Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • ijwbq 140 статья
  • Чырысти Ирвӕзынгӕнӕг цы хуызы у?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Чырысти Ирвӕзынгӕнӕг цы хуызы у?
  • Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Дзуапп Библийӕ
  • Иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ, фервӕзыны ныфс кӕмӕн фӕзынд, уый дзы ӕнӕхай никуыуал фӕуыдзӕн. Цымӕ уый Библимӕ гӕсгӕ раст у?
    Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
  • Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Чырыстийыл ӕууӕндынц?
    Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй арӕхдӕр кӕй фӕдӕттынц, уыцы фарстатӕ
Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
ijwbq 140 статья
Чырыстийы алыварс алы адӕмыхӕттытӕй адӕм

Чырысти Ирвӕзынгӕнӕг цы хуызы у?

Дзуапп Библийӕ

Йесо йӕ цард кӕй радта, уый фӕрцы Хуыцауыл иузӕрдион адӕмӕн фервӕзыны фадат фӕзынд (Матфейы 20:28). Уымӕ гӕсгӕ Библи Чырыстийы хоны «дунейы Ирвӕзынгӕнӕг» (1 Иоанны 4:14). Стӕй ма дзы фыст ис: «Фервӕзӕн дӕр ӕндӕр никӕй фӕрцы ис, уымӕн ӕмӕ арвы бын Хуыцау ӕндӕр никӕмӕн радта ахӕм ном – ӕрмӕстдӕр уый фӕрцы фервӕздзыстӕм» (Хъуыддӕгтӕ 4:12).

Йесо Чырысти «мӕлӕт бавзӕрста алкӕй тыххӕй дӕр» – чидӕриддӕр ыл ӕууӕнды, уыдоны тыххӕй (Дзуттӕгтӕм 2:9; Иоанны 3:16). Уый фӕстӕ йӕ «Хуыцау мӕрдтӕй райгас кодта» ӕмӕ Чырысти уӕлӕрвтӕм аздӕхт (Хъуыддӕгтӕ 3:15). Ӕмӕ «Хуыцаумӕ... [Чырыстийы] фӕрцы чи ӕввахс кӕны, уыдоны йӕ бон у бынтондӕр фервӕзын кӕнын, уымӕн ӕмӕ алкӕддӕр ӕгас у ӕмӕ йӕ бон у уыдоны тыххӕй Хуыцауӕн лӕгъстӕ кӕнын» (Дзуттӕгтӕм 7:25).

Чырыстийы мах тыххӕй лӕгъстӕ кӕнын цӕмӕн хъӕуы?

Мах не ’ппӕт дӕр стӕм тӕригъӕдджын (Ромӕгтӕм 3:23). Тӕригъӕд мах ӕмӕ Хуыцауы ’хсӕн лӕууы цӕлхдуры хуызӕн; тӕригъӕд та фиды мӕлӕтӕй (Ромӕгтӕм 6:23). Фӕлӕ Чырысти у «ӕххуысгӕнӕг» кӕнӕ адвокат, йӕ цард мах тыххӕй кӕй радта, ууыл чи ӕууӕнды, уыдонӕн (1 Иоанны 2:1). Йесо уыдоны тыххӕй Хуыцауӕн лӕгъстӕ кӕны, цӕмӕй сын сӕ куывдтытӕ хъуса ӕмӕ сын сӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕна, йӕ цард нывондӕн кӕй радта, уый фӕрцы (Матфейы 1:21; Ромӕгтӕм 8:34). Хуыцау Чырыстийы лӕгъстӕтӕ хъусы, уымӕн ӕмӕ йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ сты. Хуыцау Чырыстийы зӕхмӕ рарвыста, «цӕмӕй дуне уый фӕрцы фервӕза» (Иоанны 3:17).

Цӕмӕй фервӕзӕм, уый тыххӕй Чырыстийыл ӕууӕндын фаг у?

Нӕ. Цӕмӕй фервӕзӕм, уый тыххӕй хъуамӕ Чырыстийыл ӕууӕндӕм, фӕлӕ уый фаг нӕу (Хъуыддӕгтӕ 16:30, 31). Библи дзуры: «Буар ӕнӕ улӕфтӕй мард куыд у, афтӕ уырнындзинад дӕр ӕнӕ хъуыддӕгтӕй мард у» (Иаковы 2:26). Цӕмӕй фервӕзӕм, уый тыххӕй хъуамӕ:

  • Базонӕм Чырыстийы ӕмӕ йӕ Фыд Йегъовӕйы тыххӕй (Иоанны 17:3).

  • Тынгдӕр сыл ӕууӕндӕм (Иоанны 12:44; 14:1).

  • Нӕ уырнындзинад ӕвдисӕм, сӕ фӕдзӕхстытӕм сын кӕй хъусӕм, уымӕй (Лукайы 6:46; 1 Иоанны 2:17). Чырысти загъта, «Хицау!» ӕм чи дзуры, уыдонӕй алчи кӕй нӕ фервӕздзӕн, фӕлӕ йӕ «уӕларвон Фыды фӕндон чи ӕххӕст кӕны», уыдон (Матфейы 7:21).

  • Кӕд зындзинӕдтӕ ӕвзарӕм, уӕддӕр нӕ уырнындзинад хъуамӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг уа. Чырысти бӕлвырд бамбарын кодта: «Кӕронмӕ фидар чи фӕлӕууа, уый фервӕздзӕн» (Матфейы 24:13).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын