Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • yb17 130–131 фф.
  • Нырмӕ кӕм уыдыстут?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Нырмӕ кӕм уыдыстут?
  • 2017 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныг
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сабырӕй ныхас кодтой мӕсты сауджынтимӕ
    Хабӕрттӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты цардӕй
  • Ӕнусты дӕргъы ӕмбӕхст чи уыд, уыцы хӕзна
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
  • Мӕхи цӕстӕй федтон, Библийы цы фыст ис, уый!
    2017 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныг
  • Ӕцӕг чырыстон уарзондзинад алкӕддӕр уыдзӕн
    2017 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныг
Фылдӕр фенын
2017 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныг
yb17 130–131 фф.

ГУЫРДЗЫСТОН

Нырмӕ кӕм уыдыстут?

Артур Герекхелиа

  • РАЙГУЫРД: 1956 аз.

  • ДОНАРГЪУЫД РАЙСТА: 1991 аз.

  • ЙӔ ХАБӔРТТӔ ЦЫБЫРТӔЙ: донаргъуыд куы райста, уымӕй аст мӕйы фӕстӕ ныууагъта йӕ хӕдзар ӕмӕ йӕ хорз бизнес, цӕмӕй лӕггад кодтаид, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кодта, уым.

Артур Герекхелиа

ДОНАРГЪУЫД куы райстон, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ мӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ бафарстой, фылдӕр лӕггад кӕнын дӕ нӕ фӕнды, зӕгъгӕ. 1992 азы 4 майы уыдтӕн, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кодта, уырдӕм ацӕуын кӕй фӕндыд, уыдонӕн цы фембӕлд уыд, уым. Дыккаг бон, цы ӕфсымӕримӕ мӕ снысан кодтой, уыимӕ ацыдыстӕм Аджарийы сӕйраг горӕт Батумимӕ.

Батумийы фыццаг хатт куы хъусын кодтон, уӕд тынг тыхстӕн. Хъуыды кодтон: «Адӕмӕн куыд хъусын кӕндзынӕн?» Фӕлӕ фыццаг цы сылгоймагимӕ сныхас кодтон, уый афтӕ куы бакӕнид: «Нырмӕ кӕм уыдыстут?» Афтӕ тынг ӕй фӕндыд Ӕвдисӕнты тыххӕй фылдӕр базонын, ӕмӕ дыккаг бон Библи ахуыр кӕнын райдыдта!

Батумимӕ ацӕуыны размӕ нӕм радтой, Библи ахуыр кӕнын кӕй фӕндыд, уыцы адӕмы адристӕ. Фӕлӕ горӕт хорз нӕ зыдтам, ӕмӕ-иу уымӕ гӕсгӕ адӕмы уынгтӕй афарстам. Уынгтӕн сӕ фылдӕры нӕмттӕ ӕрӕджы кӕй аивтой, уымӕ гӕсгӕ сӕ бирӕтӕ сӕхӕдӕг дӕр нӕ зыдтой, фӕлӕ, цы хабар хъусын кодтам, уымӕ-иу хорз байхъуыстой. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Библи ахуыр кодтам цалдӕр къордимӕ, ӕмӕ дзы алы къорды дӕр уыд 10–15 адӕймаджы.

Куы ӕрцыдыстӕм, уымӕй цыппар мӕйы йеддӕмӕ нӕма рацыд, афтӕ ӕмбырдтӕм цыди 40 адӕймагӕй фылдӕр. Уымӕ гӕсгӕ-иу хъуыды кодтам: «Цымӕ сӕм йӕ хъус чи дардзӕн?» Уый фӕстӕ Абхазийы хӕст куы райдыдта, уӕд, раздӕр цы ӕмбырды уыдтӕн, уыдон се ’ппӕт дӕр Батумимӕ алыгъдысты. Афтӕ иу бонмӕ фӕзынд, фӕлтӕрдджын хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр ӕмӕ пионертӕ дӕр кӕм уыд, ахӕм ног ӕмбырд!

Библийы ахуыры рӕстӕг
    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын