Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • ijwbq 52 статья
  • Адӕймаг цӕмӕн цӕры?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Адӕймаг цӕмӕн цӕры?
  • Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Дзуапп Библийӕ
  • Хуыцаумӕ адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис?
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
  • 1-аг фарста. Цӕмӕн цӕрын?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
  • Дӕ бон у, ӕмӕ Йегъовӕйы хӕлар уай
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
  • Дӕ цард афтӕ араз, райгонд дзы куыд уай
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2007
Фылдӕр фенын
Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
ijwbq 52 статья

Адӕймаг цӕмӕн цӕры?

Дзуапп Библийӕ

Адӕймагмӕ арӕх фӕзыны ахӕм фарста, цӕмӕн цӕрын, зӕгъгӕ. Библийӕ куыд зыны, афтӕмӕй адӕймаг уый тыххӕй цӕры, цӕмӕй Хуыцаумӕ ӕввахс кӕна ӕмӕ йе ’мбал суа. Ӕркӕс-ма Библийы ахсджиаг ахуырӕдтӕй цалдӕрмӕ.

  • Хуыцау у не Сфӕлдисӕг. Библи зӕгъы: «[Хуыцау] нӕ сфӕлдыста, мах нӕхӕдӕг не сфӕлдыстам нӕхи» (Псалом 100:3; Раргомад 4:11).

  • Хуыцаумӕ ис бӕлвырд фӕнд, цыдӕриддӕр ӕмӕ кӕйдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдоны тыххӕй (Исай 45:18).

  • Хуыцау нӕ афтӕ сфӕлдыста, цӕмӕй ӕмбарӕм, ӕнӕ уымӕй «цӕрӕн кӕй нӕй, уый». Стӕй афтӕ конд стӕм, ӕмӕ нӕ фӕфӕнды базонын, адӕймаг цӕмӕн цӕры, уый (Матфейы 5:3). Ӕмӕ Хуыцауы дӕр фӕнды, цӕмӕй уыцы хабӕрттӕ ӕмбарӕм (Псалом 145:16).

  • Ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый бамбарӕм, йӕ хӕлӕрттӕ куы свӕййӕм, уӕд. Чи зоны, исчи зӕгъа, адӕймаг Хуыцауы хӕлар суа, уый гӕнӕн нӕй, зӕгъгӕ. Фӕлӕ нӕ Библи разӕнгард кӕны: «Баввахс ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕм уый дӕр ӕрбаввахс уыдзӕн» (Иаковы 4:8; 2:23).

  • Цӕмӕй Хуыцауы хӕлар уай, уый тыххӕй хъуамӕ дӕ цард аразай, мах тыххӕй йӕм цы фӕнд ис, уымӕ гӕсгӕ. Хуыцаумӕ цы фӕнд ис, уый тыххӕй Екклесиасты 12:13 стихы фыст ис: «Тӕрс ӕцӕг Хуыцауӕй ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕн, уымӕн ӕмӕ уый у адӕймагӕн йӕ хӕс».

  • Фидӕны Хуыцау хъизӕмӕрттӕн кӕрон скӕндзӕн ӕмӕ йӕ хӕлӕрттӕн, ома йын чи лӕггад кӕны, уыдонӕн, ӕнусон цард ратдзӕн. Ӕмӕ уӕд нӕхи цӕстӕй фендзыстӕм, Хуыцау йӕ фӕнд куыд сӕххӕст кӕндзӕн, уый (Псалом 37:10, 11).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын