Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • ijwbq 26 статья
  • Хуыцаумӕ куы кувон, уӕд мын баххуыс кӕндзӕн?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хуыцаумӕ куы кувон, уӕд мын баххуыс кӕндзӕн?
  • Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Дзуапп Библийӕ
  • Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕ хъусы?
    Хуыцаумӕ хъус, ӕмӕ ӕнустӕм цӕрай
  • Хуыцау нын нӕ куывдтытӕм фӕхъусы?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2021
  • Хуыцаумӕ кӕй кувӕм, уый фӕрцы йӕм ӕввахс кӕнӕм
    Хуыцау нӕ цы домы?
  • Нӕ бон у Хуыцаумӕ кувын!
    Нӕ бон цы у Библийӕ базонын?
Фылдӕр фенын
Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
ijwbq 26 статья

Хуыцаумӕ куы кувон, уӕд мын баххуыс кӕндзӕн?

Дзуапп Библийӕ

Хуыцау ӕххуыс кӕны, йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ ӕмӕ йӕм зӕрдӕбынӕй чи кувы, уыдонӕн. Кӕд Хуыцаумӕ никуы куывтай, уӕд дӕ ныфс бауадздзысты, Хуыцауӕй ӕххуыс чи куырдта, уыцы адӕмы цӕвиттонтӕ Библийӕ. Зӕгъӕм:

  • «Баххуыс мын кӕн, о Йегъовӕ, мӕ Хуыцау, фервӕзын мӕ кӕн де ’нувыд уарзтмӕ гӕсгӕ» (Псалом 109:26).

  • «Фехъус мӕ, о Йегъовӕ, ӕмӕ мын дӕ хорзӕх ратт. О Йегъовӕ, ӕххуысгӕнӕг мын у» (Псалом 30:10).

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ацы ныхӕстӕ чи ныффыста, уыцы адӕймаг Хуыцауыл тынг ӕууӕндыд. Фӕлӕ Хуыцау хъусы, «зӕрдӕсаст» кӕнӕ «ныфссаст чи у», ахӕм сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы куывдтытӕ дӕр (Псалом 34:18).

Афтӕ ма хъуыды кӕн, ӕмӕ Хуыцау махӕй тынг дард у ӕмӕ ныл ӕппындӕр нӕ тыхсы. Библийы фыст ис: «Йегъовӕ бады бӕрзондыл, фӕлӕ сӕрныллӕг адӕймаджы уыны, сӕрбӕрзонд чи у, уыимӕ та йын иумӕйагӕй ницы ис» (Псалом 138:6). Чырысти та иухатт йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Сымахӕн... уӕ сӕрыхъуынтӕ дӕр иууылдӕр нымад сты» (Матфейы 10:30). Хуыцау дӕу тыххӕй зоны, дӕхӕдӕг дӕхи тыххӕй кӕй нӕ зоныс, суанг ахӕм лыстӕг хабӕрттӕ дӕр. Уӕдӕ истӕуыл куы тыхсай ӕмӕ йӕм куы кувай, уӕд дӕ куыннӕ хъумӕ фехъуса! (1 Петры 5:7)

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын