Фиппаинаг
a Ӕнӕдызӕрдыгӕй бӕлвырд у, Дзуттаг Фыстыты чингуытӕ, уыдонимӕ Исайы чиныг дӕр, нӕ эрӕйы I ӕнусӕй бирӕ раздӕр фыст кӕй ӕрцыдысты. Историк Иосиф Флавий (нӕ эрӕйы I ӕнус) бафиппайдта, Дзуттаг Фыстыты къанон йӕ бонтӕй бирӕ раздӕр кӕй уыд бӕрӕг8. Уыимӕ ма грекъаг Септуагинтӕ, Дзуттаг Фыстыты тӕлмац грекъаг ӕвзагмӕ, райдыдтой нӕ эрӕйы агъоммӕ III ӕнусы ӕмӕ йӕ фесты нӕ эрӕйы агъоммӕ II ӕнусмӕ.