Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • ijwbq 41 статья
  • Туг уадзыны тыххӕй Библи цы дзуры?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Туг уадзыны тыххӕй Библи цы дзуры?
  • Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Дзуапп Библийӕ
  • Цардмӕ Хуыцауы цӕстӕй кӕс
    Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?
  • Цард зынаргъ лӕвар у — аргъ ын кӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2004
Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
ijwbq 41 статья

Туг уадзыны тыххӕй Библи цы дзуры?

Дзуапп Библийӕ

Библи нӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй нӕхи тугӕй хизӕм. Уӕдӕ туг дӕр ӕмӕ йӕ хӕйттӕ дӕр нӕй буармӕ уадзӕн нӕдӕр хӕринаджы уылты, нӕдӕр тугдадзинты уылты. Дӕ хъус-ма ӕрдар мӕнӕ ацы стихтӕм Библийӕ:

  • Райдиан 9:4. Доны хъаймӕты фӕстӕ Хуыцау Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕн цӕрӕгойты дзидза хӕрыны бар радта, фӕлӕ сын загъта, цӕмӕй сын сӕ туг ма хӕрой. Хуыцау Нойӕн загъта: «Ӕрмӕст ма хӕрут, йӕ уд, ома йӕ туг, йӕ мидӕг кӕмӕн ис, ахӕм дзидза». Ацы фӕдзӕхст хауы адӕммӕ се ’ппӕтмӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ иууылдӕр Нойы байзӕддӕгтӕ сты.

  • Левит 17:14. «Зӕххыл цыдӕриддӕр змӕлӕг ис, уыдонӕй макӕцыйы туг хӕрут, уымӕн ӕмӕ, зӕххыл цыдӕриддӕр змӕлӕг ис, уыдонӕн сӕ уд сӕ туг у. Туг чи хӕра, уый сӕфт ӕрцӕудзӕн». Хуыцауы цӕсты уд, ома цард, туджы ис, ӕмӕ йыл уый йеддӕмӕ ӕндӕр никӕй бар цӕуы. Кӕд уыцы закъон Хуыцау ӕрмӕстдӕр Израилы адӕмӕн радта, уӕддӕр уымӕй бӕрӕг у, уыцы хъуыддагмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕй нӕ кӕсы.

  • Хъуыддӕгтӕ 15:20. «Уӕхи хизут... тугӕй». Хуыцау Нойы куыд бафӕдзӕхста, афтӕ чырыстӕтты дӕр бафӕдзӕхста, цӕмӕй сӕхи тугӕй хизой. Историйӕ куыд зыны, афтӕмӕй фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕ сӕхи тугӕй хызтой, сӕхи-иу куы дзӕбӕх кодтой, уӕд дӕр.

Хуыцау нӕ цӕмӕн фӕдзӕхсы, цӕмӕй нӕхи тугӕй хизӕм?

Уымӕн ӕмӕ медицинӕмӕ гӕсгӕ туг уадзын адӕймаджы ӕнӕниздзинадӕн тӕссаг у. Уымӕй сӕйрагдӕр та уый у, ӕмӕ нын Хуыцау бафӕдзӕхста, цӕмӕй нӕхи тугӕй хизӕм, уымӕн ӕмӕ туг амоны, йӕ цӕсты табуйаг цы у, уымӕ (Левит 17:11; Колоссӕгтӕм 1:20).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын