Фиппаинаг
a Ацы ныхӕстӕ Йегъовӕ загъта, Израилы дӕсмыггаг паддзахадӕй чи уыд, уыдонӕн. Йереми сӕм ацы ныхӕстӕ куы фӕхӕццӕ кодта, уӕдмӕ уыдон 100 азы бӕрц уыдысты уацары. Пехуымпар уыдта, кӕд уыйбӕрц рӕстӕг рацыд, уӕддӕр уыцы адӕм не ’рфӕсмон кодтой (2 Пад. 17:16–18, 24, 34, 35). Фӕлӕ уӕддӕр израилӕгтӕй алкӕмӕн дӕр уый фадат уыди, цӕмӕй Хуыцауы хорзӕх ссардтаид ӕмӕ ма йӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ дӕр ӕрыздӕхтаид.