ФАРОН ЦЫ АХСДЖИАГ ХАБӔРТТӔ ӔРЦЫД
Аргъ кӕнынц «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ»-йӕн
2013 азы 28 июны сайты уыди хъусинаг, «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ» размӕ стыр къахдзӕф кӕй акодта ӕмӕ ныр кӕй уыдзӕн 100 ӕвзагыл. Библиотекӕйы агурынӕн цы системӕ ис, уый у, дискыл чи ис, уыцы Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы библиотекӕйы хуызӕн. Онлайн-библиотекӕйӕ пайда кӕнӕн ис, Интернетмӕ бацӕуӕн кӕмӕй ис, уыцы компьютертӕй, ноутбуктӕй, планшеттӕй кӕнӕ смартфонтӕй. Библиотекӕйы цы литературӕ ис, уыдонӕн сӕ фылдӕр сты 2000 азӕй фӕстӕмӕ уагъд публикацитӕ. Бирӕ ӕвзӕгтыл ма дзы ис «Библи – Ног дунейы тӕлмац» ӕмӕ «Фыстады ӕмбарынад». Дискыл цы библиотекӕ ис, уым информаци куыд агургӕ у, афтӕ агургӕ у ам дӕр. Исты раиртасын дӕ куы фӕнда, уӕд дзы ныффысс дзырд, дзырдбаст кӕнӕ цалдӕр дзырды. Онлайн-библиотекӕйы дӕ бон у стихтӕ кӕнӕ ӕндӕр информаци ссарын ӕмӕ йӕ стӕй уыцы иу рӕстӕг ӕндӕр ӕвзагыл дӕр бакӕнын. Уыцы диссаджы иртасӕн кусӕнгарз куыд хорз у, уый тыххӕй нӕм ныффыстой ахӕм хорз ныхӕстӕ:
«Стыр бузныг уын онлайн-библиотекӕйы тыххӕй. Куы йӕ федтон, уӕд тынг бацин кодтон. Компьютеры программӕтӕ куыд кусынц ӕмӕ сӕ куыд аразынц, уымӕн ницы зонын, фӕлӕ уын мӕ бон у зӕгъын, ӕмӕ йӕ гӕнӕн куыд нӕй, афтӕ хорз сарӕзтат. Бӕрӕг у, адӕмы кӕй уарзут, уе ’фсымӕрты кӕй уарзут ӕмӕ Йегъовӕйы кӕй уарзут, уый. Библиотекӕйы дизайнӕй зыны, адӕмыл кӕй хъуыды кӕнут. Мӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕ мын цы диссаджы лӕвар скодта, уымӕй равдыста, кӕй мӕ уарзы ӕмӕ мӕм рӕдау кӕй у, уый. Стыр бузныг уын» (А., Аргентинӕ).
«Уырнгӕ дӕр мӕ нӕ кӕны! Абон фӕссихор бацыдтӕн онлайн-библиотекӕмӕ ӕмӕ дзы цы ног ӕвзӕгтӕ фӕзынд, уыдонӕй иу уыд гаитиаг креойлаг ӕвзаг. Ӕз ууыл хъуыды дӕр никуы акодтаин. Ӕвӕццӕгӕн, мӕ писмойӕ бамбӕрстат, цы зӕгъон, уый дӕр кӕй нӕ зонын. Йегъовӕ уын уӕ фыдӕбонӕн арфӕ кӕнӕд ӕмӕ уын йӕ сыгъдӕг тыхӕй разамынд дӕттӕд» (Д. Ч., Иугонд Штаттӕ).