Фиппаинаг
b Иаков ӕфсымӕртӕн сӕ хъус ӕрдардта, Моисей ӕрмӕст Закъон кӕй нӕ ныффыста, фӕлӕ, Закъон куы нӕма фӕзынд, уӕд Хуыцау адӕмимӕ куыд архайдта ӕмӕ йӕ фӕндон цы уыди, уый тыххӕй дӕр. Зӕгъӕм, Хуыцау тугмӕ, хӕтындзинадмӕ ӕмӕ мӕнг хуыцӕуттӕм кувынмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый тыххӕй бӕлвырд фыст ис Райдианы чиныджы (Райд. 9:3, 4; 20:2–9; 35:2, 4). Афтӕмӕй Йегъовӕ равдыста, уыцы уагӕвӕрдтӕ кӕй хауынц ӕппӕт адӕммӕ дӕр, дзуттӕгтӕ уой ӕви нӕ, уӕддӕр.