Anton Petrus/Moment via Getty Images
МА БАФЫНӔЙ УТ!
Дунеон хӕст та уыдзӕн? Библийы цы фыст ис?
Бирӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ, фӕстаг 30 азы дӕргъы алыхуызон бӕстӕтӕ кӕрӕдзиимӕ фидыдтой ӕмӕ, се ’хсӕн цы бастдзинӕдтӕ уыд, уыдон ма хуыздӕр дӕр фесты. Фӕлӕ фӕстаг хабӕрттӕм кӕсгӕйӕ афтӕ нал хъуыды кӕнынц.
«Адӕм тӕрсынц, Газӕйы цы хӕст цӕуы, уый уыцы ранмӕ хӕстӕгдӕр бӕстӕтӕм дӕр куы анхъӕвза, Израил ӕмӕ „Хезболла“ Ливаны арӕныл хӕцын кӕй райдыдтой, уый тыххӕй» (Reuters, 2024 аз, 6 январь).
«Ираны дӕлбар чи сты, уыцы хӕстон къордтӕ алы рӕттӕм ӕхсынц. Ӕнӕнхъӕлӕджы Иран ногӕй ядерон хӕцӕнгарз уадзын райдыдта. Уымӕй уӕлдай ма Уӕрӕсе ӕмӕ Китай ныр сты Ираны фарс. Ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй та ныгуылӕн бӕстӕты ӕдасдзинадӕн ногӕй тӕссаг у» (The New York Times, 2024 аз, 7 январь).
«Уӕрӕсе дарддӕр Украинӕ пырх кӕны» (UN News, 2024 аз, 11 январь).
«Китайы экономикӕйы уавӕр хуыздӕр кӕй кӕны, йе ’фсад та тыхджындӕр, Тайвань хӕдбардзинадмӕ кӕй тырны ӕмӕ Китай ӕмӕ Америкӕйы Иугонд Штаттӕ кӕрӕдзийы ныхмӕ кӕй систы, уый тыххӕй тынг тӕссаг у, хӕст куы райдайа, уымӕй» (The Japan Times, 2024 аз, 9 январь).
Абон дунейы цытӕ цӕуы, уый тыххӕй Библийы исты фыст ис? Дунеон хӕст та уыдзӕн?
Абон цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдоны тыххӕй Библийы раджы ӕрцыд фыст
Абон цы хӕстытӕ цӕуы, уыдонӕй бӕлвырд никӕцы хӕсты тыххӕй ис фыст Библийы. Фӕлӕ дзы фыст ис, нӕ рӕстӕджы бирӕ хӕстытӕ кӕй цӕудзӕн, ӕмӕ «зӕххыл сабырдзинад» кӕй нал уыдзӕн (Раргомад 6:4).
Библийы фыст ис, «кӕроны рӕстӕг» дунейы тыхджындӕр паддзахӕдтӕ кӕрӕдзиимӕ кӕй «схӕцдзысты», уымӕн ӕмӕ сӕ алкӕй дӕр фӕнддзӕн, цӕмӕй дунейы ӕппӕты хъомысджындӕр паддзахад уа. Алчидӕр сӕ ӕвдисдзӕн, куыд тыхджын у ӕмӕ йӕм цас хӕцӕнгарз ис, уый ӕмӕ бирӕ «хӕзнатӕ», ома бирӕ ӕхца, хардз кӕндзысты (Данелы 11:40, 42, 43).
Тагъд уыдзӕн, алцыдӕр чи аивдзӕн, уыцы хӕст
Библийӕ базонӕн ис, дунейы уавӕр фыддӕрӕй-фыддӕр кӕй кӕндзӕн, фӕлӕ уый фӕстӕ алцыдӕр кӕй аивдзӕн. Йесо Чырысти загъта: «Уӕд уыдзӕн, дунейы фӕзындӕй нырмӕ чи никуыма уыди, ахӕм стыр бӕллӕх» (Матфейы 24:21). «Стыр бӕллӕх» фӕуыдзӕн Армагеддоны хӕстӕй. Уый у, «Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы стыр боны чи уыдзӕн, уыцы хӕст» (Раргомад 16:14, 16).
Армагеддоны хӕст адӕмӕн ӕрхӕсдзӕн ирвӕзындзинад. Уыцы хӕсты фӕрцы Хуыцау зӕххон хицӕуттӕн кӕрон скӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ уыдоны аххосӕй бирӕ хӕстытӕ ӕрцыд ӕмӕ дзы бирӕ туг ныккалд. Армагеддоны фӕстӕ зӕххыл сабыр цард скӕндзӕн. Уый тыххӕй фылдӕр базондзынӕ ацы статьятӕй: