Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • ijwbq 25 статья
  • Зӕххыл сабыр цард чи скӕндзӕн?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Зӕххыл сабыр цард чи скӕндзӕн?
  • Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
  • Сӕргӕндтӕ
  • Дзуапп Библийӕ
Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
ijwbq 25 статья
Адӕм алыхуызон адӕмыхӕттытӕй

Зӕххыл сабыр цард чи скӕндзӕн?

Дзуапп Библийӕ

Зӕххыл сабыр цард адӕм сӕхӕдӕг никуы скӕндзысты. Уый сараздзӕн Хуыцауы Паддзахад. Уый у уӕларвон хицауад ӕмӕ йӕ сӕргъы ис Йесо Чырысти. Дӕ хъус-ма ӕрдар, уыцы диссаджы ныфсы тыххӕй Библийы цы фыст ис, уымӕ.

  1. Хуыцау «зӕххы кӕрӕтты онг... бауромдзӕн хӕстытӕ» ӕмӕ афтӕмӕй сӕххӕст кӕндзӕн, зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый – «зӕххыл... йӕ хорзӕх кӕй ис, уыцы адӕмы ’хсӕн [уыдзӕн] фарн!» (Псалом 46:9; Лукайы 2:14).

  2. Хуыцауы Паддзахадӕн, ома уӕларвон хицауадӕн, йӕ бар цӕудзӕн ӕгас зӕххыл дӕр (Данел 7:14). Уӕдӕ ӕгас дунейӕн уыдзӕн иу хицауад, ӕмӕ адӕмы ’хсӕн быцӕутӕ ӕмӕ хӕстытӕ нал уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ иу адӕм иннӕмӕй йӕхи уӕлдӕр нал ӕвӕрдзӕн.

  3. Хуыцауы Паддзахады Паддзахы, Чырыстийы, Библи хоны «Фарны кънйаз». Уый зӕхмӕ ӕрхӕсдзӕн «ӕгӕрон фарн», кӕнӕ сабырдзинад (Исай 9:6, 7).

  4. Хӕстмондаг адӕм Хуыцауы Паддзахады дӕлбар нӕ цӕрдзысты, уымӕн ӕмӕ, «фыддзинад чи уарзы, уымӕй... [Хуыцау] йе сӕфт уыны» (Псалом 11:5; Ӕмбисӕндтӕ 2:22).

  5. Хуыцау йӕ адӕмы ахуыр кӕны кӕрӕдзиимӕ хӕларӕй ӕмӕ фӕрнӕй цӕрыныл. Уыцы ахуырад цы пайда хӕссы, уый тыххӕй Библийы фыст ис: «Уыдон сӕ хъаматӕй сараздзысты гутӕттӕ, сӕ ӕрцытӕй – ӕхсӕдӕн хӕсгӕрдтӕ. Иу адӕм иннӕ адӕммӕ хъама нал сисдзӕн ӕмӕ хӕцын дӕр нал ахуыр кӕндзысты» (Исай 2:3, 4).

Ӕнӕхъӕн дунейы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сты милуантӕ, ӕмӕ сын Хуыцау амоны, фарнмӕ тырнын ӕмӕ иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрын куыд хъӕуы, уый (Матфейы 5:9). Кӕд алы адӕмыхӕттытӕй сты ӕмӕ 230 бӕстӕйӕ фылдӕры цӕрынц, уӕддӕр сӕ къухмӕ хӕцӕнгарз нӕ исынц ӕмӕ никӕимӕ хӕцынц.

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ныридӕгӕн дӕр ахуыр кӕнынц фӕрнӕй цӕрыныл

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын