Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mrt 15 статья
  • Хӕдзарӕй ӕддӕмӕ цӕуӕн куы нӕ уа

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хӕдзарӕй ӕддӕмӕ цӕуӕн куы нӕ уа
  • Ӕндӕр темӕтӕ
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Хуыцаумӕ ӕввахс кӕн
  • Библийы кӕс, ныфс дӕ чи бауадздзӕн, ахӕм ныхӕстӕ
  • Базон, дунейы ӕвзӕр хабӕрттӕ цӕмӕн цӕуы
  • Ӕгӕр ма мӕт кӕн
  • Де ’мбӕлттимӕ ныхас кӕн
  • Де уӕнгтӕ-иу айваз
  • Ацы уазал дунейы нӕ хӕлардзинад фидар цӕй фӕрцы уыдзӕн?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
  • Уе ’ппӕт сагъӕстӕ дӕр Йегъовӕйы бар бакӕнут
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2016
  • Хорз ӕмбӕлттӕ ӕвзар
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
  • Библи цы дзуры?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2017
Фылдӕр фенын
Ӕндӕр темӕтӕ
mrt 15 статья
Сылгоймаг йӕ хӕдзары рудзынгӕй кӕсы.

Хӕдзарӕй ӕддӕмӕ цӕуӕн куы нӕ уа

Хӕдзарӕй дын ӕддӕмӕ цӕуӕн кӕй нӕй, уый тыххӕй, мыййаг, дӕхимӕ иунӕг кӕсыс? Кӕд о, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, дӕумӕ дӕр вӕййы, иу адӕймагмӕ цы ӕнкъарӕнтӕ уыд, ахӕм ӕнкъарӕнтӕ. Уый загъта: «Хӕдзары сӕр иунӕгӕй чи бады, ахӕм цъиуы хуызӕн сдӕн» (Псалом 102:7). Библийы уынаффӕтӕ дын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй ахӕм уавӕры дӕхимӕ ма ныхъхъусай.

  • Хуыцаумӕ ӕввахс кӕн

  • Библийы кӕс, ныфс дӕ чи бауадздзӕн, ахӕм ныхӕстӕ

  • Базон, дунейы ӕвзӕр хабӕрттӕ цӕмӕн цӕуы

  • Ӕгӕр ма мӕт кӕн

  • Де ’мбӕлттимӕ ныхас кӕн

  • Де уӕнгтӕ-иу айваз

Хуыцаумӕ ӕввахс кӕн

Кӕд дын хӕдзарӕй ӕддӕмӕ цӕуӕн нӕй, уӕд дӕр уый гӕнӕн ис, ӕмӕ цардӕй райгонд уай. Уый дӕ къухы бафтдзӕн, адӕймаг Хуыцауы кӕй хъуамӕ зона, уый куы ’мбарай ӕмӕ йӕ базоныныл куы архайай, уӕд (Матфейы 5:3, 6). Уыцы хъуыддаджы дын баххуыс кӕндзӕн ацы ӕрмӕг.

  • Библи онлайн (раст ӕмӕ ӕнцонкӕсӕн тӕлмац).

  • Цыбыр видеороликтӕ Библийы сӕйраг ахуырӕдты фӕдыл.

  • «Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ». Арӕхдӕр кӕй фӕдӕттынц, уыцы фарстатӕн бӕлвырд дзуаппытӕ.

  • «Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут». Библийы кӕй кой цӕуы, уыцы иузӕрдион нӕлгоймӕгты ӕмӕ сылгоймӕгты хабӕрттӕ.

Библийы кӕс, ныфс дӕ чи бауадздзӕн, ахӕм ныхӕстӕ

Дӕлдӕр цы стихтӕ ис, уыдон бирӕты ныфс бауагътой. Ӕнӕмӕнг нӕу, ӕмӕ сӕ иууылдӕр иу хаттӕн бакӕсай. Цалынмӕ дын хӕдзарӕй ӕддӕмӕ цӕуӕн нӕй, уӕдмӕ дын рӕстӕг ис, цӕмӕй-иу дзы алкӕцыйыл дӕр лӕмбынӕг ахъуыды кӕнай, стӕй-иу Хуыцаумӕ скувай ӕмӕ-иу ууыл йемӕ аныхас кӕнай (Марчы 1:35).

  • Псалом 23:1–6

  • Псалом 34:1–22

  • Псалом 46:1–11

  • Псалом 63:6–8

  • Псалом 91:1–6

  • Матфейы 6:25–34

  • 2 Коринфӕгтӕм 1:3, 4

  • Филиппӕгтӕм 4:6, 7

  • 1 Петры 5:6, 7

Базон, дунейы ӕвзӕр хабӕрттӕ цӕмӕн цӕуы

Ӕвзӕр хабӕрттӕ цӕмӕн цӕуы, стӕй сын Хуыцау кӕрон куыд скӕндзӕн ӕмӕ, уыдӕттӕ цы зиан ӕрхастой, уый куыд сраст кӕндзӕн, уый куы зонай, уӕд дын ӕнцондӕр уыдзӕн цыфӕнды зындзинад дӕр сфӕразын (Исай 65:17).

  • Хуыцау адӕмы хъизӕмӕрттӕн кӕрон цӕуылнӕ скӕны?

  • «Фӕстаг бонты» кӕй цӕрӕм, уый цавӕр хабӕрттӕй у бӕрӕг?

  • Раргомады чиныджы цы цыппар барӕджы кой цӕуы, уыдон чи сты?

  • Хуыцауы Паддзахад цы сараздзӕн?

Ӕгӕр ма мӕт кӕн

Хӕдзарӕй дын ӕддӕмӕ цӕуӕн кӕй нӕй, уый тыххӕй кӕд тыхсыс, уӕд дын, дӕлдӕр цы статьятӕ ис, уыдон баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй «мауал мӕт» кӕнай (Матфейы 6:25).

  • Мӕ бон куыд у ӕвзӕр хъуыдытимӕ тох кӕнын?

  • Библи дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕгӕр ма мӕт кӕнай.

  • Истӕмӕй куы тӕрсӕм.

  • Ӕхцахъуаг куы ӕййафӕм.

  • Ӕрыгӕттӕ цӕуыл фӕмӕт кӕнынц?

Де ’мбӕлттимӕ ныхас кӕн

Ӕмбӕлттӕ адӕймагӕн ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй йӕхимӕ ма ныхъхъуса ӕмӕ йын цӕмӕй цард циндзинад хӕсса. Ӕмбӕлттимӕ ныхас кӕнын уӕлдай ахсджиаг у, семӕ лӕгӕй-лӕгӕй фембӕлыны фадат куы нӕ уа, уӕд. Кӕд дын хӕдзарӕй ӕддӕмӕ цӕуӕн нӕй, уӕд-иу де ’мбӕлттимӕ видеоконференцийы фӕрцы кӕнӕ телефонӕй аныхас кӕн, цӕмӕй кӕрӕдзийӕ ма адард уат. Стӕй-иу уыцы мадзӕлтты фӕрцы дӕхицӕн ног ӕмбӕлттӕ скӕныныл дӕр архай. Дӕлдӕр цы видеоролик ӕмӕ статьятӕ ис, уыдон дын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй хорз ӕмбӕлттӕ ссарай ӕмӕ дӕхӕдӕг дӕр иннӕтӕн «ӕцӕг ӕмбал» уай (Ӕмбисӕндтӕ 17:17).

  • Ӕцӕг ӕмбал кӕй ис схонӕн?

  • Мӕхицӕн фылдӕр ӕмбӕлттӕ скӕнон ӕви нӕ?

  • Афтӕ дӕм куы кӕса, ӕмӕ дын ӕмбӕлттӕ нӕй.

  • Иннӕтӕн хорздзинад араз ӕмӕ сын афтӕмӕй хорз ӕмбал у.

Де уӕнгтӕ-иу айваз

Библийы фыст ис, «уӕнгтӕ фидар кӕнынӕй» иу гыццыл пайда кӕй ис (1 Тимофеймӕ 4:8). Де уӕнгтӕ фидар кӕныныл куы архайай, уӕд хъӕлдзӕгдӕр уыдзынӕ, уӕлдайдӕр та дын кӕд хӕдзарӕй ӕддӕмӕ цӕуӕн нӕй, уӕд. Хӕдзары уӕвгӕйӕ дӕр адӕймагӕн бирӕ фадӕттӕ вӕййы, цӕмӕй-иу йе уӕнгтӕ айваза.

  • Спорт куыд бауарзон?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын