Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • ijwhf 3 статья
  • Уарзондзинад куыд ӕвдисӕн ис

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Уарзондзинад куыд ӕвдисӕн ис
  • Ӕххуыс бинонтӕн
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Цы хъуамӕ зонай
  • Дӕ бон цы у аразын
  • «Ут ӕфсымӕруарзӕг кӕрӕдзимӕ, рӕвдаугӕйӕ»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2004
  • Бинонты цард. Уӕ амонд цӕмӕй кӕнгӕ у? Кӕрӕдзийӕн уӕ фӕлмӕн уарзт ма ’вгъау кӕнут
    Ӕххуыс бинонтӕн
  • Дарддӕр дӕр кӕрӕдзийы фӕлмӕн уарзтӕй уарзӕм
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2021
  • Чырыстон бинонтӕ амондджын цӕй фӕрцы уыдзысты?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2016
Фылдӕр фенын
Ӕххуыс бинонтӕн
ijwhf 3 статья
Лӕг йӕ бинойнаджы ӕрбахъӕбыс кодта

ӔХХУЫС БИНОНТӔН

Уарзондзинад куыд ӕвдисӕн ис

Бирӕ азты дӕргъы иумӕ чи фӕцӕры, ахӕм лӕгтӕ ӕмӕ устытӕй иуӕй-иутӕ кӕрӕдзи къаддӕр уарзын райдайынц. Кӕд сымах бинонтӕн дӕр сӕ хабар афтӕ у, уӕд уӕ уый хъуамӕ мӕты ӕфтауа?

  • Цы хъуамӕ зонай

  • Дӕ бон цы у аразын

Цы хъуамӕ зонай

Уарзондзинад ӕнӕмӕнг у, цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийыл ӕнувыд уой. Цӕмӕй адӕймаг ӕнӕниз уа, уый тыххӕй йӕ хӕринаг ӕмӕ дон куыд хъӕуы, афтӕ уарзондзинад дӕр ӕнӕмӕнг хъӕуы, цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийыл ӕнувыд уой. Лӕг ӕмӕ ус иумӕ бирӕ азты дӕргъы куы фӕцӕрынц, уӕддӕр сӕ дыууӕйы дӕр фӕфӕнды, цӕмӕй йын йӕ цардӕмбал ӕдзухдӕр ӕвдиса, тынг ӕй кӕй уарзы ӕмӕ йыл кӕй тыхсы.

Ӕцӕг уарзондзинад ӕрмӕст йӕхиуыл нӕ хъуыды кӕны. Ӕцӕг чи уарзы, уый фӕархайы, цӕмӕй иннӕ адӕймагӕн хуыздӕр уа. Уӕдӕ, йӕ цардӕмбалы чи уарзы, ахӕм адӕймаг йӕ уарзт, йӕхи кӕд фӕнда, ӕрмӕст уӕд не ’вдисдзӕн, фӕлӕ йӕ цардӕмбалы ӕнкъарӕнтыл хъуыды кӕндзӕн ӕмӕ архайдзӕн, цӕмӕй йӕ йӕ уарзтӕй цух ма уадза.

Сылгоймагмӕ йӕ сӕрыхицау йӕ уарзондзинад куыд февдисы, уый арӕхдӕр фагыл нӕ фӕнымайы. Гӕнӕн ис, ӕмӕ лӕг йӕ бинойнаджы тынг уарза. Фӕлӕ йӕм йӕ уарзондзинад, ӕрмӕст райсомӕй ӕмӕ изӕрӕй, йе та ӕмуат ӕрцӕуыны размӕ куы ’вдиса, уӕд йӕ бинойнаг дызӕрдыг кӕндзӕн, ӕцӕгдӕр ӕй уарзы ӕви нӕ. Хуыздӕр уыдзӕн, алы бон дӕр алыхуызон уавӕрты куы ӕвдиса йӕ уарзондзинад.

Дӕ бон цы у аразын

Дӕ уарзондзинады тыххӕй йын дзур. Дӕ цардӕмбалӕн ӕрмӕст афтӕ куы зӕгъай «ӕз дӕ уарзын» кӕнӕ «мын тынг зынаргъ дӕ», уӕд дӕр ын тынг ӕхсызгон уыдзӕн.

Библийы уынаффӕ: «Адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ йедзаг цӕмӕй вӕййы, дзургӕ дӕр уый фӕкӕны» (Матфейы 12:34).

Уынаффӕ. Дӕ уарзондзинады тыххӕй дӕ бон ӕрмӕст дзурын нӕу. Дӕ бон у уый тыххӕй запискӕйы кӕнӕ электронон почтӕйӕ ныффыссын, йе та йӕм СМС арвитын.

Дӕ уарзондзинад хъуыддагӕй ӕвдис. Дӕ цардӕмбалӕн «ӕз дӕ уарзын» куы зӕгъай ӕмӕ йын куы ахъӕбыс кӕнай, куы йын апъа кӕнай кӕнӕ йын йӕ къухыл куы хӕцай, уӕд ӕмбардзӕн, уыцы ныхӕстӕ дӕ зӕрдӕйӕ кӕй цӕуынц. Ӕцӕгӕй йыл кӕй тыхсыс, уый ма бӕрӕг уыдзӕн дӕ фӕлмӕн узӕлдӕй, дӕ уарзон цӕстӕнгасӕй, кӕнӕ йын ӕнӕнхъӕлӕджы исты куы балӕвар кӕнай, уымӕй. Дӕ бон ма у дӕ цардӕмбалӕн хъуыддагӕй ӕххуыс кӕнын, зӕгъӕм, йӕ хӕссинӕгтӕ йын ӕрбахӕссын, дуар ын бакӕнын, къустӕ ныхсын, дзаумӕттӕ ныхсын кӕнӕ хӕринаг скӕнын. Сылгоймӕгтӕй бирӕтӕ уыцы хъуыддӕгтӕ ӕрмӕст ӕххуысыл нӕ нымайынц, фӕлӕ сын уарзондзинадыл дзурӕг сты.

Библийы уагӕвӕрд: «Кӕрӕдзийы ӕрмӕст дзыхӕй, ныхӕстӕй ма уарзӕм, фӕлӕ хъуыддагӕй» (1 Иоанны 3:18).

Уынаффӕ. Дӕ цардӕмбалӕн аргъ кӕн, куы ӕмбӕлдыстут, уӕд ын куыд аргъ кодтай, афтӕ.

Кӕрӕдзийӕн-иу рӕстӕг ссарут. Уӕ рӕстӕг иумӕ куы ’рвитат, уӕд кӕрӕдзийыл ӕнувыддӕр уыдзыстут, ӕмӕ дӕ цардӕмбал ӕмбардзӕн, дӕ рӕстӕг йемӕ кӕй ӕрвитыс, уый дын ӕхсызгон кӕй у. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, кӕд уын сывӕллӕттӕ ис кӕнӕ уын бирӕ хъуыддӕгтӕ вӕййы, уӕд уын зын уыдзӕн алы бон дӕр кӕрӕдзийӕн рӕстӕг хицӕн кӕнын. Чи зоны, уӕ бон у уӕ хъуыддӕгтӕ афтӕ пълан кӕнын, цӕмӕй-иу арӕх иумӕ исты аразат, зӕгъӕм, тезгъо кӕнат – ӕрмӕст дыууӕйӕ.

Библийы уагӕвӕрд: «Ахсджиагдӕр цы у, уый сбӕлвырд кӕнут» (Филиппӕгтӕм 1:10).

Уынаффӕ. Иуӕй-иу бинонтӕ кӕд ӕнӕвдӕлон вӕййынц, уӕддӕр фӕархайынц, цӕмӕй-иу изӕрыгӕтты ӕмӕ улӕфгӕ бонты ӕдзух сӕ рӕстӕг иумӕ ӕрвитой, уарзӕттӕ иумӕ сӕ рӕстӕг куыд фервитынц, афтӕ.

Лӕг ӕмӕ ус рестораны бадынц

Дӕ цардӕмбалы хуыздӕр базон. Алы адӕймаг дӕр, йӕ цардӕмбал ӕй куыд хъуамӕ уарза, уый фӕдыл алыхуызон хъуыды кӕны. Иумӕ ныхас кӕнут, цӕмӕй базонат, алкӕй дӕр уӕ куыд фӕнды, цӕмӕй йӕм иннӕ йӕ уарзондзинад ӕвдиса, ӕмӕ уӕ алчидӕр цы аразы, уымӕй иннӕ разы у ӕви нӕ. Стӕй архай, дӕ цардӕмбалы куыд фӕнды, афтӕ. Уӕ зӕрдыл дарут: уарзондзинад ӕнӕмӕнг у, цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийыл ӕнувыд уой.

Библийы уагӕвӕрд: «Уарзондзинад... йӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл нӕ хъуыды кӕны» (1 Коринфӕгтӕм 13:4, 5).

Уынаффӕ. Дӕ цардӕмбалӕй ма дом, цӕмӕй дӕ уарза. Фӕлтау ахъуыды кӕн: «Цы аразын, цӕмӕй мӕ мӕ цардӕмбал тынгдӕр уарза?»

Дуглас ӕмӕ Дебрӕ

«Рӕстӕг куыд цыди, афтӕ сахуыр дӕн, цӕмӕй мын сӕйрагдӕр мауал уыдаид, ӕрмӕст мӕхи цы хъуыди ӕмӕ мӕ цы фӕндыди, уый. Уый бӕсты тынгдӕр аргъ кӕнын райдыдтон, мӕ сӕрыхицау нӕ бинонтӕн цы арӕзта, уымӕн. Ӕмӕ йӕ бамбӕрстон, цас тынгдӕр ӕм ӕвдыстон мӕ уарзондзинад, уыйас мӕ тынгдӕр кӕй уарзта уый дӕр» (Дебрӕ йӕ сӕрыхицау Дугласимӕ).

Арон ӕмӕ Флави

«Мах архайӕм, цӕмӕй ма рох кӕнӕм, нӕ кӕрӕдзийы цы фӕнды, уый. Зӕгъӕм, мӕ сӕрыхицау уарзы, мӕн тыххӕй цы аразы, уый тыххӕй йын бузныг куы фӕзӕгъын. Уый йын ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕ уарзын ӕмӕ йыл тыхсын. Ӕз та уарзын, куы мӕ фӕфӕрсы, мӕ зӕрдӕйы цы ис, уымӕй. Уый мын ууыл дзурӕг, ӕмӕ мӕ уарзы ӕмӕ мыл тыхсы» (Флави йӕ сӕрыхицау Аронимӕ).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын