БИБЛИЙЫ СТИХТӔН СӔ ХЪУЫДЫ
Исай 41:10. «Ма тӕрс, уымӕн ӕмӕ ӕз демӕ дӕн»
«Ма тӕрс, уымӕн ӕмӕ ӕз демӕ дӕн. Тарст ракӕс-бакӕс ма кӕн, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕ Хуыцау дӕн. Ӕз дӕ сфидар кӕндзынӕн. Ӕз дын баххуыс кӕндзынӕн. Ӕз дыл фидар хӕцдзынӕн мӕ рахиз къухӕй, рӕстдзинады къухӕй» (Исай 41:10, «Ног Дунейы тӕлмац»).
«Тӕрсгӕ ма кӕнут, Ӕз уемӕ дӕн! Уӕ зӕрдӕ мацӕмӕ ӕхсайӕд, уымӕн ӕмӕ Ӕз уӕ Хуыцау дӕн! Уӕ зӕрдӕйы уын бауадздзынӕн ныфс, баххуыс уын кӕндзынӕн ӕмӕ уӕ бахъахъхъӕндзынӕн Мӕ хъомысджын къухӕй» (Исай 41:10, «Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ», 2022 аз).
Исайы 41:10 стихӕн йӕ хъуыды
Йегъовӕa Хуыцау йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн зӕрдӕ ӕвӕры, цыфӕнды зын уавӕрты дӕр сын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн.
«Ӕз демӕ дӕн». Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн ӕмбарын кӕны, цӕуылнӕ хъуамӕ тӕрсой – уыдон иунӕг не сты. Зындзинӕдтӕ кӕй ӕвзарынц, уый уыны ӕмӕ сын сӕ куывдтытӕ хъусы, раст цыма сӕ фарсмӕ ис, афтӕ (Псалом 34:15; 1 Петры 3:12).
«Ӕз дӕ Хуыцау дӕн». Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн дзуры, сӕ Хуыцау кӕй у ӕмӕ сӕ йӕ лӕггадгӕнджытыл кӕй нымайы. Уыдон ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнынц, цыфӕнды уавӕры ма уой, уӕддӕр Хуыцауы кӕй ницы бахъыгдардзӕн, цӕмӕй сын баххуыс кӕна (Псалом 118:6; Ромӕгтӕм 8:32; Дзуттӕгтӕм 13:6).
«Ӕз дӕ сфидар кӕндзынӕн. Ӕз дын баххуыс кӕндзынӕн. Ӕз дыл фидар хӕцдзынӕн мӕ рахиз къухӕй, рӕстдзинады къухӕй». Йегъовӕ уыцы иу хъуыды ӕртӕ хатты загъта, цӕмӕй бамбарын кодтаид, йӕ лӕггадгӕнджытӕн ӕнӕмӕнг кӕй ӕххуыс кӕндзӕн. Афтӕ кӕй загъта, мӕ рахиз къухӕй дыл хӕцдзынӕн, зӕгъгӕ, уымӕй равдыста, йӕ адӕмы ӕххуыс куы хъӕуа, уӕд куыд кӕндзӕн, уый. Йӕ адӕмӕй исчи куы ахауа, уӕд ӕм йӕ рахиз къух бадардзӕн, цӕмӕй йыл схӕца (Исай 41:13).
Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджыты фидар кӕны ӕмӕ сын ӕххуыс кӕны сӕйраджыдӕр Библийы уылты (Йесо Навин 1:8; Дзуттӕгтӕм 4:12). Библийы ис хорз уынаффӕтӕ, алыхуызон зындзинӕдтыл чи ’мбӕлы, уыдонӕн, зӕгъӕм, мӕгуыр чи у, рынчын чи у кӕнӕ, зиан кӕуыл ӕрцыд, уыдонӕн (Ӕмбисӕндтӕ 2:6, 7). Хуыцауӕн ма йӕ бон у йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы, кӕнӕ йӕ архайгӕ тыхы фӕрцы, йӕ лӕггадгӕнджытӕн ӕххуыс кӕнын. Фӕлварӕнты ӕмӕ зындзинӕдты рӕстӕг сыгъдӕг тыхы фӕрцы йӕ лӕггадгӕнджытӕ ӕмбаргӕйӕ фӕархайынц ӕмӕ сӕ ныфс нӕ асӕтты (Исай 40:29; Лукайы 11:13).
Исайы 41:10 стихӕн йӕ контекст
Ацы ныхӕстӕ ныфсы хос уыдысты, фӕстӕдӕр Вавилоны уацары кӕй акодтой, уыцы дзуттӕгтӕн. Йегъовӕ рагацау загъта, дзуттӕгтӕ Вавилоны уацарӕй куы ссӕрибар уой, уымӕ бирӕ куы нал хъӕуа, уӕд кӕй хъусдзысты ахӕм хабӕрттӕ, зӕгъгӕ, знӕгтӕ хӕстӕг адӕмтӕм ӕрбабырсдзысты ӕмӕ Вавилон ныппырх кӕндзысты (Исай 41:2–4; 44:1–4). Уыцы хабӕрттӕ тас ӕфтаудзысты Вавилоны цӕрджытыл ӕмӕ иннӕ адӕмтыл. Фӕлӕ дзуттӕгты нӕ хъуыд тӕрсын, уымӕн ӕмӕ сӕ Йегъовӕ бахъахъхъӕдтаид. Уый тыххӕй сын ӕртӕ хатты загъта, «ма тӕрс», зӕгъгӕ (Исай 41:5, 6, 10, 13, 14).
Исайы 41:10 стихы ныхӕстӕ Йегъовӕ ныффыссын кодта, Вавилоны уацары чи уыд, уыцы иузӕрдион дзуттӕгтӕм. Фӕлӕ ма абон дӕр ныфсы хос сты йӕ лӕггадгӕнджытӕй алкӕмӕн дӕр (Исай 40:8; Ромӕгтӕм 15:4). Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн раджы заманты куыд ӕххуыс кодта, афтӕ сын ӕххуыс кӕны абон дӕр.
Бакӕс Исайы 41 сӕр фиппаинӕгтимӕ ӕмӕ уӕлӕмхасӕн стихтимӕ.
a Йегъовӕ у Хуыцауы ном (Псалом 83:18).