӕрӕвӕрдтой ӕмӕ нын дуне швейцариаг шоколадтӕ радтой. Сӕ уарзондзинад нӕ никуы ферох уыдзӕн.
Лидзын кӕй бахъуыд ӕмӕ Кот-д’Ивуармӕ чи ӕрлыгъд, уыдоны раз раныхас дзурын, 2005 аз
Рӕстӕгмӕ нӕ снысан кодтой Га́нӕмӕ, стӕй та фӕстӕмӕ Кот-д’Ивуармӕ, змӕстытӕ дзы куы ’рсабыр сты, уӕд. Ӕнцон-иу нын нӕ уыд эвакуацийы рӕстӕг, стӕй-иу нӕ рӕстӕгмӕ куы иу бӕстӕмӕ, куы иннӕмӕ кӕй снысан кодтой, уый. Фӕлӕ нын не ’фсымӕрты хӕларзӕрдӕдзинад баххуыс кодта уыцы зындзинӕдтӕ сфӕразынӕн. Йегъовӕйы организацийы чи ис, уыдон кӕрӕдзийы тынг уарзынц. Ӕмӕ афтӕ хъуамӕ уа. Фӕлӕ мах Деббиимӕ аскъуыддзаг кодтам, уыцы уарзондзинадмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕй нӕ кӕсдзыстӕм, алкӕддӕр ын кӕй аргъ кӕндзыстӕм. Суанг уыцы уӕззау рӕстӕджыты дӕр ахсджиаг цӕуылдӕрты сахуыр стӕм.
ЛӔГГАД КӔНӔМ ӔВВАХС СКӔСӔНЫ
Ӕввахс Скӕсӕны, 2007 аз
2006 азы сӕйраг хайадӕй писмо райстам. Уым фыст уыд, кӕй нӕ нысан кӕнынц Ӕввахс Скӕсӕнмӕ. Ногӕй та нӕм ӕнхъӕлмӕ кастысты ӕнӕнхъӕлӕджы хабӕрттӕ, зындзинӕдтӕ, ног ӕвзӕгтӕ ӕмӕ ног ӕгъдӕуттӕ. Уым политикӕйы ӕмӕ дины аххосӕй уавӕр сӕ хӕрзтӕй нӕ уыд. Ӕмӕ уым цӕргӕйӕ бирӕ цӕуылдӕрты хъуамӕ сахуыр уыдаиккам. Ӕмбырдты чи уыд, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ уыдысты алыхуызон адӕмыхӕттытӕй, дзырдтой алыхуызон ӕвзӕгтыл. Фӕлӕ уӕддӕр се ’хсӕн уыд иудзинад. Уый нӕ зӕрдӕмӕ тынг цыд. Уымӕн гӕнӕн уыди, организацийы разамындмӕ кӕй хъуыстой, уый фӕрцы. Тынг сӕрыстыр сӕ уыдыстӕм! Сӕ фылдӕрӕн сӕ бинонтӕ, сӕ къласӕгтӕ, се ’мкусджытӕ ӕмӕ сӕ сыхӕгтӕ сӕ ныхмӕ цыдысты, фӕлӕ уӕддӕр рӕстдзинады фарс фидар лӕууыдысты.
2012 азы уыдыстӕм сӕрмагонд конгрессы Тель-Ави́вы (Израиль). Нӕ эрӕйы 33 азы Фӕндзайӕм бонӕй фӕстӕмӕ уыцы ран Йегъовӕйы адӕм уыйбӕрцӕй фыццаг хатт ӕрӕмбырд сты! Уыцы конгрессӕн ферох кӕнӕн нӕй.
Иухатт нӕ арвыстой, сӕрибарӕй хъусын кӕнӕн кӕм нӕй, иу ахӕм бӕстӕмӕ. Немӕ нӕ литературӕйӕ цыдӕртӕ аластам, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ балӕггад кодтам ӕмӕ уыдыстӕм цалдӕр гыццыл конгрессы. Уыцы бӕстӕйы алы ран дӕр лӕууыд гӕрзифтонг ӕфсӕддонтӕ ӕмӕ блокпосттӕ, фӕлӕ мах нӕ тарстыстӕм. Немӕ-иу алкӕддӕр уыди цалдӕр хъусынгӕнӕджы ӕмӕ архайдтам, цӕмӕй цӕсты ма хаудаиккам.
НОГӔЙ ТА ЛӔГГАД КӔНӔМ АФРИКӔЙЫ
Цӕттӕ кӕнын раныхас (Конгойы), 2014 аз
2013 азы нӕ снысан кодтой ӕндӕр ранмӕ – Кинша́сӕмӕ (Демократон Республикӕ Конго). Уым хъуамӕ лӕггад кодтаиккам филиалы. Конго стыр бӕстӕ у, йӕ ӕрдз у ӕмбисонды рӕсугъд. Фӕлӕ дзы адӕм тынг мӕгуыр сты. Стӕй-иу дзы гӕрзифтонг къордтӕ арӕх кӕрӕдзимӕ кӕй фесты, уый дӕр сыл тынг фӕзынд. Уырдӕм нӕ куы снысан кодтой, уӕд фыццаг ахъуыды кодтам: «Цӕй, Африкӕ нын ӕнӕзонгӕ нӕу. Ӕмӕ Конгойы лӕггад кӕнынмӕ дӕр цӕттӕ стӕм». Фӕлӕ уый фӕстӕ бамбӕрстам, нырма бирӕ цӕуылдӕрты кӕй хъуамӕ сахуыр уыдаиккам. Зӕгъӕм, фӕндӕгтӕ ӕмӕ хидтӕ кӕм нӕ уыд, ахӕм рӕтты цӕуын. Мах архайдтам хорз цӕуылдӕрты хъуыды кӕныныл. Зӕгъӕм, кӕд хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ тынг ӕвзӕр уавӕрты цардысты ӕмӕ ӕхцахъуаг ӕййӕфтой, уӕддӕр уыдысты хъӕлдзӕг, фидар ӕмӕ уарзтой хъусын кӕнын. Ӕмӕ сын кӕд ӕнцон нӕ уыд, уӕддӕр ӕмбырдтӕм ӕмӕ конгресстӕм цыдысты. Бӕрӕг уыд, Йегъовӕ дзы хъусын кӕныны хъуыддагӕн куыд арфӕ кӕны. Бирӕты-иу бафӕндыд рӕстдзинад базонын ӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Конгойы ӕцӕгдӕр бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр стӕм. Стӕй нын дзы фӕзынд, хи бинонты хуызӕн нын чи систы, ахӕм ӕмбӕлттӕ.
Хъусын кӕнӕм Хуссар-Африкаг Республикӕйы, 2023 аз
2017 азы кӕрон та нӕ снысан кодтой ӕндӕр ранмӕ, ацы хатт – Хуссар-Африкаг Республикӕйы филиалмӕ. Ахӕм стыр филиалы никуыма лӕггад кодтам. Ӕмӕ нын ам цы куыст бахӕс кодтой, ахӕм куыст уымӕй размӕ никуы кодтам. Ам дӕр та хъуамӕ бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр уыдаиккам. Фӕлӕ уый размӕ цӕуылты сахуыр стӕм, уыдӕттӕ нын ӕххуыс кодтой. Мах тынг бауарзтам, Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй 20, 30, 40 азы кӕнӕ уымӕй фылдӕр чи лӕггад кӕны, уыцы хоты ӕмӕ ’фсымӕрты. Вефилы чи лӕггад кӕны, уыдон сты алыхуызон расӕтӕй, алыхуызон культурӕтӕй. Фӕлӕ, се ’хсӕн цы иудзинад ис, уый диссаг у! Йегъовӕйы адӕм архайынц, цӕмӕй сӕ удыхъӕд ногмӕ раивой ӕмӕ Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрой. Ӕмӕ сӕ уый тыххӕй Йегъовӕ фарнӕй хайджын кӕны.
Бирӕ азты дӕргъы Деббиимӕ ӕххӕст кодтам алыхуызон хӕслӕвӕрдтӕ, ахуыр кодтам алыхуызон культурӕтыл, ахуыр кодтам алыхуызон ӕвзӕгтӕ. Уый алы хатт ӕнцон нӕ уыд. Фӕлӕ ныл нӕ организаци ӕмӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ куыд тыхстысты, уый фӕрцы ӕмбӕрстам, Йегъовӕ нӕ тынг кӕй уарзы (Пс. 144:2). Ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнгӕйӕ цӕуыл сахуыр стӕм, уый фӕрцы нӕ бон у Йегъовӕйӕн ноджы хуыздӕр лӕггад кӕнын.
Ӕз бузныг дӕн мӕ ныййарджытӕй, гыццылӕй мӕ цӕуыл сахуыр кодтой, уый тыххӕй, мӕ цардӕмбал Деббийӕ, алкӕддӕр мӕ фарсмӕ кӕй уыд, уый тыххӕй ӕмӕ нын алы бӕстӕты цы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ ис, уыдонӕй, фӕзминаг нын кӕй уыдысты, уый тыххӕй. Фидӕны тыххӕй та нӕ бон цы у зӕгъын? Мах цӕттӕ стӕм, цӕмӕй нӕ нӕ Кадджын Зондамонӕг дарддӕр дӕр ахуыр кӕна!