Фиппаинаг
b Ионӕ куыд тарф фынӕй баци, уый равдисынӕн ма Септуагинтӕйы бафтыдтой, хуыр-хуыр дӕр кӕй кодта. Фӕлӕ кӕй бафынӕй, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ, йӕ алыварс цытӕ цыд, уый йӕм нымады дӕр нӕ уыд. Иуӕй-иу хатт афтӕ вӕййы, ӕмӕ адӕймаг йӕхимӕ тынг куы ныхъхъусы, уӕд ӕй хуыссӕг йӕ быны скӕны. Зӕгъӕм, Йесо йӕ мӕлӕты размӕ Гефсиманийы дыргъдоны хъуырдухӕн кӕнгӕйӕ Хуыцаумӕ куы куывта, уӕд Петр, Иаков ӕмӕ Иоанныл, «маствӕллад кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ... хуыссӕг фӕтых» (Лук. 22:45).