Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ахуырӕдтӕй иуӕй-иутӕ цӕмӕн фӕивтой?
Цӕуыл ӕууӕндӕм, уыдӕттӕн сӕ бындур алкӕддӕр уыди Библи. Ӕмӕ Библийӕ исты хуыздӕр куы бамбарӕм, уӕд уый фӕзыны нӕ ахуырӕдтыл дӕрa.
Ахӕм ивындзинӕдтӕ кӕй ӕрцӕуы, уый раст у, Ӕмбисӕндты 4:18 стихы цы уагӕвӕрд ис, уымӕ гӕсгӕ: «Рӕстгӕнджыты фӕндаг у хуры рухсы хуызӕн – уыцы рухс кӕны тынгӕй-тынгдӕр, цалынмӕ хур йӕ тӕмӕны нӕ бацӕуы, уӕдмӕ». Хур сындӕггай куыд скӕсы ӕмӕ сабыргай алцыдӕр куыд разыны, афтӕ нын Хуыцау дӕр йӕ афоныл рӕстдзинад сабыргай ӕргом кӕны (1 Петры 1:10–12). Библийы куыд загъд уыд, афтӕмӕй «кӕроны рӕстӕджы» Хуыцау уыцы хъуыддаг фӕтагъддӕр кодта (Данел 12:4).
Библийӕ цавӕрдӕр хабӕрттӕ куыд фембарӕм, уым цыдӕртӕ кӕй фӕивы, уый нӕм хъуамӕ диссаг ма кӕса. Хуыцауы рагон лӕггадгӕнджытӕ дӕр-иу хатт раст хъуыдыйыл хӕст нӕ уыдысты ӕмӕ-иу сӕ ныфс цӕуылдӕрты дзӕгъӕлы дардтой. Уымӕ гӕсгӕ-иу сӕ хъуыди сӕ хъуыды фӕивын.
Моисей хъавыд Израилы адӕмы ссӕрибар кӕнынмӕ, Йегъовӕ уымӕн цы рӕстӕг снысан кодта, уымӕ ма 40 азы куы хъуыди, уӕд (Хъуыддӕгтӕ 7:23–25, 30, 35).
Апостолтӕ не ’мбӕрстой Мессийӕйы мӕлӕты ӕмӕ райгасдзинады тыххӕй пехуымпарӕдтӕ (Исай 53:8–12; Матфейы 16:21–23).
Фыццаг чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ, «Йегъовӕйы бон» кӕд ӕрцӕудзӕн, уый фӕдыл раст хъуыдыйыл хӕст нӕ уыдысты (2 Фессалоникӕгтӕм 2:1, 2).
Фӕстӕдӕр сын Хуыцау баххуыс кодта, цы не ’мбӕрстой, уыдӕттӕ бамбарынӕн, ӕмӕ мах кувӕм, цӕмӕй махӕн дӕр ацы хъуыддаджы дарддӕр дӕр ӕххуыс кӕна (Иаковы 1:5).
a Библийӕ цавӕрдӕр хабӕрттӕ куыд ӕмбӕрстам, уым исты куы фӕивы, уӕд уыцы ивындзинӕдтӕ нӕ басусӕг кӕнӕм. Мах уыцы ивындзинӕдты тыххӕй ӕргом ныффысӕм. Зӕгъӕм, фен «Уточнение в понимании» нӕ публикациты онлайн индексы.