ФАРОН ЦЫ АХСДЖИАГ ХАБӔРТТӔ ӔРЦЫД
Филиалтӕ снывонд кодтой
2015 азы 24 январы, сабаты, Мадагаскары филиалы ног агъуыстытӕ Йегъовӕйӕн кӕй нывонд кодтой, уый фӕдыл дзы уыд сӕрмагонд программӕ. Иу хо загъта: «Мӕ зӕрдӕ фырцинӕй мӕ риуы нӕ цӕуы». Уыцы хо ӕмӕ ма цы 583 хо ӕмӕ ӕфсымӕры ӕрбацыд, уыдон ног агъуыстытыл тынг фӕцин кодтой. Равдыстой сын, 19 къомнӕты кӕм ис, уыцы ног агъуыст, кӕй фестырдӕр кодтой, уыцы хӕрӕндон ӕмӕ, кӕй бацалцӕг кодтой, уыцы къухни. Фылдӕр бынат рахицӕн кодтой уацамындӕн дзуапдӕттӕг хайадӕн, бухгалтерийӕн ӕмӕ проектты ӕмӕ арӕзтады бынӕттон хайадӕн дӕр. Уымӕй уӕлдай ма аудио- ӕмӕ видеозаписьты ӕмӕ къухӕйамонгӕ ӕвзаджы хайӕдтӕн фӕзынд ног студитӕ. Стӕй ма райдыдтой Брайлы шрифтыл публикацитӕ мыхуыр кӕнын. Мадагаскары хъусын кӕныны хъуыддаг куыд цыд, уый тыххӕй куы радзырдтой, уӕд уый фӕстӕ та иууылдӕр ӕхсызгонӕй байхъуыстой Разамонӕг советӕй ӕфсымӕр Марк Сандерсоны раныхасмӕ.
Мадагаскары филиалы, 19 къомнӕты кӕм ис, уыцы ног агъуыст
2015 азы 14 февралы Джакартӕйы (Индонези) Йегъовӕйӕн снывонд кодтой филиалы кӕцыдӕр агъуыстытӕ. Уымӕй размӕ дзы дон раивылд, фӕлӕ уыцы бонмӕ дон ацыд, ӕмӕ Йегъовӕйы адӕм бацин кодтой. Филиал ныр ахсы, кусӕн офистӕ кӕм ис, ахӕм 42-уӕладзыгон агъуысты иу уӕладзыг, йӕ фарсмӕ цы бирӕуӕладзыгон хӕдзар ис, уым та – 12 уӕладзыджы. Уырдӕм хӕстӕг цы къаддӕр агъуыстытӕ ис, уым та сты филиалы кӕцыдӕр хайӕдтӕ. Филиалы агъуыстытӕ кӕй нывонд кодтой, уый фӕдыл Разамонӕг советӕй ӕфсымӕр Энтони Моррис радзырдта раныхас. Иннӕ бон та стадионмӕ ӕрбацыд 15 257 адӕймаджы, цӕмӕй йын йӕ раныхасмӕ «Ӕдзухдӕр хорз хъуыддӕгтӕ аразут» байхъуыстаиккой. Трансляцийы фӕрцы ма 41 ӕндӕр раны йӕ раныхасмӕ байхъуыстой 11 189 адӕймаджы. Индонезийы Йегъовӕйы адӕмӕн уымӕй стырдӕр фембӕлд никуыма уыд. Уырдӕм фыццаг цы миссионертӕ ӕрцыдысты, уыдонӕй иу, Рональд Джакӕ, загъта: «Ардӕм 1951 азы куы ’рцыдтӕн, уӕд ӕнӕхъӕн бӕстӕйы уыд ӕрмӕстдӕр 26 хъусынгӕнӕджы. Абон та сӕрмагонд программӕмӕ байхъусынмӕ ӕрбацыд 26 000 адӕймагӕй фылдӕр. Йегъовӕ Индонезийы йӕ адӕмӕн ӕцӕгдӕр раарфӕ кодта!»