Фиппаинаг
a Гӕнӕн ис, ӕмӕ иу чырыстон иннӕйы ныхмӕ уӕззау фыдракӕнд сараза (фӕлӕ ахӕм хабӕрттӕ тынг стӕм хатт вӕййынц), зӕгъӕм, тыхми кӕнӕ йын исты фыдми бакӕна, стыр исты дзы адава кӕнӕ йӕ амара. Ахӕм уавӕрты чырыстӕттӕ пъӕлицӕмӕ куы бахъаст кӕной, уӕд уый, чырыстонӕн чи не ’мбӕлы, ахӕм хъуыддагыл нымад нӕ уыдзӕн, кӕуыл бахъаст кӕной, уымӕн йӕ хъуыддаг слестгӕнджытӕ куы ’взарой кӕнӕ йын тӕрхондоны куы тӕрхон кӕной, уӕддӕр.