Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mrt 57 статья
  • Чырыстийы нывонд цы пайда хӕссы?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Чырыстийы нывонд цы пайда хӕссы?
  • Ӕндӕр темӕтӕ
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Библи ахуыр кӕнын
  • Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕ
  • Статьятӕ ӕмӕ видеотӕ нӕ сайты
  • Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕм цӕуын дын цы пайда уыдзӕн?
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
  • Ӕмбырдтӕм цӕуынмӕ нӕ цы разӕнгард кӕны?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2019
  • Архайӕм арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕныныл. Иннӕты ахуыр кӕнгӕйӕ пайда кӕнӕм видеороликтӕй
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2016
  • Чи у Йесо Чырысти?
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
Фылдӕр фенын
Ӕндӕр темӕтӕ
mrt 57 статья
Чырысти фӕхӕссы, кӕуыл ӕй хъуамӕ байтындзой, уыцы хъӕд

Чырыстийы нывонд цы пайда хӕссы?

Алы аз дӕр ӕгас дунейы дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕмӕ, кӕй фӕхонынц, уыдонӕй милуантӕ ӕрӕмбырд вӕййынц, цӕмӕй Йесо Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр сбӕрӕг кӕной, йӕхӕдӕг куыд бафӕдзӕхста, афтӕ (Лукайы 22:19). Ӕрымысӕн изӕр нын нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕны, Йесо адӕмы тыххӕй йӕ цард кӕй радта, уый тынг ахсджиаг кӕй у. Стӕй ма нын нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕны, уый нын цы пайда хӕссы абон дӕр ӕмӕ нын фидӕны дӕр цы пайда ӕрхӕсдзӕн, уый (Иоанны 3:16).

Ацы аз Ӕрымысӕн изӕры уыдтӕ ӕви нӕ, уӕддӕр уый гӕнӕн ис, ӕмӕ дын Чырыстийы нывонд пайда хӕсса. Чырысти бамбарын кодта, уый тыххӕй нӕ кӕй хъӕуы дыууӕ хъуыддаджы аразын.

  1. 1. Хуыцауы ӕмӕ Йесо Чырыстийы тыххӕй базон. Йесо йӕ уӕларвон Фыдмӕ куы куывта, уӕд загъта: «Цӕмӕй адӕймаг ӕнустӕм цӕра, уый тыххӕй хъуамӕ базона дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ ды кӕй рарвыстай, уыцы Йесо Чырыстийы» (Иоанны 17:3).

  2. 2. Цы базыдтай, уымӕ гӕсгӕ цӕр. Йесо бамбарын кодта, цӕуыл ахуыр кодта, уымӕ гӕсгӕ кӕй хъуамӕ цӕрӕм. Зӕгъӕм, адӕмы хохыл куы ахуыр кодта, уӕд йӕ ныхасы кӕрон раппӕлыд, йӕ «ныхӕстӕм ын чи хъусы ӕмӕ сӕ чи ӕххӕст кӕны», уыдонӕй (Лукайы 6:46–48). Ӕндӕр хатт та загъта: «Кӕд уый зонут ӕмӕ афтӕ кӕнут, уӕд амондджын стут» (Иоанны 13:17).

Фӕнды дӕ фылдӕр базонын Хуыцауы ӕмӕ Йесо Чырыстийы тыххӕй? Стӕй, цы базыдтай, уымӕ гӕсгӕ куыд архайӕн ис, уый? Уымӕн дын баххуыс кӕндзӕн цалдӕр хъуыддаджы.

Библи ахуыр кӕнын

Бирӕтӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи лӕвар ахуыр кӕнынц. Уый фӕрцы Библи хуыздӕр базыдтой ӕмӕ дзы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ цӕрынц.

  • Ацы фарсыл дӕ бон у фылдӕр базонын Библи ахуыр кӕныны тыххӕй.

  • Бакӕс видеороликмӕ «Ӕгас цу Библийы ахуырмӕ» ӕмӕ базон, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ адӕмимӕ Библи куыд фӕахуыр кӕнынц, уый.

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕ

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ӕмбырдтӕ вӕййы къуыри дыууӕ хатты. Кӕм фембырд кӕнынц, уыцы бынӕттӕ хуыйнынц Паддзахады залтӕ. Ӕмбырдты фӕныхас кӕнӕм Библийыл ӕмӕ, йӕ ахуырӕдтӕм гӕсгӕ куыд цӕрӕн ис, ууыл.

Ӕмбырдтӕм кӕйфӕнды бон дӕр у цӕуын. Цӕмӕй ӕмбырдтӕм цӕуай, уый тыххӕй ӕнӕмӕнг нӕу, ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕн уай. Кӕмдӕрты ӕмбырдтӕм байхъусӕн ис видеоконференцийы уылты дӕр.

  • Бакӕс видеороликмӕ «Паддзахады залы цы вӕййы?», цӕмӕй базонай, ӕмбырдтӕ куыд фӕцӕуынц, уый.

  • Кӕм цӕрыс, уым дӕм хӕстӕгдӕр цы ӕмбырд ис, уый дӕ бон у ссарын, сайты «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕ» фыст кӕм ис, уым.

Статьятӕ ӕмӕ видеотӕ нӕ сайты

Чырыстийы ахуырӕдты тыххӕй ӕмӕ йӕ цард нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый нын цы пайда хӕссы, уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис, нӕ сайты цы статьятӕ ӕмӕ видеотӕ ис, уыдонӕй.

Зӕгъӕм, иу адӕймаджы мӕлӕт милуантӕн цы пайда хӕссы, уый базоныны тыххӕй бакӕс статьятӕ «Чырысти Ирвӕзынгӕнӕг цы хуызы у?» ӕмӕ «Чырысти цӕмӕн фӕхъизӕмар кодта ӕмӕ цӕмӕн амард?» кӕнӕ бакӕс видеороликмӕ «Йесо Чырысти цӕмӕн амард?».

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын