Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • ijwbv 60 статья
  • Ӕмбисӕндтӕ 17:17. «Ӕмбал алкӕддӕр уарзы»

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Ӕмбисӕндтӕ 17:17. «Ӕмбал алкӕддӕр уарзы»
  • Библийы стихтӕн сӕ хъуыды
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Ӕмбисӕндтӕ 17:17 стихӕн йӕ хъуыды
  • Ӕмбисӕндтӕ 17:17 стихӕн йӕ контекст
  • Хуыцау дӕ хоны, цӕмӕй йӕ хӕлар суай
    Дӕ бон у, ӕмӕ Хуыцауы хӕлар уай!
  • Дӕ бон у, ӕмӕ Йегъовӕйы хӕлар уай
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
  • Куыд хъуыды кӕныс?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2018
  • Хорз ӕмбӕлттӕ куыд ссарӕн ис?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
Библийы стихтӕн сӕ хъуыды
ijwbv 60 статья

БИБЛИЙЫ СТИХТӔН СӔ ХЪУЫДЫ

Ӕмбисӕндтӕ 17:17. «Ӕмбал алкӕддӕр уарзы»

«Ӕцӕг ӕмбал алкӕддӕр уарзы. Уый у, зын сахат адӕймаджы фарсмӕ ӕрбалӕууынӕн чи райгуыры, ахӕм ӕфсымӕр» (Ӕмбисӕндтӕ 17:17, «Ног Дунейы тӕлмац»).

«Ӕрдхорд кӕддӕриддӕр демӕ ис; ӕфсымӕр та уымӕн райгуыры, цӕмӕй фыд заманы дӕ разы уа» (Ӕмбисӕндтӕ 17:17, «Библи. Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ», 2022 аз).

Ӕмбисӕндтӕ 17:17 стихӕн йӕ хъуыды

Ӕцӕг ӕмбалыл нӕ бон вӕййы ӕууӕндын, адӕймаг йӕ хӕрз хо кӕнӕ йӕ хӕрз ӕфсымӕрыл куыд феууӕнды, афтӕ. Ӕцӕг ӕмбал вӕййы иузӕрдион ӕмӕ уайтагъд ӕххуысмӕ фӕзыны, уӕлдайдӕр та зын рӕстӕг.

«Ӕцӕг ӕмбал алкӕддӕр уарзы». Ацы ныхӕстӕ ма ратӕлмац кӕнӕн ис афтӕ: «Ӕмбӕлттӕ сӕ уарзондзинад алкӕддӕр хъуыддагӕй февдисынц». Дзуттаг дзырд «уарзт» ам ӕрмӕст ӕнкъарӕнтӕм нӕ амоны. Уый у ӕнӕхин, удуӕлдай уарзт ӕмӕ бӕрӕг вӕййы хъуыддӕгтӕй (1 Коринфӕгтӕм 13:4–7). Кӕрӕдзи чи уарзы, ахӕм ӕмбӕлттӕ кӕрӕдзийыл иузӕрдионӕй баззайынц, зӕгъӕм, кӕрӕдзи куы нӕ бамбарынц кӕнӕ зындзинӕдтӕ куы февзарынц, уӕд дӕр. Кӕрӕдзийӕн хатыр кӕнынмӕ цӕттӕ вӕййынц (Ӕмбисӕндтӕ 10:12). Иуӕн дзы исты куы бантысы, уӕд ӕм иннӕ нӕ фӕхӕлӕг кӕны, фӕлӕ йемӕ фӕцин кӕны (Ромӕгтӕм 12:15).

«Ӕцӕг ӕмбал... у, зын сахат адӕймаджы фарсмӕ ӕрбалӕууынӕн чи райгуыры, ахӕм ӕфсымӕр». Ацы стих ӕмбарын кӕны, иу мады зӕнӕг кӕрӕдзийыл арӕхдӕр куыд ӕнувыд вӕййынц, уый. Ӕмӕ мах дӕр нӕ хорз ӕмбалӕн зын рӕстӕг йӕ фарсмӕ куы балӕууӕм ӕмӕ, нӕ бон цы у, уый куы фӕаразӕм, уӕд ын хӕрз ӕфсымӕры хуызӕн вӕййӕм. Зындзинӕдты сӕрты иумӕ чи ахизы, уыцы ӕмбӕлттӕ кӕрӕдзийыл ноджы ӕнувыддӕр свӕййынц, кӕрӕдзи тынгдӕр фӕуарзынц ӕмӕ кӕрӕдзийӕн тынгдӕр фӕаргъ кӕнынц.

Ӕмбисӕндтӕ 17:17 стихӕн йӕ контекст

Ӕмбисӕндты чиныджы цыбыртӕй фыст ис, адӕймаджы хъуыдытыл чи бафтауы, бирӕ ахӕм хорз хъуыдытӕ ӕмӕ уынаффӕтӕ. Чиныгӕн йӕ фылдӕр хай ныффыста паддзах Соломон. Ныффыста йӕ, дзуттаг ӕмдзӕвгӕтӕ куыд фыстой, афтӕ. Ома дзы рифмӕ нӕ вӕййы, фӕлӕ иу хъуыды иннӕйы тыхджындӕр фӕкӕны кӕнӕ хъуыдытӕ вӕййынц ныхмӕвӕрд. Зӕгъӕм, Ӕмбисӕндтӕ 17:17 стихы дыккаг хай тыхджындӕр кӕны, фыццаг хайы цы хъуыды ис, уый. Ӕмбисӕндтӕ 18:24 стихы та хъуыдытӕ ныхмӕвӕрд сты: «Ис ахӕм лымӕнтӕ, ӕмӕ цӕттӕ вӕййынц кӕрӕдзи аскъуыдтӕ кӕнынмӕ дӕр. Фӕлӕ вӕййы ахӕм ӕмбал, ӕмӕ вӕййы ӕфсымӕрӕй ӕнувыддӕр».

Соломон Ӕмбисӕндтӕ 17:17 стихы ныхӕстӕ куы фыста, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кодта, йӕ фыд Давид ӕмӕ паддзах Саулы фырт Ионафан хорз ӕмбӕлттӕ кӕй уыдысты, ууыл (1 Самуилы 13:16; 18:1; 19:1–3; 20:30–34, 41, 42; 23:16–18). Кӕд Давид ӕмӕ Ионафан хӕрз ӕфсымӕртӕ нӕ уыдысты, уӕддӕр кӕрӕдзийыл ӕфсымӕртӕй ӕнувыддӕр уыдысты. Ионафан йе ’рыгон ӕмбалы тыххӕй йӕ цард тӕссаг уавӕры дӕр ӕппӕрстаa.

Ионафан ӕмӕ Давид лӕгӕтмӕ бахизӕны бадынц. Ионафан Давиды фидар кӕны.

Бакӕс ацы цыбыр видеороликмӕ ӕмӕ базон, Ӕмбисӕндты чиныджы дзырд цӕуыл цӕуы, уый.

a Кӕс статья «Зӕрдӕйӕн... адджын сси».

Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 17 сӕр «Учебная Библия»-йы фиппаинӕгтӕ ӕмӕ уӕлӕмхасӕн стихтимӕ.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын