Фиппаинаг
b Сунӕт кӕныны тыххӕй бадзырд, Хуыцау Авраамимӕ йӕ байзӕддаджы тыххӕй цы бадзырд скодта, уымӕ нӕ хауы. Уыцы бадзырд йӕ тыхы бацыд н. э. размӕ 1943 азы, Авраам (уӕд нырма хуынди Аврам) Евфраты фаллаг фарсмӕ куы ахызт ӕмӕ Ханаанмӕ куы араст, уӕд, ӕмӕ абоны онг дӕр йӕ тыхы ис. Авраамыл уӕд цыди 75 азы. Сунӕт кӕныны тыххӕй бадзырд та Хуыцау йемӕ скодта фӕстӕдӕр, н. э. размӕ 1919 азы. Уӕд Авраамыл цыди 99 азы (Райд. 12:1–8; 17:1, 9–14; Гал. 3:17).