Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • ijwbq 155 статья
  • Библи дӕттыны тыххӕй цы дзуры?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Библи дӕттыны тыххӕй цы дзуры?
  • Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Дзуапп Библийӕ
  • Кӕй дӕттӕм, уый Хуыцауӕн ӕхсызгон кӕд вӕййы?
  • Кӕй дӕттӕм, уый Хуыцауӕн ӕхсызгон кӕд нӕ вӕййы?
  • «Хуыцау, зӕрдиагӕй чи дӕтты, уый уарзы»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
  • Хорздзинад аразын у арфӕйаг хъуыддаг
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2017
  • Рӕдау адӕймаг – амондджын адӕймаг
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2018
  • Ӕппӕты хуыздӕр лӕвар агургӕйӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2017
Фылдӕр фенын
Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
ijwbq 155 статья
Адӕймаджы къухты лӕвар

Библи дӕттыны тыххӕй цы дзуры?

Дзуапп Библийӕ

Библи адӕмы разӕнгард кӕны, цӕмӕй иннӕтӕн дӕттой барвӕндонӕй ӕмӕ раст зӕрдӕйы уагимӕ. Ахӕм зӕрдӕйӕ куы фӕдӕттынц, уӕд уый пайда вӕййы, кӕмӕн дӕттынц, ӕрмӕст уымӕн нӕ, фӕлӕ чи дӕтты, уымӕн дӕр (Ӕмбисӕндтӕ 11:25; Лукайы 6:38). Чырысти загъта: «Райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг у» (Хъуыддӕгтӕ 20:35).

  • Кӕй дӕттӕм, уый Хуыцауӕн ӕхсызгон кӕд вӕййы?

  • Кӕй дӕттӕм, уый Хуыцауӕн ӕхсызгон кӕд нӕ вӕййы?

  • Библийы стихтӕ дӕттыны тыххӕй

Кӕй дӕттӕм, уый Хуыцауӕн ӕхсызгон кӕд вӕййы?

Адӕймаг цыдӕр барвӕндонӕй куы фӕдӕтты, уӕд Хуыцауӕн ӕхсызгон вӕййы. Библи зӕгъы: «Уӕдӕ алчидӕр кӕнӕд, йӕхицӕн куыд загъта, афтӕ – мацы кӕнӕд ӕвӕндонӕй кӕнӕ тыххӕй кӕнӕгау, уымӕн ӕмӕ Хуыцау, зӕрдиагӕй чи дӕтты, уый уарзы» (2 Коринфӕгтӕм 9:7).

Хуыцауӕн, куыд ӕмбӕлы, афтӕ чи лӕггад кӕны, уыдон ӕппӕт зӕрдӕйӕ фӕдӕттынц (Иаковы 1:27). Ӕххуысхъуаг чи у, уыдонӕн рӕдауӕй чи дӕтты, уый Хуыцауимӕ ӕмгуыст кӕны. Ӕмӕ уыцы хорз хъуыддагмӕ Хуыцау ахӕм цӕстӕй кӕсы, цыма йын адӕймаг йӕхицӕн ӕфстау радта (Ӕмбисӕндтӕ 19:17). Библийы фыст ис, чи дӕтты, уымӕн Хуыцау йӕ хорздзинад кӕй бафиддзӕн (Лукайы 14:12–14).

Кӕй дӕттӕм, уый Хуыцауӕн ӕхсызгон кӕд нӕ вӕййы?

Адӕймаг йӕхи пайдайыл куы фӕхъуыды кӕны. Зӕгъӕм:

  • Цӕмӕй дзы адӕм раппӕлой (Матфейы 6:2).

  • Цӕмӕй йын йӕхицӕн дӕр цыдӕр раттой (Лукайы 14:12–14).

  • Цӕмӕй Хуыцауы зӕрдӕ балхӕна ӕмӕ ӕнустӕм цӕра (Псалом 49:6, 7).

Хуыцау кӕй ныхмӕ у, уыцы хъуыддӕгтӕ кӕнынӕн куы ӕххуыс кӕнӕм. Зӕгъӕм, ӕхцайыл чи хъазы кӕнӕ наркотиктӕ чи кӕны, йе та фыднозт чи кӕны, уыдонӕн ӕхца дӕттын хорз нӕ уыдзӕн (1 Коринфӕгтӕм 6:9, 10; 2 Коринфӕгтӕм 7:1). Кӕнӕ раст нӕ уыдзӕн, йӕ бон кусын кӕмӕн у, фӕлӕ кӕй нӕ фӕнды, ахӕм адӕймагӕн ӕхца дӕттын (2 Фессалоникӕгтӕм 3:10).

Иннӕтӕн бирӕ куы дӕттай, дӕхи бинонтӕ та ӕххуысхъуаг куы уой. Библи зӕгъы, бинонты хистӕр йӕ бинонтыл кӕй хъуамӕ тыхса ӕмӕ сӕ дара (1 Тимофеймӕ 5:8). Раст нӕ уаид, бинонты хистӕр иннӕтӕн бирӕ куы дӕттид, ӕмӕ уый тыххӕй йӕ бинонтӕ цух куы ӕййафиккой. Чырысти бауайдзӕф кодта, йӕ ацӕргӕ ныййарджытӕн чи не ’ххуыс кодта, уыцы адӕмӕн, кӕд ӕмӕ афтӕ дзырдтой, ӕмӕ сӕм цы ис, уый «Хуыцауӕн нывонд» у (Марчы 7:9–13).

Библийы стихтӕ дӕттыны тыххӕй

Ӕмбисӕндтӕ 11:25 стих: «Рӕдау адӕймаг бафсӕддзӕн хорздзинӕдтӕй, ӕмӕ иннӕтӕн дон чи нӕ хӕлӕг кӕны, уымӕн ӕй йӕхицӕн дӕр нӕ бахӕлӕг кӕндзысты».

Йӕ хъуыды. Дӕттын пайда у, кӕмӕн дӕттынц, ӕрмӕст уымӕн нӕ, фӕлӕ чи дӕтты, уымӕн дӕр.

Ӕмбисӕндтӕ 19:17 стих: «Мӕгуырӕн чи ӕххуыс кӕны, уыцы адӕймаг ӕфстау дӕтты Йегъовӕйӕн, ӕмӕ йын уый бафиддзӕн йӕ хорздзинад».

Йӕ хъуыды. Ӕххуысхъуаг адӕймагӕн чи баххуыс кӕны, уыдоны раз Хуыцау йӕхи хӕсджыныл фӕнымайы ӕмӕ сын зӕрдӕ ӕвӕры, рӕдауӕй сын кӕй арфӕ кӕндзӕн.

Матфейы 6:2 стих: «Мӕгуыртӕн куы ӕххуыс кӕнай, уӕд ӕй адӕмыл ма ныхъхъӕр кӕн – афтӕ фӕкӕнынц цӕстмӕхъустӕ... цӕмӕй адӕм сӕ хорзы кой кӕной».

Йӕ хъуыды. Хъуамӕ уый тыххӕй ма дӕттӕм, цӕмӕй иннӕты ӕргом нӕхимӕ здахӕм.

Хъуыддӕгтӕ 20:35 стих: «Райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг у».

Йӕ хъуыды. Зӕрдиагӕй ӕмӕ рӕдауӕй чи фӕдӕтты, уый зӕрдӕрухс вӕййы.

2 Коринфӕгтӕм 9:7 стих: «Уӕдӕ алчидӕр кӕнӕд, йӕхицӕн куыд загъта, афтӕ – мацы кӕнӕд ӕвӕндонӕй кӕнӕ тыххӕй кӕнӕгау, уымӕн ӕмӕ Хуыцау, зӕрдиагӕй чи дӕтты, уый уарзы».

Йӕ хъуыды. Хуыцауӕн ӕхсызгон вӕййы, адӕймаг цыдӕр барвӕндонӕй куы фӕдӕтты.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын