Сӕдӕ азы размӕ – 1913
1913 АЗЫ 1 январы журнал «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыст уыдысты америкаг журналист Герберт Кауфманы зындгонд ныхӕстӕ: «„Уымӕн гӕнӕн нӕй“ – ацы ныхӕстӕ ферох кӕнын хъӕуы... Знон дӕр ма рӕсугъд фын цы уыд, уый абон нӕхи цӕстӕй уынӕм». 1913 азы райдиан адӕм сӕ фидӕнӕй тынг ныфсджын уыдысты.
Ныфс сын лӕвӕрдта, технологитӕ размӕ кӕй ацыдысты, уый. Зӕгъӕм, Америкӕйы Иугонд Штатты автомобилон компани «Форд» ног завод байгом кодта Хайленд-Парчы (штат Мичиган). Иунӕг ӕхсӕвмӕ машинӕты аргъ афтӕ тынг ӕрхауд, ӕмӕ сӕ милуантӕн сӕ бон уыд балхӕнын. Афтӕ цӕмӕн рауад? Ног заводы фӕзынд машинӕтӕ ӕмбырдгӕнӕн конвейер. Уый фӕрцы «Форд»-ӕн йӕ бон сси йӕ зындгонд модель «Форд Т» хӕрзцыбыр рӕстӕгмӕ ӕрӕмбырд кӕнын.
Йегъовӕйы адӕм дӕр фидӕнмӕ ныфсджынӕй кастысты, фӕлӕ бынтон ӕндӕр цӕйдӕр тыххӕй. Библииртасджытӕ бирӕ раздӕр райдыдтой дзурын, 1914 аз историйы тынг ахсджиаг аз кӕй уыдзӕн. Уыдон ӕнхъӕлдтой, стыр ивындзинӕдтӕ кӕй ӕрцӕудзӕн ӕмӕ уыцы азмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ зӕрдиагӕй архайдтой.
1913 азы июны горӕт Канзасӕй (штат Миссури, АИШ) райдыдтой иубонон конгресстӕ. Цыппар къуырийы дӕргъы 200 ӕфсымӕр ӕмӕ хойы Америкӕйы ныгуылӕн хайыл ӕмӕ Канадӕйыл ӕрзылдысты, цы поезд баххуырстой, ууыл. Конгресмӕ-иу чи ӕрбацыд, уыдонӕн сӕ бон уыд зӕгъын, фылдӕр базонын сӕ кӕй фӕнды, уый тыххӕй. Мингӕйтты бафӕндыд фылдӕр базонын ӕмӕ сӕм фӕстӕдӕр Библииртасджытӕ цӕуын райдыдтой.
1913 азы дӕргъы Бруклины сӕйраг хайады ӕфсымӕртӕ цӕттӕ кодтой «Сфӕлдыстады фотодрамӕ». Драмӕ цыди аст сахаты. Адӕм хъуыстой пластинкӕтыл фыст раныхӕстӕм ӕмӕ музыкӕмӕ ӕмӕ кастысты авгӕй конд хуызджын слайдтӕ ӕмӕ кинокадртӕм. Библииртасджыты фӕндыд «Фотодрамӕ»-йы фӕрцы милуантӕн хорз хабар фехъусын кӕнын. Кӕд уыцы рӕстӕг хъусынгӕнджытӕ 5 100 бӕрц йеддӕмӕ нӕ уыдысты, уӕддӕр архайдтой, цӕмӕй йӕ, «гӕнӕн ӕмӕ амалӕй, ӕгас дунейы дӕр равдыстаиккой».
Фӕлӕ 1914 аз цы цӕттӕ кодта? Адӕм «Фотодрамӕ»-мӕ цы цӕстӕй ракӕсдзысты? Цы ’рцӕудзӕн, «адӕмты рӕстӕг» куы фӕуа, уӕд? Библииртасджытӕ тынг ӕнхъӕлмӕ кастысты, уыцы фарстатӕн дзуапп кӕд базондзысты, уыцы рӕстӕгмӕ ӕмӕ сӕ ныфс уыд, Йегъовӕ сын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн.
Тагъд рӕстӕджы райдыдта Стыр хӕст, ома Фыццаг дунеон хӕст, ӕмӕ адӕмы фидӕнӕй цы ныфс уыд, уый райсомы мигъау фӕцыдӕр. Технологитӕ размӕ кӕй цыдысты, уый адӕмы нӕ бахызта, цы зындзинӕдтыл сӕмбӕлдысты, уыдонӕй. Уыцы аз Библииртасджытӕн ӕмӕ ӕгас дунейӕн дӕр стыр ивындзинӕдтӕ ӕрхаста.
[Ныв 174, 175 фӕрстыл]
Пастор Расселл трансконтиненталон балцы рӕстӕг ӕмӕ Библииртасджытӕ горӕт Хот-Спрингсы (штат Арканзас), 1913 аз 4 июнь
[Таблицӕ 177 фарсыл]
1913 азы конгресстӕ
Иугонд Штатты
Пертл-Спрингс (Миссури) 1–8 июнь
Хот-Спрингс (Арканзас) 1–8 июнь
Лос-Анджелес (Калифорни) 11–15 июнь
Сан-Франциско (Калифорни) 14–16 июнь
Мэдисон (Висконсин) 29 июнь–6 июль
Спрингфилд (Массачусетс) 13–20 июль
Ашвилл (Цӕгат Каролинӕ) 20–27 июль
Ӕндӕр бӕстӕты
Торонто (Канадӕ) 20–27 июль
Лондон (Великобритани) 1–4 август
Глазго (Шотланди) 23–24 август
[Ныв]
Открыткӕ: пастор Расселлы трансконтиненталон балц