Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • yb15 16 ф.–17 ф., 4 абз.
  • Проектты ӕмӕ арӕзтады ӕппӕтдунеон хайад

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Проектты ӕмӕ арӕзтады ӕппӕтдунеон хайад
  • 2015 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныг
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Паддзахады залты арӕзтад размӕ цӕуы
    2016 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныг
  • Арӕзтады хъуыддаг кад хӕссы Йегъовӕйӕн
    Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ райста!
  • Паддзахады залтӕ цӕмӕн аразӕм ӕмӕ сӕ куыд аразӕм?
    Абон зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны?
  • Пандемийӕйы размӕ нын бирӕ бантыст
    Уӕ мысайнӕгтӕ цӕуыл хардз цӕуынц
Фылдӕр фенын
2015 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныг
yb15 16 ф.–17 ф., 4 абз.
Ныв 16 фарсыл

ФАРОН ЦЫ АХСДЖИАГ ХАБӔРТТӔ ӔРЦЫД

Проектты ӕмӕ арӕзтады ӕппӕтдунеон хайад

ЙЕГЪОВӔЙЫ организаци тагъд кӕй рӕзы, уымӕ гӕсгӕ саразын хъӕуы ноджы фылдӕр Паддзахады залтӕ, Конгрессты залтӕ, скъолатӕ кӕм фӕуадзынц, ахӕм агъуыстытӕ ӕмӕ тӕлмацгӕнджыты офистӕ, стӕй ма хъӕуы, алы рӕтты цы филиалтӕ ис, уым фылдӕр агъуыстытӕ саразын. Уымӕ гӕсгӕ 2013 азы октябры Разамонӕг совет скодта ног хайад – проектты ӕмӕ арӕзтады ӕппӕтдунеон хайад. Уыцы хайады фӕрцы, проекттӕ куыд кӕнӕм, стӕй агъуыстытӕ куыд аразӕм, куыд сӕ цалцӕг кӕнӕм ӕмӕ сӕм куыд зилӕм, уыцы хъуыддаг фӕхуыздӕр уыдзӕн ӕмӕ къаддӕр ӕхца хардз кӕндзыстӕм. Уыцы ног хайад ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайады Бруклины (Нью-Йорк), ӕмӕ йӕм йӕ хъус дары Разамонӕг советы Рауагъдады комитет.

Уыцы ног хайад йӕ хъус дары проектты ӕмӕ арӕзтады регионалон хайӕдтӕм. Уыцы хайӕдтӕ сты Австралийы, Германийы, Хуссар-Африкаг Республикӕйы ӕмӕ Иугонд Штатты чи ис, уыцы филиалты. Уыдон архайынц, цӕмӕй уыцы бӕстӕты куыст размӕ цӕуа – агъуыстыты проекттӕ кӕной, аразой сӕ ӕмӕ сӕм зилой. Сӕ нысан у, цӕмӕй Паддзахады залтӕ тагъддӕр арӕзт цӕуой. Раздӕр-иу Паддзахады залтӕ арӕзтой регионалон арӕзтадон комитеты ӕххуысӕй кӕнӕ, мӕгуыр бӕстӕтӕн ӕххуыс кӕнынӕн нӕ организацийы цы программӕ уыд, уый ӕххуысӕй. Фӕлӕ ныр уыдоны бӕсты уыцы хъуыддагӕн ӕххуыс кӕндзӕн проектты ӕмӕ арӕзтады регионалон хайад, цӕмӕй куыст ноджы тагъддӕр цӕуа.

Алы филиалы дӕр скодтой проектты ӕмӕ арӕзтады бынӕттон хайад. Уыцы хайад йӕ хъус дары йӕ бӕстӕйы Паддзахады залтӕ ӕмӕ Конгрессты залты арӕзтадмӕ, ӕмӕ ис бынӕттон филиалы комитеты бӕрны. Ацы ивындзинад хорз уымӕй у, ӕмӕ-иу ныр алы филиал дӕр снысан кӕндзӕн, ӕххӕстрӕстӕг чи лӕггад кӕна, ахӕм аразджыты, цӕмӕй бынӕттон ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кӕной Паддзахады залтӕ ӕмӕ Конгрессты залтӕ аразынӕн.

2014 азы апрелы, кӕронмӕ арӕзт кӕнӕ цалцӕггонд чи не ’рцыд, ахӕм агъуыстытӕ уыдысты 270 фылдӕр, уыимӕ 90 тӕлмацгӕнджыты офисы, 35 Конгрессты залы ӕмӕ 130 агъуысты алыхуызон филиалты. Уымӕй уӕлдай ма хъӕуы 14 000 Паддзахады залӕй фылдӕр саразын кӕнӕ бӕстон сцалцӕг кӕнын.

Кӕд Йегъовӕйы адӕм алыхуызон ӕвзӕгтыл дзурынц ӕмӕ алыхуызон ӕгъдӕуттыл хӕст сты, уӕддӕр сӕ уый нӕ къуылымпы кӕны, цӕмӕй, йӕ сыгъдӕг номӕн кад чи хӕссы, ахӕм агъуыстытӕ иумӕ аразой. Уый нын нӕ уырнындзинад тынг фидар кӕны! Вефилы лӕггадгӕнджыты чи снысан кӕны, уыцы комитеты (ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайады) чи лӕггад кӕны, уыцы ӕфсымӕртӕй иу, Дэн Молчан, загъта: «Нырма тынг бирӕ куыст ис. Ӕмӕ ацы хъуыддаджы тыххӕй Хуыцаумӕ чи кувы ӕмӕ йӕ мысайнаг чи не ’вгъау кӕны, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй мах тынг бузныг стӕм. Стӕй тынг аргъ кӕнӕм, арӕзтадон куыстыты чи фыдӕбон кӕны, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн».

2014 АЗЫ АПРЕЛЫ, КӔРОНМӔ АРӔЗТ КӔНӔ ЦАЛЦӔГГОНД ЧИ НЕ ’РЦЫД, АХӔМ АГЪУЫСТЫТӔ УЫДЫСТЫ 270 ФЫЛДӔР, УЫИМӔ...

  • 90 тӕлмацгӕнджыты офисы

  • 35 Конгрессты залы

  • 130 агъуысты алыхуызон филиалты

Уымӕй уӕлдай ма хъӕуы 14 000 Паддзахады залӕй фылдӕр саразын кӕнӕ бӕстон сцалцӕг кӕнын.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын