Фиппаинаг
b Руфӕн йӕ райгуырӕн бӕстӕйы ахӕм закъон уӕвгӕ дӕр нӕ уыд, ӕмӕ йӕм диссаг куыннӕ фӕкастаид. Раджы заманты Ӕввахс Скӕсӕны идӕдз сылгоймӕгты ницӕмӕ дардтой. Иу чиныджы фыст ис: «Сылгоймагӕн-иу йӕ лӕг куы амард, уӕд-иу ӕй йӕ фырттӕ дардтой. Фырт ын куы нӕ уыдаид, уӕд та-иу хъуамӕ йӕхи искӕмӕн ауӕй кодтаид ӕмӕ йӕ цагъар суыдаид кӕнӕ-иу хъуамӕ хӕтыдаид, ӕмӕ йӕхи афтӕмӕй дардтаид. Кӕд нӕ, уӕд та йын амӕлын йеддӕмӕ ӕндӕр хос нӕ уыд».