Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • yb17 6–10 фф.
  • Фарон цы ахсджиаг хабӕрттӕ ӕрцыд

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Фарон цы ахсджиаг хабӕрттӕ ӕрцыд
  • 2017 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныг
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайад ӕмӕ филиал сты ног бынаты
  • Уорвичы куыст куыд цӕуы?
    2016 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныг
  • Организаци размӕ цӕуы
    2014 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныг
  • Уорвичы куыст размӕ цӕуы
    2015 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныг
  • Уыдон уыдысты цӕттӕ – штат Нью-Йорк
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
Фылдӕр фенын
2017 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныг
yb17 6–10 фф.
Уазджытыл кӕм сӕмбӕлынц, уыцы зал ӕмӕ мӕсыг сӕйраг хайады Уорвичы (штат Нью-Йорк)

Уорвик (штат Нью-Йорк): Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайад

Фарон цы ахсджиаг хабӕрттӕ ӕрцыд

ХӔЙРӔДЖЫ дунейы иу бӕллӕх иннӕйы фӕдыл цӕуы, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ та дарддӕр дӕр «бирӕ фыдӕбон кӕнынц Хицауы хъуыддаджы» (1 Кор. 15:58). Дӕлдӕр цы хабӕртты кой ис, уыдонӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕнӕхъӕн дунейы дӕр сӕ зӕрдӕ сӕ Хуыцауыл кӕй дарынц, хорздзинад кӕй аразынц ӕмӕ иузӕрдионӕй кӕй архайынц (Пс. 37:3).

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайад ӕмӕ филиал сты ног бынаты

Уолкиллы, Нью-Йорчы, ног агъуыстытӕ арӕзт фесты 2016 азы 1 февралы, ӕмӕ Иугонд Штатты Филиалы комитет, уацамындӕн дзуапдӕттӕг хайад ӕмӕ Иугонд Штатты филиалы иннӕ хайӕдтӕ уырдӕм ахастой. Уорвичы ног сӕйраг хайады куыстытӕ кӕронмӕ куы фӕцӕйхӕццӕ кодтой, уӕд Бруклины Вефилы бинонты хъуыд иу стыр хъуыддаг саразын – хъуамӕ Нью-Йоркӕй сыстадаиккой ӕмӕ сӕ ног бынатмӕ ацыдаиккой.

Америкӕйы Иугонд Штатты Вефилы бӕстыхӕйттӕ; Уолкиллы бӕстыхӕйттӕ, Уорвикы бӕстыхӕйттӕ ӕмӕ, йӕ кӕрты цы мӕсыг ис, уый картӕйыл

2017 азы 3 апрелы, къуырисӕры, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайады Уорвичы цӕуын райдайдзысты экскурситӕ. Ӕртӕ дзы сты выставкӕтӕ, ӕмӕ сӕ адӕймагӕн йӕ бон уыдзӕн фенын ӕнӕ экскурсоводӕй, иу экскурси та кӕндзӕн экскурсовод.

  1. «Библи ӕмӕ Хуыцауы ном». Ацы выставкӕйы фенӕн ис, арӕх чи не сты, ахӕм Библитӕ, стӕй бӕлвырдгӕнӕнтӕ, Хуыцауы ном Фыстады алкӕддӕр кӕй уыд, уымӕн.

  2. «Йегъовӕйы ном чи хӕссы, уыцы адӕм». Ацы выставкӕ у Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты историйы тыххӕй. Базонӕн дзы ис, Йегъовӕ йӕ адӕмӕн разамынд куыд лӕвӕрдта, куыд сӕ ахуыр кодта ӕмӕ йын йӕ ном чи хӕссы, ахӕм адӕм сӕ куыд скодта, цӕмӕй йын йӕ фӕндон ӕххӕст кодтаиккой.

  3. «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайад: уырнындзинад бӕрӕг у хъуыддагӕй». Выставкӕйы базонӕн уыдзӕн, Разамонӕг советы комитеттӕ Йегъовӕйы адӕмӕн куыд ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй иумӕ ӕмбырд кӕной, ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕной, уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринагӕй сӕхи цух ма уадзой ӕмӕ, кӕрӕдзи кӕй уарзынц, уый хъуыддагӕй ӕвдисой.

Ацы экскурситӕ ӕнӕ экскурсоводӕй уыдзысты къуырисӕрӕй майрӕмбонмӕ 8.00–16.00 сахатмӕ. Уыцы бонты ма дзы 8.00–11.00 сахатмӕ ӕмӕ 13.00–16.00 сахатмӕ уыдзӕн 20-минутон экскурси экскурсоводимӕ. Экскурсийы рӕстӕг фенӕн уыдзӕн, офистӕ кӕм сты, уыцы агъуыст, стӕй Вефилы территори.

Экскурсимӕ ацӕуыны размӕ уал нӕ сайтмӕ бацу.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын